IBF æмæ WBA-йы верситæм гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Муратæн традицион ссис йæ алы тохы фæстæ дæр Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, республикæйы цæрджытимæ фембæлын æмæ сын йæ архайды тыххæй радзурын. Ирыстоны, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындзæн, кæцы нæ каст Мурат æмæ кубæйаг боксер Юниер Дортикосы тохмæ. Хуссарирыстойнаг цæрджытæн Гассийы фырты уæлахиз æгæрон æхсызгондзинад кæй æрхаста, уымæ гæсгæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон боксеры æрцыдмæ æмæ йемæ фембæлынмæ. Мурат та Хуссар Ирыстонмæ æрцыд йæ тренер Сланты Витали æмæ цы проумотерон компаниимæ кусы, уый Урал-Бокс Промоушены директор Алексей Васильевимæ. Цытджын уазджытыл тъунелы раз фембæлдысты фæсивæды минæвæрттæ. Дзауы поселочы та сыл цæрджытæ сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ, ома, æртæ уæливых æмæ нуазæнимæ. Æрæмбырдуæвджыты номæй сын раарфæ кодта зындгонд чиныг «Осетия и осетины»-йы автор Челехсаты Хъазбег. Гасситы Муратæн балæвар кодтой æртыкъахыг фынг. Йæ номыл арæзт æрцыд чысыл концерт. Ахуырдзаутæ бакастысты Юниер Дортикосимæ тохы тыххæй фыст æмдзæвгæтæ.

Дарддæр боксы стъалы йæ тренер æмæ менеджеримæ сæ фæндаг акодтой республикæйы столицæмæ. Ам сæм Театралон фæзуаты, цыран æвæрд æрцыд ринг, æнхъæлмæ кастысты сæдæгай спортуарзджытæ. Фæлæ уал цытджын уазджыты йæхимæ райста Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ РХИ-йы Боксы федерацийы президент Уалыты Альберт.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Мурат йæ уæлахизæй ноджы æрбангом кодта æппæт  ирон адæмы.

«Æппæт Ирыстоны адæм Мураты тохмæ кæнæ телевизормæ кастысты, кæнæ та Сочимæ ацыдысты. Мах иууылдæр æнхъæлмæ кастыстæм дæ уæлахизмæ æмæ нын æй балæвар кодтай. Стырæй чысылæй сæрыстыр стæм дæуæй. Уый тыххæй мæхи æмæ адæмы номæй стыр бузныг дзурын дæуæн, дæ тренер Сланты Витали, проумотерон компани «Урал Бокс Промоушен»-ы сæргълæууæг Евгени Вайнштейнæн, бузныг тренер Абель Санчесæн», – загъта Президент.

Йæ рады Гасситы Мурат стыр бузныг загъта Бибылты Анатолийæн Сочийы йæ тохмæ кæй æрбацыд, уый тыххæй.

«Бузныг рæстæг кæй ссардтай Сочимæ æрцæуынæн дæ куысты æнгом графикмæ нæ кæсгæйæ. Бузныг зæгъын спортуарзджытæн дæр, кæцытæ уæззау цардмæ нæ кæсгæйæ ссардтой финансон фæрæзтæ се’мзæххоны фарсмæ балæууыны тыххæй. Мæнæн уый уыд æнæмæнгхъæуæг. Уый мын радта уæлæмхас тыхтæ. Хуыцау зæгъæт, æмæ сын дарддæр дæр  мæ уæлахизтæй цы рухс кæнон сæ зæрдæтæ», – банысан кодта  Гасситы Мурат.

Президент ма куыд загъта, афтæмæй Мураты тыххæй куывтой æппæт Ирыстоны адæм, иу къорд спортуарзæджы та схызтысты Брытъаты Чъырын дзуармæ æмæ йын уым ракуывтой. Сланты Витали куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæм тохы размæ рарвыстой, уырдæм цы кувинæгтæ схастой, уыдон.

Дарддæр Президент æмæ цытджын уазджытæ ацыдысты Театралон фæзуатмæ, цыран Мураты номыл уæдмæ арæзт æрцыд концерт.

Паддзахады сæргълæууæг йæ раныхасы загъта, Мураты сæйраг тох кæй уыдзæн ацы аз майы мæйы украинаг боксер Александр Усикимæ æмæ, зæгъ, æй фидарæй уырны кæй та фæуæлахиз уыдзæн, уый.

Мурат йæхи ‘рдыгæй ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй араздзæн, цæмæй дарддæр дæр ахæм спортивон бæрæгбонтæ араза Ирыстонæн æмæ йæ уарзон адæмæн.

Президент Гассийы фырты йе стыр æнтыстыты тыхæй  схорзæхджын кодта «Хæлардзинады орден»-æй.

Дарддæр рингыл фембæлдысты дыууæ чысыл боксры, кæцытæн тæрхонгæнæг уыд Гасситы Мурат. Ацы тохы фæстæ Мурат æрымысыд иу хабар, зæгъгæ, цалдæр азы размæ Дзæуджыхъæуы цыд спортивон æхсæнад «Динамо»-йы чемпионат. Æмæ зæгъ, йæ уæлахиздзауты фылдæр хай уыдысты Хуссар Ирыстонæй. «Ахæм уавæр уыд иннæ турнирты дæр. Уымæ гæсгæ, мæ бон зæгъын у, æмæ Хуссар Ирыстоны кæй цæры иууыл курдиатджындæр æвзонг спортсментæ», – банысан кодта дунейы чемпион.

