Хуссар Ирыстоны Парламенты сес­сийы ра­дон рабадты хорзыл ба­нымад­той Пар­ламенты æвдæм æрсидты депутатон æв­зæрс­тытæ ауадзыны тых­хæй иумандатон æвзарæн зылдты схе­мæтæ сфидар кæны­ны тыххæй закъо­ны проект.

Закъоны проектмæ гæсгæ республикæ­йы территорийыл уыдзæн 17 иуман­­датон æвзарæн зылды. Уыдо­нæй фа­раст уыдзæн го­рæт Цхинвалы тер­­риторийыл æмæ ды­гæ­йттæ та – рес­пуб­ликæйы административон-тер­­ри­тори­­алон иуæгты.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæт­тон хæдразамынады фæ­дыл коми­теты сæргълæууæг Диакъон­ты Амираны ныхæстæм гæсгæ, сесси­йы цы закъоны проект хаст æрцыд, уый фæдыл уагъд æрцыд ко­ми­теты рабадт.

Парламентари хъусдард аздæхта иуæй-иу зылдты æвзарджыты нымæц­мæ.  Аив­гъуы­йгæ  æвзæрстытимæ         а­ба­р­­гæ­йæ, ныр­тæк­кæ сæ нымæц у къад­­­дæр.

Ист æрцыд закъоны проект

ЦÆК-ы минæвар Бестауты Тамаз куыд банысан кодта, афтæмæй, уыцы бæрæг­гæнæнтæ бындуриуæг кæнынц районты сæргълæуджыты информацийыл.

Хатырон кредитты тыххæй

2023 азы Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хаты­рон кредиткæнынадæн ахъаз кæныны фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй закъон депутаттæ банымадтой хорзыл.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæу­уон хæдзарады фæдыл комитеты сæр­дар Тъехты Алан баны­сан кодта, зæгъ­гæ, 2023 азы фонды æвджидарты совет хорзыл банымадта 71 бизнес-проекты.

Хъæууон хæдзарады фадыджы, йæ ны­хæс­­тæм гæсгæ, лæвæрд æрцыд 45 кре­­диты, лæггæдты фадыджы – 14, арæз­тады фады­джы – 8, туризмы фа­дыджы – 3, базарады фадыджы – 1.

«2023 азы Фонды бюджеты æфти­æг­ты иумæйаг гуырахст плангонд сум­мæйæ уыд 49 542, 84 сомы. Фонды  хæр­дз­­ты иумæйаг гуы­рах­ст та плангонд суммæйæ уыд 7 850, 58 мин сомы», – загъ­­та Тъехты Алан.

Закъоны проект ист æрцыд æм­хъæлæ­сæй.

Информацион агентад «Рес»,

Sputnik-æй ист къам

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.