2-æм декабры уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Ра-бадты хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты райдианы Хъуылымбегты Доменти фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы азæн Инвестпрограммæйы объектты арæзтад аккагæй фæуыны тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ алчидæр хорз æмбары æппæт объекттæ дæр æмгъуыдмæ эксплуатацимæ лæвæрд кæй хъуамæ æрцæуой.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардæн хæслæвæрд уыд, цæмæй контроль кæна газнымайæнтæй пайда кæнынæн чи нал бæззынц, уыдоны баивыны, афтæ ма ног газнымайæнтæ сæвæрыныл.

Банысангонд министрады сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Сергей штабы хайадисджытæн куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн ивд æрцыдысты 100  газнымайæнæй фылдæр, баззадис ма дзы 25 абонентæн сæвæрын. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы газнымайæнтæ дæр сты закъазгонд æмæ сæ тагъд рæстæджы райсдзысты.

Хицауады Сæрдары фарстæн, зæгъгæ, цæмæн бахъуыдис газнымайæнтæ баивыны æнæмæнгхъæуындзинад, Гаглойы фырт банысан кодта, зæгъгæ, раздæр уыдон æвæрд цыдысты æнæ фильтртæй æмæ уый та уыд се ‘вæрыны фæтк гуымир æгъдауæй халын. Уый ма æрдзырдта Тельманы уынджы арæзтцæуæг 10 фатерон цæрæн хæдзары æнæ-закъонæй æрцæрыны æмæ сын закъоны бындурыл фатертæ радтын сифтонг кæныны фарстыл. Гаглойы фырт куыд загъта, афтæмæй ацы фарсты фæдыл ныхас кодта мидхъуыддæгты горæтон хайады хистæримæ æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй æппæт арæзтадон куыстытæ фæуынæй 3-4 боны раздæр хæдзар иумæ хъахъхъæд цæуа.

Æмбырды дзырд цыд Паддзахадон драмон театры бæстыхайы раз фонтаны проекты фæдыл бадзырд тагъддæр саразыны æмæ фæзуаты дизаинмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл куыстытæ фæуыны фарстытыл.

Хицауады Сæрдар арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Эверест»-ы минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй ацы куыстытæ фæуой 25 декабрмæ æмæ горæты администрацийæн фадат уа, фæзуаты Ногазон зазбæлас сæвæрынæн. Уый ма Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн бахæс кодта, цæмæй контроль кæна æндидзынгæнæн куыстыты хайадисæг æппæт арæзтадон организацитыл, хъæуæг документтæ афоныл аразыны фæдыл. Йæ раныхасы ма уый банысан кодта, зæгъгæ: «сымах хъуамæ активондæр кæнат æмæ контроль кæнат Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг æппæт объекттыл дæр».

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты – университетон комплекс, медицинон кластеры, уынгты, горæты центры парчы æмæ æндæрты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уыдæттыл æруынаффæ кæныны фæстæ Хицауады Сæрдар æрсидт алкæмæ дæр, цæмæй азы кæронмæ фæуой бакæнинаг ма сын цы куыстытæ баззадысты, уыдон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.