Кӕцыфӕнды тыхджын паддзахад дӕр йӕ территорийыл цӕрӕг чысылнымӕц нациты интерестӕ куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд ын рухс фидӕн нӕ уыдзӕн – бӕллӕхӕн дзы ӕнӕрцӕугӕ нӕ вӕййы. Историйыл куы афæлгæсæм, уæд-иу паддзахадтæ мидæггагон хъаугъаты фæстиуæгæн куыд ныппырх сты, уымæн бирæ цæвиттонтæ ссардзыстæм. Ахӕм тӕссаг фӕндагыл ныллӕууыд Молдави дӕр.

1991 азы хӕдбар паддзахады статус куы райста, уӕд уайтагъд йӕ территоритӕй фесӕфта дыууӕ областы – Приднестровье ӕмӕ Гагаузийы. Уымӕн ӕмӕ Молдавийы разамынад ӕмӕ йӕ элитӕтӕ райдыдтой национализмӕй, ӕргомӕй дзырдтой, Румыниимӕ баиу уой ӕмӕ иумæйаг   паддзахады арæзтадыл ныллæууой. Уыцы фӕндӕттыл разы нӕ уыдысты Приднестровьейы ӕмӕ Гагаузийы цӕрджытӕ ӕмӕ дзы райдыдтой локалон конфликттӕ.

Дыууӕ автономон областимӕ дӕр Молдавийы разамынад дзырдта тыхы фӕрцы, ницы компромисстыл разы кодта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тагъд рӕстӕджы Приднестровьейы ныккалдис туг. Уӕрӕсейы фӕрцы хӕст ӕрлӕууыд, фӕлӕ уӕддӕр иу ныхасмӕ не ‘рцыдысты, сӕ ахастытӕ нырма дӕр сты ӕндыгъд. Уӕлдайдӕр та Молдавийы президентӕй ӕвзӕрст куы ӕрцыд Румынийы ӕмбӕстаг Майя Санду, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ ӕртхъирӕнтӕн кӕрон нал ис.

Гагаузийы хӕстон архӕйдтыты онг не рцыд хъуыддаг, фӕлӕ абоны онг дӕр алыварсонӕй ӕфхӕрд цӕуынц Молдавийы рдыгӕй, сӕ бартӕ сын исынц, нӕ сӕ уадзынц сабырӕй цӕрын. 1989 азы Румынийы хицауадмӕ националисттӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ агрессивон хуызы куы райдыдтой дзурын, Молдавийы территоритӕ иууылдæр мах сты ӕмӕ сӕ хъуамӕ не скондмӕ ӕрбаиу кӕнӕм, уӕд Гагаузийы цӕрджытӕ расидтысты хӕдбардзинад Молдавийӕ. Уӕдмӕ Приднестровьейы хӕст райдыдта ӕмӕ Гагузийы проблемӕтӕ «фӕсвӕд» аззадысты. Фӕстӕдӕр сын Молдави ныфс бавӕрдта «уӕрӕх автономийӕ», райстой сӕрмагонд закъон Гагаузийы тыххӕй ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн баззадысты йе сконды. Фӕлӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Майя Сандуйы йӕ куратортӕ разӕнгард кӕнынц тыхӕй спайда кӕнынмӕ, ома дын Румыни дӕр баххуыс кӕндзӕн бахъуыды рӕстӕджы.

Фарон майы мӕйы Гагаузийы уыдис радон ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ автономийы сӕргълӕууӕгӕй равзӕрстой Евгения Гуцулы. Молдавийы разамынад æй хоны Уӕрӕсейы фарсхӕцӕг. Майя Санду, бӕстӕйы закъонӕвӕрынад фехалгӕйӕ, нырма дӕр йæ къух нӕ бафыста Гуцулы сфидар кӕныны барамындыл, фальсификацийы фӕрцы рамбылдта, зæгъгæ, уый æфсонæй. Афтæмæй та централон ӕвзарӕн къамис ницы фау ӕрхаста ӕвзӕрстыты процессмӕ.

Марты мӕйы Гуцул Сочийы горæты уӕвгӕйӕ фембӕлд Путинимӕ ӕмӕ уый дӕр тынг хъыг уыд Молдавийы разамынадмӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй, Гуцулы ӕмӕ йӕ партийы уӕнгты рахуыдтой «криминалон къордтӕ», «Путины фӕсдзӕуинтӕ». Фембӕлды рӕстӕджы Путин ныфс бавӕрдта Гагаузийы адӕмӕн ӕмӕ автономийӕн баххуыс кӕнынӕй. Санду та уыцы фембæлды тыххæй бартхъирӕн кодта Гуцулмӕ уголовон хъуыддаг бакӕнынӕй ӕмӕ ма йыл алыгъуызон хахуыртӕ дӕр ӕрымысыд. Йӕ гӕды æмæ æфхæрæн ныхӕсты тыххӕй Гуцул бахъаст кодта Сандуйыл тӕрхондонмӕ.

