Знауыры районы милицийы ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады кусджытӕ фадыгон ӕмӕ фӕндагон инспектортимӕ иумӕ фембӕлдысты скъоладзаутимӕ. Барадхъахъхъӕнджытӕ ахуырдзаутӕн радзырдтой уголовон ӕмӕ административон бӕрндзинады тыххӕй, скъоладзауты уагахастыл скъолайы, уынгы ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты. Бамбарын ма сын кодтой, цахӕм зиан хӕссы рӕзгӕ организмӕн тамако ӕмӕ ӕндӕр ахӕм буарадтӕ, карз нозтытӕ, наркотиктӕ, ӕмӕ ахӕм фӕткхалджытӕ цахӕм ӕфхӕрд баййафынц.

Фӕндагон инспектортӕ скъоладзауты  базонгӕ кодтой фӕндагон змæлды фӕткойтимӕ. Уӕлдай хъусдард аздӕхтой фӕндаджы иннӕ фарсмӕ ахизыны фӕткойтӕм ӕмӕ ма сӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй-иу фӕндагмӕ ‘ввахс ма хъазой. Милицийы кусджытӕ бамбарын кодтой ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, закъоны фӕлгӕтты ӕппӕт фӕткхалӕн цауты тыххӕй бӕрндзинад кӕй хӕссынц сӕ ныййарджытӕ.

Ахӕм профилактикон мадзӕлттӕ уадзынц республикӕйы иннӕ скъолаты дӕр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.