СИМОН ÆМÆ ТРАКТОР

Цавæрфæнды техникæ дæр нозтджын лæджы нæ уарзы. Уыдонмæ хауы трактор дæр. Зæгъгæ, Симоны трактор удгоймаг у æмæ дзурын зоны, уæд йемæ цал æмæ цал хатты фæхыл уыдаид! Йæ цардæмбал Чызнал куыд фæхыл вæййы, афтæ.

Мæнæ та ныр дæр быдыры хуым кæнынæй хæдзармæ æрбацыд, асихор кæнон, зæгъгæ, æмæ йын дзы антыстис. Чермены цæссыгæй зæгъын. Раст зæгъгæйæ, куысты рæстæджы нозтæй йæхиуыл фæхæцын зоны, фæлæ йæм йæ хъæуккæгтæ дыууæйæ фæзындысты, йемæ чи хъомыл кодта, ахæмтæ, æмæ ацу, ма сын æрхæсс сæ размæ арахъхъы дурын. Æмæ йæм нæ фæлæууыд Симон дæр. Нозтмæ. Куыст айрох. Рæгъытæ цæуынц. Чызнал мæсты кæны, фæлæ йæ лæгмæ уазджыты цур куыд бадзура, сыст æмæ дæ куыстмæ ацу, зæгъгæ?

Æппынфæстагмæ, райхæлд фынг. Симоны уазджытæ цыдысты хъæууынджы дæлæмæ хъæрæй ныхас кæнгæйæ, Америкæйы президенты æфхæргæйæ, æгæрыстæмæй, сæ зæххытæ бахуым кæныны тыххæй йæм кæй бацыдысты, уый зæгъын дæр сæ ферох.

Симон та йæхинымæр цыдæр зонгæ зарæг самыдта, афтæмæй йæ трактормæ бацыд. Лæмбынæг æм кæстытæ кæны, йæ алыварс æрзылд, цыма йæ фæлдисгæ кæны. Цæмæдæрты дзы бавнæлдтытæ кодта, стæй зынтæй сбырыд кабинкæмæ – кар дæр æмæ нозт дæр сæхи зонын кодтой. Æрбадт йæ бынаты æмæ хъуамæ скусын кæна тракторы, фæлæ – нæй! Нæ æмæ йын нæ кусы, раст ын, цыма афтæ дзуры «нозтджын дæ æмæ ацу, бафынæй кæн».

Лæг фæстæмæ æрхызт æмæ йемæ цыдæртæ архайы. Тракторы хъæлæба куынæ хъуыст, уæд Чызнал хæдзарæй рахызт æмæ йæ бустæгæнгæ фæрсы:

– Цæй, нæма скуыста?

– Уый цæмæй зæгъыс, не ‘фсин? – хъазгæмхасæнты йын йæхи афарста Симон.

– Цæмæй, цæмæй! Тракторæй, уæдæ ма æндæр цæмæй?

– О, о, уый скусдзæн. Зæгъын-ма арахъхъæй зæгъыс. Арахъхъ скуыста, трактор цыдæр йæ къæхтæ ныццавта, фæлæ уый дæр скусдзæн, уæдæ цы кæндзæнис.

Æмæ, æцæгæйдæр, ногæй кабинкæмæ куы сбырыд, уæд райхъуыст тракторы хъæлæба æмæ хуымы ‘рдæм Симоны рогæй, фæлæ хъуырхъуыргæнгæ скъæфта. Чызнал йæ фæстæ каст, цалынмæ фæзилæны нæ фæаууон, уæдмæ. Йæ зæрдæ тынг нæ тыхст, лæг нозтджын кæй уыд, уымæй – фыццаг хатт æй не скъæрдта, афтæмæй.

Фæлæ, æмбисондæн цæйау акæнынц, къокъа алы хатт дон нæ хæссы. Симонæн иу ран трактор бырцыл сивæрзт æмæ… йæ фарсыл æрфæлдæхт. Лæг ницы ныццавта, дуар бакодта æмæ уырдыгæй сбырыд. Æрхызт фæлдæхт тракторæй, иуварс алæууыд æмæ йæм кæсы:

– Цы, нуазгæ æз бакодтон æмæ фæлдæхгæ та ды акодтай?

Цы йын хъуамæ загътаид трактор. Бæргæ йæм фæхыл кодтаид, кæй йыл нæ хъæуы нозтджынæй бадын, фæлæ дзурын нæ зоны, æмæ…

Чызнал та йæм фæхыл кæндзæн, кæд ын ацы хатт зонд-зонæн уа, уæд.

Цымæ иуы азар иннæйы цæмæн басудзы. Уадз, трактор дæр уæд!