Гагаузийы цӕрджытӕ тынг уӕззау уавӕры сты – Молдавийы ‘рдыгӕй сӕм ис дискриминацион ахаст, цензурӕ, сӕ бартӕ сын алыварсонӕй халынц, сӕ информацион фӕрӕзтӕ сын ӕхгӕнынц, дзырд ма цӕуы, цӕмӕй сын иумӕйаг бюджетӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ дӕр мауал хицӕн кӕной. Гагаузийы цӕрджытӕ разы не сты евроинтеграцийыл ӕмӕ Румынийы скондмӕ бахизыныл, ӕмӕ 2014 азы ауагътой референдум, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн бынӕттон цӕрджыты фӕнды Уӕрӕсеимӕ баиу кӕнын.

Молдавийы русофоби егъау масштабты рапарахат, уырыссаг ӕвзагыл дзурджыты тынг хъыгдарынц ӕмӕ хъуыддаг цӕуы æхсæнадон дестабилизаци ӕмӕ политикон кризисмӕ. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдианӕй молдаваг разамынад нал уадзы пайда кӕнын Стыр Уӕлахизы символтӕй, уӕрӕсейаг информацион фӕрӕзтӕ сӕхгӕдтой, ӕгӕрыстӕмӕй, уырыссаг ӕвзагыл дзурын дӕр никӕй уадзынц. Гагаузийы цӕрджытӕ та рагӕй фӕстӕмӕ сӕ сомбон бӕттынц ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсеимӕ.

Гуцул ма бахатыд Турчы разамынадмӕ дӕр ӕххуысмӕ, цӕмӕй сӕ бахизой молдаваг националисттӕй ӕмӕ Сандуйы манипуляцитӕй. Турчы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Хакан Фидан дӕр сын ныфс бавӕрдта сӕ фарсмӕ балӕууынӕй.

Чи сты гагаузтӕ?

Гагаузтӕн се ‘взаг тынг æввахс лӕууы туркаг ӕвзагмӕ ӕмӕ сӕ бирӕтӕ ӕнхъӕлынц туркӕгтӕ. XIII-XIV ӕнусты гагаузты знӕмтӕ рацыдысты Чысыл Азийы территорийӕ ӕмӕ ныры бынаты ӕрцардысты чырыстон дин райсыны тыххӕй. Гагаузаг ӕвзаг ма хонынц иууыл сыгъдӕгдӕр туркаг ӕвзаг дӕр. Бӕлвырдӕй зындгонд у, гагаузтӕ кӕй хауынц тюркаг этносмӕ. Фӕлӕ се ‘взаджы дзӕвгар ис персаг ӕмӕ арабаг дзырдтӕ. Зӕгъӕм, «Хуыцау»-ы хонынц «Ал-лах». Уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ гагаузты рагфыдӕлтӕ кӕй уыдысты пысылмон диныл хӕст.

Ис афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ дӕр, ома гагаузтӕ сты половецты байзӕддæгтæ, кӕцытӕ иу мин азы размӕ ралыгъдысты монголтӕй ӕмӕ ӕрцардысты Днестры цӕугӕдоны былгӕрӕтты. Иннæтæ та сӕ хонынц печенегты ӕмӕ огузты фӕдонтӕ. Афтæмæй та грекъӕгтӕ гагаузты нымайынц сӕхиуæттыл, ома грекъӕгтӕ сты, æрмæст тюркаг ӕвзаджы ӕндӕвдады фӕстиуӕгӕн се взаг фӕивтой. Болгарийы сӕ хонынц болгайрӕгтӕ, зæгъгæ, Осмайнаг империйы дуджы туркаг ӕвзагыл дзурын райдыдтой. Гагаузтӕ сӕхи хонынц «эски-булгарлар» – рагон тюркаг-булгарты фӕдонтӕ. Уыдон V-ӕм ӕнусы бабырстой Балкантӕм ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдтой ныры Болгарийы бӕстӕйӕн.

