Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы 3-аг номыр. Зынгæ поэт Хаджеты Таймуразы райгуырдыл 75 азы кæй сæххæст, уый фæдыл журналы мыхуыр æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ, стæй фысджытæ Цæрукъаты Алыксандры, Гæбæраты Юрийы, Касаты Батрадзы æмæ Абайты Эдуарды мысинæгтæ. Поэты тыххæй ма мыхуыр æрцыдысты Нафийы, Къадзаты Станиславы, Мамыкъаты Хъазыбегы, Аламиа Геннадийы, Косты Лизæйы, Хъауырыты Дауыры æмæ Баситы Зæлинæйы æмдзæвгæтæ.

 80 азы сæххæст фыссæг Гусалты Барисыл дæр. Уый фæдыл журналы мыхуыр æрцыдис йæ уацмысинæгтæйы дыккаг хай «Кæм – Хан æмæ кæм – Ханджери». Рубрикæ «Хæлæртты салам»-ы бынмæ Барисы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой кæсгон фыссæг Салих Гуртуев, Цæцæны республикон журнал «Вайнах»-ы сæйраг редактор Муса Ахмадов æмæ дагъыстайнаг фыссæг Миясат Муслимова. Критикæ æмæ публицистикæйы бынмæ филологон наукæты кандидат Мамиаты Изетæ бæлвырд равзæрста Гусалты Барисы сфæлдыстад йæ уацы «Три слова об одном романе», – зæгъгæ.

 Ацы аз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы аз кæй у, уый фæдыл журнал мыхуыр кæны Тъехты Тамерланы уац «Ныфс æмæ лæгдзинадæй уарт», стæй Æлдаттаты Викторы æмдзæвгæтæ.

Журнал нæ ферох кодта нæ буц сылгоймæгты бæрæгбон дæр. Рубрикæ «Дунейы фидауц – сылгоймаг»-ы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Къудухты Маринæйы, Нæкуысаты Наирæйы, Æлборты Беллæйы, Бететы Фатимæйы æмæ Джусойты Майæйы æмдзæвгæтæ, стæй Хадыхъаты Фатимæйы радзырд «Цæринаг чызг».

Журнал дарддæр ныммыхуыр кодта Джыккайты Шамилы уац «Кард – æхсар æмæ намысы хотых».

Номыры ма ис Хаджеты Таймуразы æмæ зындгонд актер Годжыцаты Исахъы къамты равдыст. Исахъы райгуырдыл 90 азы кæй сæххæст, уый фæдыл ма мыхуыргонд æрцыд Четиты Рубены уац «Аивады уæлтæмæн», –  зæгъгæ.

Ирон прозæйы антологийы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Соттиты Риммæйы радзырдтæ, стæй мæйы цаутыл афæлгæст æмæ Багаты Ладийы мæлæты фæдыл некролог. 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.