Сланты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, боксер Гасситы Мураты тохы  бон фидар нырма не ʻрцыд, фӕлӕ йӕ фæнд кæнынц 31 октябры, науӕд та 1 ноябры ауадзын.

Профессионалон боксы, IBF æмæ WBA-йы версимæ гæсгæ, раздæры чемпионæн йæ тыхтæ бавзарыны фадат ис Сочийы.

Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы боксы феде-рацийы сæйраг секретарь Умар Кремлев.

Гасситы Мурат фæстаг хатт хæцыд 2018 азы, июлы. Уæд фæхæрд Украинæйы минæвар Александр Усикæн. Уый фæстæ йын цалдæр хатты травмæты тыххæй рингмæ рацæуын нал бантыст. 26-аздзыд спортсмены курдиаты къæбицы ис 26 уæлахизы, уыдонæй 19 – нокаутæй, иунæг хатт фæхæрд.

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы эксчемпион фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурат фарон апрелы ахызт суперуӕззау уӕзмӕ, фӕлӕ трени-ровкӕты рӕстӕджы райсгӕ травмӕты фӕстиуӕгӕн нал ауагъта тох Джоуи Давейкоимӕ, кӕцы хъуамӕ ацыдаид 27 июлы АИШ-ы. Февралы райдайӕны Эдди Херны Matchroom Boxing фехъусын кодта, Гасситы Мурат цӕттӕ кӕй у рахизын тохмӕ америкӕйаг Джерри Форресты ныхмӕ Майки Гарсия ӕмӕ Джесси Варгасы андеркарды. Фӕлӕ боксерӕн фӕзынд проблемӕтӕ спарринг-партнер-тӕ ссарыны, уый фӕдыл дебют суперуӕззау уӕзы аргъӕвтой.

Дӕргъвӕтин фӕстиаты фӕстӕ номдзыд ирон боксер Гасситы Мурат ауадздзӕн йӕ фыццаг тох. Ирон спортсмены ныхмӕлӕууӕг суыдзӕн тӕссаг боксер, кӕцы ӕнтыстджынӕй тох кодта Владимир Кличко ӕмӕ ӕндӕр хорз боксертимӕ, фехъусын кодта спортсмены тренер Сланты Витали.

“Кӕронмӕ сӕндидздзынӕн Мураты бахъӕудзӕн дыууӕ-ӕртӕ тохы, цӕмӕй йӕ раздӕры цӕттӕдзинадмӕ схиза. Йӕ фыццаг ныхмӕлӕууӕг бӕрӕг у, фӕлӕ цалынмӕ контракт фидар ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕ ном нӕ цӕуы ӕргом. Уый ӕнтыстджынӕй тох кодта Владимир Кличко ӕмӕ ӕндӕр фидар боксертимӕ”, – загъта тренер.

Сланты Витали банысан кодта, Гасситы Мурат йӕхи кӕй цӕттӕ кӕны активонӕй.

“Дыууӕ хатты тренировкӕ уадзы бон – дыууӕ сахат ӕмӕ ӕрдӕг райсом, изӕры та ӕртӕ сахаты. Йӕ раздӕры формӕйы 60-70 проценты уал систа. Йӕхи дӕр тынг фӕнды рахизын рингмӕ”, – бафтыдта йæ ныхасмæ уый.

“Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махæй алкæйы дæр фæндыд фенын Гасситы Мураты тох Уӕрӕсейы. Ныртӕккӕ Мурат активон тренировкӕтӕ уадзы. Мах фӕнды, цӕмӕй иууыл хуыздӕр профессионалон тохтӕ цӕуой Уӕрӕсейы, цӕмӕй махӕн уа иууыл хуыздӕр фӕзуат. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй Гасситы Мурат ӕмӕ Александр Усик ногӕй сӕмбӕлой рингыл. Уырны мӕ, ацы хатт Мурат кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн йӕ тых, хъӕддыхдзинад ӕмӕ йӕ фидар цӕфы руаджы”, – хъусын кӕны РИА Новости Умар Кремлевы ныхӕстӕ.

Йӕ интервьюйы Sport.ru-йӕн Гасситы Мурат загъта, кӕй нӕ хъуыды кӕны Усикимӕ реваншыл.

“Ныртӕккӕ мӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у рахизын рингмӕ, ныхмӕлӕууӕджы ном ахсджиаг нӕу”, – банысан кодта спортсмен.

Гасситы Мурат ма загъта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ алцы дӕр хорз уа, уӕд фӕнд кӕны ауадзын азы кӕронмӕ дыууӕ тохы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.