РАДЗЫРД

Мытъыл ус йæхицæн нæ хаста, нæ дæр йæ фырттæй искæмæн, чындз хаста йе ‘фсымæр Хæлиу, уый дæр йæхицæн нæ – йæ хистæр фыртæн. Уа-а-лæ, сæхимæ, Гуылмæзты хъæумæ. Фæлæ чындзæхсæвы, бæлвырддæр зæгъгæйæ чындзхасты хабæрттыл Хæлиу йæхæдæг уый бæрц нæ тыхст, Мытъыл куыд ныхъуыста йæхимæ… У-а-артæ куы бафидыдтой, нысан куы ныууагътой – сæ мæгуыр фыд Уасойы уæзæгыл фыццаг цинаджы хабар уыдзæн, уый куы базыдта, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ цæуыл тыхст, уый йæхæдæг дæр не ‘мбæрста, æрмæст-иу, йæ пыхцыл æрфгуытæ ныхгæ, йæ сæр нытылдта:

– Ех-х, мæ мæгуыр фыд, мæ мæгуыр фыд… Мæгуырæй йæ чи тыдта, уыцы хъæубæстæ йын уый куы фестадаиккой æмæ йæ хæдзары ахæм цинаджы хъуыддаг куы    æрыййæфтаид!..

Æмæ-иу ахæм рæстæджы ферттывта йæ сæры, цыдæр æрымысын æй, сæ мæгуыр фыды сын мæгуырæй чи тыдта, уыцы хъæубæсты цæстмæ, уыдон фыдæнæн кæй фæнды, уый… Æмæ йын Хæлиу йæхæдæг сарæзта йæ къух. Йе  ‘фсымæр. Иу хуыцаубоны, базары йæ уæййæгтæй куы фервæзт, уæд сæм бауад. Мытъылтæм. Къæсæрæй йæ кæм аздæхтаид æмæ сын цæхæрæдоны сæнæфсирты бын цы стъол æвæрд уыд, ууыл йе ‘фсинæн æнæнхъæлæджы уазæджы фаг цыдæртæ авæрын кодта. Фæйнæ сæны дæр анызтой, фæлæ Хæлиуы бирæ бадынтæ æмæ нуазынтæм кæм æвдæлд – чындзæхсæв цы бонмæ снысан кодтой, уый æгæр æрыввахс æмæ йæ æндæр истæмæты не ‘вдæлд.

– Хæрынмæ æмæ нуазынмæ не ‘рбацыдтæн, ме ‘фсымæр, нæ хабæрттыл, зæгъын, куы аныхас кæниккам – Мытъыл та йын йæ агуывзæйы сæн æркæнынмæ куыд хъавыд, афтæ агуывзæйыл иуварс ахæцгæйæ загъта Хæлиу. – Иу ма нуазын æмæ дзы мæ фæндагæн акувдзынæн. Зæгъын… Тыхсгæ дæр уадиссаг ницæуыл кæнын – кусæртттаг агурын мæ нæ хъæуы, гæрæм галыл ныр афæдзы бæрц æфсондз дæр нал сæвæрдтон. Арахъ мæм фагæй фылдæр ис, сæны тыххæй дæр уанаттаг лæгимæ раджы бафидыдтон, уæдæ Гуылмæзтæ кæрдзын скæныны тыххæй дæр никуы никæмæ бахатыдысты…

Мытъыл, цы уыд, уымæй хъустæ фестад… Цыдæр саразын æй кæй фæндыд æмæ хъуыд, уыцы хъуыды йын йе ‘фсымæрмæ хъусгæйæ ноджы тынгдæр сæууылдта йæ зæрдæ. Фæлæ йе ‘фсымæр цытæ ранымадта, уыдæттæй йæ зæрдæ ницæуыл æр-лæууыд æмæ та стыхст, мæгуыр.