Уыйбæрц верситӕй сæр разилы, куы кӕсӕм, бӕлвырдӕй та сбæрæггæнæн нæй чи сты гагаузтӕ. ДНК-анализ равдыста Гагаузийы цӕрджытӕй иутӕ кӕй сты грекъӕгтӕ, иннӕтӕ болгайрӕгтӕ. Хӕццӕ ма сӕм кӕны тӕтӕйраг, туркаг ӕмӕ ӕндӕр нациты туг дӕр.

Гагаузты нымӕц хӕццӕ кӕны 250-300 минмӕ. Молдавийы цӕры сӕ фылдӕр хай. Компактонӕй ма цӕрынц Украинӕйы, Бол-гарийы, Турчы, Румынийы ӕмӕ Уӕрӕсейы – Кӕсӕг-Балхъары. Сӕ гербыл ис бирӕгъы ныв, рагӕй фӕстӕмӕ тюркаг знӕмты тотемон символ. Дзырд «гагауз»-ы равзӕрд дӕр бӕстон иртӕст не ‘рцыд. Ахуыргӕндтӕй иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ «гага» ӕмӕ «уз» нысан кӕнынц «раст бырынкъ». Ис сӕм ахӕм ӕмбисонд дӕр – «цъиуы бырынкъ цасфӕнды куы тасын кӕнай, уӕддӕр фӕстӕмӕ сраст уыдзӕн». Ис ма афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ дӕр, зӕгъгӕ дзырд «гагауз» равзӕрд туркаг «Кейкувас»-ӕй. Кейкувас та уыд сельджукаг сӕргълӕууӕг, кӕцы XIII-ӕм ӕнусы йе знӕмимӕ ацыд Балкантӕм ӕмӕ дзы, ома, фӕстӕдӕр райрӕзт гагаузты наци.

Цӕмӕн тырнынц Уӕрӕсемӕ?

Гагаузтӕ чырыстон диныл хӕст сты ӕмӕ йӕ тынг хорз ӕмбарынц, Уӕрӕсейæ йеддӕмӕ сӕ ӕддагон знӕгтӕй кӕй ничи бахиздзӕн. Уӕрӕсе сӕ цалдӕр хатты фервӕзын кодта скуынӕгӕй, радта сын зӕххытӕ Бессарабийы хуссарварс ӕмӕ уыцы лӕггӕдтӕ нӕ рох кӕнынц кӕйдӕртау. Стӕй ма тюркаг знӕмтӕ сты ӕмӕ сӕ менталитетмӕ гӕсгӕ европӕйаг цардмӕ ӕмӕ традицитӕм дард лӕууынц, нӕ сӕ фӕнды ныгуылӕн демократийы стандарттӕм гӕсгӕ цӕрын. Молдаваг гагаузтӕ бирӕ азты дӕргъы ӕвдисӕн уыдысты, се мтуг адӕмы сын Балканы ӕндӕр бӕстӕты куыд хъыгдардтой ӕмӕ сын тыхы фӕрцы ассимиляци куыд арӕзтой, уымӕн. Тынг хорз ӕй ӕмбарынц, сӕ агрессивон сыхӕгтӕ сӕ ӕвыдӕй кӕй нӕ ныууадздзысты ӕмӕ архайынц Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыныл.

Турк рагӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кӕны Гагаузийӕн – аразынц дзы скъолатӕ, фӕндӕгтӕ, рауагъдонтӕн лимиттӕ дӕттынц Турчы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм. Туркы фӕнды, Гагаузийы фӕрцы ӕгас Балканы территорийыл æндавын. Кӕд ӕмӕ сӕ ахастытӕ тынг ӕнгом сты, се взӕгтӕ дӕр хӕстӕг сты, уӕддӕр гагаузтӕ сӕ фидӕн бӕттынц Уӕрӕсеимӕ. Туркимӕ сӕ уымӕн нӕ фӕнды ӕмӕ пысылмон диныл хӕст бӕстӕйы чырыстон динӕн йӕ азмӕлӕнтӕ къуындӕг вӕййынц. Кӕд ӕмӕ Турчы чырыстон диныл хӕст адæм хæрзцъус сты, уӕддӕр сӕ уавӕр у мӕгуырау. Ӕргомӕй афтӕ бæргæ дзурынц, зæгъгæ, сӕ ничи хъыгдары, фӕлӕ ӕцӕгдзинадæй та сын   элементарон бартӕ дӕр нӕй ӕмӕ азӕй-азмӕ сӕ нымӕц къаддӕр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ гагаузтӕ равзӕрстой рационалон фӕндаг.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.