Театралон фæзуатмæ æрбацæуæг æвзонг спортуарзджытæ дæргъвæтин рæстæджы нæ уагътой Гасситы Мураты уырдыгæй пресс-конференцимæ ацæуын. Алкæйы дæр фæндыд зындгонд боксеримæ къамтæ сисын æмæ дзы автограф райсын. Уымæ гæсгæ, журналистты бахъуыд анхъæлмæ кæсын.

Пресс-конференци дæр райдыдта арфæйы ныхæстæй.

Гасситы Мурат журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, Дортикосимæ тох йæ карьерæйы уыд иууыл уæззаудæр тох, зæгъгæ, кубæйаг боксер уыд тынг хорз цæттæ æмæ йæ цæф та – уæззаудæр. Афтæ ма радзырдта, зæгъгæ тохы размæ бынтондæр нæ тыхст. «Тохы размæ мæхи хатыдтæн сæрибарæй. Бирæ спортсментæ сæ телефонтæ дæр ахицæн кæнынц, фæлæ æз ме’мгæрттимæ кæрæдзимæ фыстам смс-тæ», – банысан кодта Мурат.

Уый радзырдта, зæгъгæ, профессионалтæм куы рахызт, уæд æрмæстдæр 10-12 тохы фæстæ  бамбæрста цы у профессионалон бокс, уый. Уæдмæ, зæгъ, æм кастæн хуымæтæджы цæстæнгасæй. Ома, рахызтæн абокс кодтон æмæ рамбылдтон. Журналисттæ йæм фарст куы радтой, зæгъгæ кæй дæ фæнды рамбулын, уæд сын сдзуапп кодта, зæгъгæ, йæ разы æвæры 4 чемпионы рамбулыны хæс. Ныр, зæгъ, уал дзы дыууæйы рамбылдтон, баззад ма дзы иу, кæцымæ ис дыууæ версимæ гæсгæ чемпионы рæттæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ раарфæ кодтой Мураты тренер Сланты Виталийæн дæр, уымæн йæ чызгæн бон раздæр райгуырд лæппу.  Тренер куыд загъта, афтæмæй йыл сæ-вæрдтой рагон ирон ном Алексарт.

Тохыл дзургæйæ, Алексей Васильев та загъта, зæгъгæ, Дортикосимæ тох Уæрæсемæ рахæссыны хъуыды уыд фантастикæйы хуызæн, фæлæ нын бантыст йæ сæххæст кæнын. Æмæ уый уыд раст. Ацы хъуыддаг уæрæсейаг боксæн дæр уыд стыр прогресс. Ныр дæр нын шанстæ ис финал Уæрæсемæ рахæссынæн. Афтæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Мурат Лебедевимæ тохæй фæстæмæ бæрæг кæй сырæзт алыварсонæй æмæ раздæры Мураты хуызæн кæй нал у.

«Алкæйы дæр дисы æфтауы техникон æгъдауæй куыд тагъд рæзы. Уый æфтауы иу тохæй иннæ тохмæ. Уымæ гæсгæ, Усикимæ тохы дæр Мурат уыдзæн æндæргъуызон», – банысан кодта  Алексей Васильев.

Мураты ма журналисттæ афарстой, зæгъгæ, фехъуыстам Кремлмæ дæ фæхонынмæ кæй хъавынц, уый тыххæй. Уый ацы фарстæн сдзуапп кодта, зæгъгæ,  раст у. Гассийы фырт ма æрхъуыды кодта, боксмæ куы бацыд, уæд цы уавæрты тренировкæ кодтой, уыдæтты тыххæй.

«Залы æмбæлон уавæртæ нæ уыд. Зымæгон рæстæджы-иу рудзгуытыл бахъуыд целлофантæ бакæнын, цæмæй залы хъармдæр уыдаит. Стæй кæмдæрты бæстыхайы æмбæрзтæй дæр тагъд къæвда бонты. Ринг та уыд зæронд. Уымæ гæсгæ, боксер суæвынæн æнæмæнгхъæуæг не сты хорз уавæртæ. Сæйра-джыдæр у размæ тырнын», – банысан кодта Мурат.

Кæронбæттæны ма боксы стъалыйы бафарстой, зæгъгæ, иронау арæх цæмæннæ дзурыс. Уый тыххæй Мурат загъта, зæгъгæ, йæм худинаг кæсы, йæ мадæлон æвзаг хорз кæй нæ зоны, уый. Афтæмæй та йæ мад æмæ йе’фсымæр тынг хорз дзурынц сæ мадæлон æвзагыл.

«Чысылæй цардтæн Къуайсайы. Фæлæ стæй уавæр афтæ æрдомдта, æмæ мæ бинонтимæ алыгъдыстæм æндæр горæтмæ. Уæдмæ иу уырыссаг ныхас дæр нæ зыдтон. Уым цадæггай сахуыр дæн уырыссагау. Æмæ иронау арæх кæй нал дзырдтон, уый тыххæй мын фæзынд акцент. Æмæ-иу хæдзары исты куы сдзырдтон иронау, уæд-иу мыл  ме’фсымæр схудт. Уымæ гæсгæ æфсæрмы кæнын райдыдтон иронау дзурын. Ныр мæ фæнды иронау æнæ акцентæй дзурын сахуыр кæнын æмæ уый тыххæй ме ‘мгæрттимæ арæх фæдзурын иронау», – загъта Мурат æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ,  хъавы Хуссар Ирыстоны цæттæгæнæн сбортæ ауадзын. Уыцы хъуыддагыл къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты журналисттæ.

Ныр Мурат æввахс рæстæджы атæхдзæн АИШ-мæ, цыран тренер Абель Санчесимæ йæхи цæттæ кæнын райдайдзæн украинаг боксер Александр Усикимæ тохмæ. Развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ, тох уыдзæн Саудоваг Аравийы 11-æм майы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.