Кебениматъри, – афтæ дзураг уыд, – уæдæ ма цæуыл тыхсыс, уый бынтон цæттæифтонг куы дæ…

– Цæуыл тыхсын, куы зæгъай, уæд… Чындзхæссæг кæй арвитдзыстæм, ууыл… Нæ ног лымæн, дам, æнæхъæн Къуыдаргомы нымад лæг у. Фæлæ йæ æгæр карз æмæ тызмæг лæг хонынц, æнæгъдау ми, дам, йæ хуыцауыхайæн дæр нæ бары. Ахæм лæджы хæдзармæ æгъдауы фæдыл кæй барвитай, уыдон хъуамæ уырзæй æвзæрст, дзыхы акæнинаг адæм уой… Гъемæ, ды ахуыр лæг дæ, адæм дæ фыссæгæй зонынц, æгъдæуттæ дæхæдæг фыссыс æмæ амоныс адæмæн… Стæй нæ хъæубæсты, мыггаджы лæппуты дæхæдæг дæр зоныс, чи сæ хуыздæр сфидаудзæн æмæ сарæхсдзæн ахæм хъуыддаджы…

Мытъылы пыхцыл æрфгуытæ фæйнæрдæм фæцыдысты… Æппынфæстаг æм бахъардта, цы йæ фæнды, цы саразын æй хъæуы, уый…Æниу дзы æндæр исты æрхъуыды кæнæн куы уыдаид, уæд æй афонмæ не ‘рхъуыды кодтаид?.. Фæлæ… Цы саразын æй хъæуы, уый кæй базыдта, ууыл афтæ тынг нæ бацин кодта, Хæлиу ын куынæ сразы уа, уымæй куыд фæтарст… Фæлæ уæддæр бафæлвæрдта:

– Хæлиу, кебениматъри, иугæр дæ мæ хъуыды базонын бафæндыд, уæд хъуамæ разы дæр суай мæ фæндоныл, мадызæнæгæй хуыздæр дын кæй цæст хъуамæ бауарза, и?..

Хæлиу æм уыцы зæрдиагæй ныхъуыста.

– Ферох дæ, нæ фыд Уасойы нын иудадзыг мæгуырæй кæй тыдтой, йæхицæй дæр æмæ йын йæ фырттæй дæр кæй ницы æнхъæл уыдысты, уый?.. – Мытъыл уыцы хъуыддаггъуызæй бауырдыг йе ‘фсымæрмæ. – Дæуæй чи зоны ферох сты, фæлæ сæ мæнæн нырма дæр мæ зæрдæйы рæсыд не ссыд. Ферох дæ, Мушкъел быргадæй цы азты куыста, уыцы азты нæ мæгуыр фыд иу хосгæрдæны дæр колхозы уыгæрдæнты цæвæг кæй никуы æрхаста?.. Нæхи Лекси та йын иудадзыг афтæ фидис кодта, дæ фырттæ, дам, мæ фыртæн фыййау цæудзысты… Нæ йæ хъуыды кæныс? Æз та сæ хорз хъуыды кæнын иу-уылдæр!.. Æмæ ныр Уасойы хæдзары фыццаг цинаджы Лексийы гуылывзаг лæппуйы, кæнæ Мушкъелы къузиани фырты хъавыс чындзхæссæг æрвитынмæ? Цæмæй афтæ зæгъой, лæгъстиаг сын стæм?.. Нæ! Уый нæ, фæлæ  хъуамæ афтæ бакæнæм, сæ цæсты-тæ фырхæлæгæй куыд рахауой!..

– Омæ дæумæ цы фæнд и, срæцугъ ма йæ… Æз дæр дæм уый тыххæй куы ‘рбацыд-тæн, – Хæлиу ницыæмбарæджы каст кодта Мытъылы пыхцыл æрфгуыты хæлбурцъ змæлдмæ.

– Омæ мæм кæд уый тыххæй æрбацыдтæ, уæд хъуамæ мæ хъуыдыйыл сразы уай: чындзхæссæг арвитдзыстæм ме ‘мбæлтты… Дæхи загъдау, адæм фысджытæ кæй хонынц, ахæм нымад адæмы. Иуæй нæ ног лымæнты цæсты сырæздзыстæм, иннæмæй та, цæрæнбонты ныл дæлæмæ чи хæцыд, уыдонмæ нæхæдæг æркæсдзыстæм уæлейæ дæлæмæ!.. Къухылхæцджытæ-йедтæ хъæубæсты кæстæртæй исчитæ уæд, уый дæр афтæ – дзыхылхæцæггаг…

Хæлиуы дзых хæлиуæй баззад… Фæцыд йæ зæрдæмæ Мытъылы хъуыды. Сразы йын… Бæркады рæгъыл дæр ма сразы, стæй йæхи йæ фæндаджы бардуагыл бафæдзæхста æмæ атагъд кодта изæры автобусмæ… Мытъыл куыддæр йе ‘фсымæры кæрты дуарæй ахизын кодта, афтæ, смидæг хæдзары æмæ йе фсины афæдзæхста, цæмæй фынг фæногдæр æмæ фæдзадджындæр кæна, йæхæдæг æрбадт телефоны цур æмæ райдыдта хъуыды кæнын: кæмæты адзура, чи йын сразы уыдзæн… Годах мæлæты сирæгтæм нæ хауы, фæлæ дзы бакаст ис, æв-задджын у, стæй ахæмтæм æнæзивæг у… Махара – цы асæй, цы зондæй – Годахæй иу мисхал дæр  фæстейæ ницы ныууагъта, стæй, уый кæм уа, уырдыгæй йæ тыхæй дæр нæ асурдзынæ. Хадзысмел сæ асæй  нæ сыййæфта, фæлæ кæдæм бацæуы, уым уы-дæттæ йæ цуры зынгæ дæр нал ракæнынц.  Хъуамæ сразы уа уый дæр. Алкæмæй тынг-дæр æй, Будзумар ын куы сразы уаид, уый фæнды… Бæрзонд, саджы фисынтыл амад лæппу, уæздан, дзырдарæхст, къæбæлдзыгсæр, къуыбыррихи лæппу – кæсынтыл æм бæргæ фæуаиккой, фæлæ… Сразы йын уыдзæн?.. Фыдæлтыккон зæронд лæгау алцæмæ дурбиндитæй кæсы. Раст æм цы нæ кæса, уый йын ницы амалæй саразын кæндзынæ… А-а-а… Фæлæу-ма, фæлæу – цæмæннæ йæм хъуамæ фæкæса раст, иу коймæгтæ не сты?.. Разы нæ, нæ – æмбæлгæ йæм кæны чындзхæссæг ацæуын!.. Мытъылæн йæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт æмæ зæрдæрухсæй бавнæлдта телефоны хæтæлмæ. Цалынмæ йе ‘фсин фынг фæдзæбæхдæр æмæ фæдзадджындæр кæныныл архайдта, уæдмæ сæ телефон йæ зыррыттæй нæ банцад.

Бæлæстæ æмæ хæдзæртты аууæттæ уыцы дзæбæх ныйивæзтысты, афтæ æрбадтысты фынгыл. Мытъыл нæ тагъд кодта, цæмæн сæм фæдзырдта, уый зæгъыныл. Уыдонæн та, Мытъыл фæхонынтæм уадиссаг рæвдз кæй никуы уыд, уый зонгæйæ сæ цымыдис сæ къубæлттæ балвæста, фæлæ сæ никæй фæндыд иннæты разæй йæ бафарстаид, уый. Сæн та йæхион кодта, фынгылбадджытæ сырхуадул кæнынмæ фесты, сæ хъæлæба тынгæй-тынгдæр хъуысын райдыдта, хъæлæбайыл ахуыр чи нæ уыд, уыцы цæхæрадонæй. Æмæ иу афон Хадзысмел нал баурæдта йæхи. Йæ иу цæст иннæтæм хин ныкъуылд æркæнгæйæ афарста фысымы:

– Мытъыл, уæддæр дæм цы хабар ис, цы ныл фæзæрдейæ дæ?..

Æмæ уæд фысым дæр сæргом кодта йæ хъуыды. Куы нæ йын сразы уой, уымæй тæрсгæйæ йæ зæгъинæгты уыцы-иу згъæлст ныккодта:

– Кебениматъри, лæппутæ, лæг дыууæ боны йедтæмæ нæ цæры æмæ хъуамæ кæрæдзийæ ныфсбавæрынхъом уæм. Æз дæр кæд нæ амæлон, уæд уын ацы хорздзинад мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн… Ме ‘фсымæр Хæлиу йæ хистæр фыртæн ус кæй хæссы, уый уын дзырдтон… Иу ныхасæй, хъуамæ мын чындзхæссæг ацæуат…

Æмæ фыдæнхъæл нæ фæцис – сразы йын сты иууылдæр. Будзумар ма уæддæр адывæндтæ кодта, фæлæ йын, иу комбæстаг кæй сты, уый йæ зæрдыл  куы æрлæууын кодта, уæд уый дæр ахызт йæ сæрыстырдзинады сæрты.

***

Чындзæхсæвы боны размæ изæр бацыдысты Гуылмæзты хъæумæ. Сæ райсомы кæнинаг хабæрттыл фæныхас кодтой, кувгæ дæр сын куыднæ акодтаиккой, фæлæ сын Мытъыл бирæ нуазын нæ бауагъта… Нæ дæр райсомæй, чындзхæссæг куы цыдысты, уæд… Фысымтæй йæ хъустыл куы ничи хæцыд, уæд Годах багуым-гуым кодта, афтæмæй кæдæм цæуæм, а, æгъдауы мæт нæ нал ис, фæлæ нæ фæндагæн уæддæр акувæм, зæгъгæ…

– Сымах мæнæн ахæм хъуыддагыл кæй сразы стут, уый тыххæй мын мæ рахис цæст мæ игæры тылдæй куы ахæрат, уæддæр мæ нæ фæрисдзæн, фæлæ нæ ног лымæны карз лæг хонынц æмæ, кебениматъри, лæг алцæмæй дæр хъуамæ тæрса, – сæ разы сын бæндæнтæ айтыгъта Мытъыл. Æмæ ма уыдон дæр цы хъуамæ загътаиккой… Хæлиу сæ колхозы сæрдарæй кæй ракуырдта, уыцы машинæйыл бабадтысты æмæ араст сты сæ фæндагыл. Чындзхæссæджы зæрдæйыуаг сæ никæмæ уыди, афтæмæй. Цалынмæ Гуфтамæ бахæццæ сты, уæдмæ Хадзысмел Мытъылы скъолайæн ахъазджытæ цал хатты ныссидт, уыдон Гуылмæзты хъæуы колхозы хынцæг дæр нæ банымадтаид… Хъæуы астæу, Къуыдаргомы ‘рдæм фæндаджы фæзилæны рахисфарс цы сæнуæйгæнæн тæпп уыдис, уый цурмæ куы бахæццæ сты, уæд Хадзысмел йæ чысыл армытъæпæнæй шофыры уæхск æрхоста:

– Бауром ма æмæ нæ фæндагæн нæхæдæг уæддæр акувæм…

Машинæ уромын уый бакодта, Годах æмæ Махара та йæ разæй фесты. Будзумар ма бæргæ хъавыд сæ бакъуылымпы кæнынмæ, фæлæ йæ æмбæрста, уыцы мæстыйæ Хадзысмел уый скъолайæн фыддæртæ кæй ныссиддзæн, æмæ…

…Æрмæст сæ фæндагæн акувын фагыл кæй нæ банымадтой, уый сыл уыцы дзæбæх зынд, афтæмæй бахæццæ сты бынатмæ. Чындзæхсæв сцырынмондагæй йæ рохтæ тоны, хуынд адæмы хъæлдзæг хъæлæба сатæг уæлдæфы ивылæнтæ кæны, рог дымгæ цуайнæгты пæлхъ-пæлхъгæнаг фыдызгъæлы тæф фæйнæрдæм хæссы… Фысымтæ сыл æгъдаумæ гæсгæ бæргæ сæмбæлдысты – кæстæртæ сæ размæ кæй рахастой, уыцы æртæ кæрдзынæн сæ сой цыхцырджытæй ныллæууыд, сыкъатæй карз арахъы   хъуыр-хъуыр сыхъуыст, фæлæ… Сæ фæндагæн æгæр кæй акуывтой, уый чызджы тызмæг фыд фæхатыд. Иу цасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй схызт хæдзары дыккаг уæладзыджы хъæдын балкъонмæ æмæ райхъуыст йæ нæргæ хъæлæс:

– Хорз адæм! Стыр бузныг уæ дæн, мæ хуындыл кæй баввæрсыдыстут, уый тыххæй. Алцæмæй дæр цæттæ стæм, æрбадын йед-тæмæ нæ ницыуал хъæуы. Гъемæ, уæ хорзæхæй, фынгтæм хæстæгдæр æрбалæуут. Æрбадæм æмæ иу абонæй иннæ абонмæ фæминас кæнæм. Æрмæст чындзæхсæв нæ уыдзæн… Уырдыгæй ардæм ахæм хъуыддаджы хатырæй йæхи чи нæ баурæдта, мæнмæ уыдон аккаг чызг нæй…

***

Чындзæхсæв йæ тæккæ ныгуыппæввонгыл уыди Гуылмæзты хъæуы дæр. Фыдызгъæл – йæ тæккæ фыцыныл, лæггадгæнджытæ фынгтæ æвæрынц, кæстæртæ дурынтæ йедзаг кæнынц. Хъæу бæрзонд ран уыд, тархъæд кæуыл æрбатыхст, ахæм къуылдымыл. Машинæ сæм комы рæбынæй уæлæмæ нæ хызт, кæй онг цыд, уыцы бынат та хъæумæ нæ зынд æмæ, сæухизафон дæр нæма уыдаид, афтæ хъæуы сывæллæтты сбадын кодтой акæсæн тигъыл мусы тæккæ чъилыл æмæ сæ карзæй бафæдзæхстой, цæмæй уырдыгæй кæсой, æмæ куыддæр чындзы æрбацæйхæссой, афтæ сын æй фехъусын кæной.

Бон йæ цыды хай кæны, хур арвы астæуæй фæиппæрд. Сывæллæттæм дзæгæрæггæнæг хур нындæвта, мæгуыр, се ‘ххормаг ахсæнтæ сæ æлхысчъытæ кæнынц, фæлæ цы сæ бон уыд – бадынц, æнхъæлмæ кæсынц, сæ цæстытæ комы рæбынмæ ныццавтой, афтæмæй.

Кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон та… Гуфтамæ куы ‘рхæццæ сты, уæд  ныр та Годах хъуамæ æрхостаид йе стыр дзæмбыйæ шофыры уæхск, фæлæ йын Хадзысмел уыцы дæнгæл мæстыйæ йе скъолайæн ахæмтæ ныссидт æмæ уыцы стыр лæгæн йæ зæрдæ фыртасæй фæцæйскъуыд, мæгуыр…

– Ацы дудгæбонæй мын уæ афтид сæнæй мæ хус ахсæн удайынмæ хъавут?.. Ацыдыс-тæм Дзауы ресторанмæ æмæ нæ маст уым ныллæмарæм.

Æмæ ацыдысты. Цалынмæ уыдон рестораны бадгæйæ сæ дудгæ маст лæмæрстой, уæдмæ Гуылмæзты хъæуы сывæллæттæ та æххормагæй мусы чъилыл хурмæ сыгъдысты…

Фæлæ кæрон алцæмæн дæр вæййы – хур дзæвгар акъул, афтæ комы рæбын æрурæд-та, Хæлиу сæ колхозы сæрдарæй кæй ракуырдта, уыцы машинæ. Чындзхæсджытæй алкæуыл дæр фæзынд, сæ фæстæмæ цæуæн фæндагæн дæр дзæбæх кæй акуывтой, уый, фæлæ сын  Годах бынтон нал слæууыд къахыл… Уым та йæ куыд хъуамæ ныууагътаиккой, æмæ… Будзумар ын йæ къухтыл схæцыд, Хадзысмел – йæ къæхтыл, афтæмæй йæ куыфы ист скодтой æмæ йæ фæ-хæссынц хъæуы ‘рдæм. Æнæхъæн бон хурмæ судзæг сывæллæтты ма цы урæдта – уыцы-иу æмгуырæй хæрдмæ фæхаудтой æмæ хъæумæ хъæргæнгæ ныййарц сты:

 – Æрбахæссынц æй, æрбахæссынц æй!..

Æнхъæлмæ кæсынæй чи бафæллад, уыцы хъæубæстæ æмæ иннæ хуынд адæм дæр куыднæ ныццин кодтаиккой – чындзхæсджыты размæ ахæссынæн æртæ кæрдзыны æмæ дурыныдзаг арахъ рагæй цæттæ уыдысты. Фæндырдзæгъдæг Екти йæ ихсыд фæндыры тæнтæ уыцы даргъ айвæзта, Пора йæ гуымсæгыл ахæм мондаг зыдæй балæууыд æмæ æмæ йæ гыбар-гыбурмæ Сарабукъы куыйтæ дæр сæмбу кодтой. Годахы чи хаста, уыдон хъæдвæндагыл раджы схæрд кодтой, сæ размæ сын кæй арвыстой, уыдон дæр раджы ауырдыг кодтой хъæдвæндагыл, уæддæр ма, æнæхъæн бон хурмæ чи сфыхт, уыцы сабиты хъæр бæстæ арыдта: – Æрбахæссынц æй, æрбахæссынц æй!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.