ÆЦÆГ РЫНЧЫНФÆРСÆГ

Иу зымæджы карзы дын сырдты паддзах Домбай куы рарынчын уаид. Æниу, рынчын дæр цас уыдис, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр ыл бахæцыд æхснырсæг. Паддзахы цардмæ, йе ‘нæниздзинадмæ алы сырд дæр цымыдис кæны æмæ æгас сырдтыл айхъуыстис, кæй рарынчын, уыцы хабар. Æгæрыстæмæй,  ныхъуыстис зæххы бын хуынкгæмтты сæ зымæгон бонтæ чи æрвыстой, уыдонмæ дæр. Æмæ дын æз фæраздæронæй рынчынфæрсæг цæуын куы райдаиккой паддзахмæ. Рынчынмæ та æнæ хуын цæуын аив нæу æмæ фæззæджы алыгъуызон хæринæгты æвæрæнтæ чи фæкодтой, уыдон сæ хуынтимæ тагъд кодтой сæ паддзахмæ. Уæртæ мыст дæр, иу чысыл хызын æхсæртæй йедзагæй йе ‘ккой, афтæмæй тындзы миты ныгъуылгæйæ. Уый зоны, йæ паддзах æхсæртæ кæй нæ хæры, фæлæ сæ уæддæр хæссы, цæмæй йын йæ хорзæх ссара. Фæлæ сырдтæй уыд ахæмтæ, кæцытæ æнæ хуынæй дæр цыдысты. Цæвиттон, зымæджы карзы йæ къухы цы хъуамæ айстаид Бирæгъ, кæд æмæ йæхицæн фырæххормагæй йæ гуыбын йе рагъыл сныхæст? Ницы разынд йæ лæгæты Арсæн дæр æмæ афтид армæй фæраст рынчынфæрсæг. Афтæ – чи хуынимæ, чи та æнæ хуынæй – алырæттæй митыл фæндæгтæ снадтой сæ паддзахы хæдзармæ.

Æдзух тызмæг чи уыд, уыцы паддзахæн йæ зæрдæ æрфæлмæн, афтæ бирæ сырдтæ йæм кæй цæуынц рынчынфæрсæг æмæ сæм йæ бæзджын хъæлæсæй адзырдта:

– Бузныг уын иууылдæр, мæ зынаргъ сырдтæ, афтæ тынг кæй тыхсут ме ‘нæниздзинадыл. Æниу, цæй рынчын дæн, чысыл мыл æхснырсæг бахæцыд, æндæр. Фæлæ уæддæр уæ хæсыл банымадтат, цæмæй мæ абæрæг кæнат, ацы карз зымæгон боны æрцыдыстут алы рæттæй æмæ ноджы тынгдæр банкъардтон, уæ паддзахы бирæ кæй уарзут. Бузныг уын ноджыдæр, мæ зынаргъ сырдтæ.

Сырдтæй алчидæр йæ фæндиæгтæ дзырдта Домбайæн:

– Тагъд цы сынæниз уай, уый дын Хуыцауы цæст бауарзæд, нæ цытджын паддзах!

– Бирæ нын фæцæр!

– Дæ къахы алгъæй дæр макуыуал схъæрз!..

– Дæхимæ кæс, паддзах, рæстæгыл дæхицæн схос кæн, æндæра уæдта исты карз низмæ асайдта.

Сырдтæ цыдысты дыккаг, æртыккаг бон дæр. Цалынмæ йе ‘хснырсæгæй бынтондæр не ‘ссæрибар, уæдмæ.

Рæстæг йæ цыды хай кодта. Фесты зымæджы карз бонтæ, аивгъуыдта уалдзæг, йæ кæронмæ фæхæццæ кæны сæрд дæр. Æмæ дын сырдты паддзах ахæм райдзаст, хъарм боны куы æруатон, æррынчын уаид. Æхснырсæг нæ, цавæрдæр æгъатыр низ йæ домбай уæнгтæм бахъуызыд æмæ бонæй бонмæ тадис, руадис. Иуныхасæй, мæлæты къахыл ныллæууыдис. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, иу стæмтæй дарддæр паддзахмæ рынчынфæрсæг ничиуал цыд.

Уæлдай фылдæр сырдтæ фенæн вæййы афæдзы ацы афон. Æрдз сын æнæвгъауæй алыгъуызон хæринæгтæ лæвар кæны æмæ сæ фæстæ зилынц, сæхи æфсадынц, зымæгмæ æвæрæнтæ кæнынц. Адæмы фос дæр сæм хæстæгдæр вæййынц æмæ кæмæн бантысы, уый дзы аскъæфы, аргæвды æмæ дзы йе стонг рæстæджытæ уайтагъд æрбайрох вæййынц. Стæй зымæгæй хъауджыдæр нырма уазал нæу, миты лæгæрдын сæ нæ хъæуы. Æнцонæй бафтынц, Домбай кæм цæры, уырдæм дæр, фæлæ, марадз зæгъ, кæд дзы бирæтæ бахизынц йæ къæсæрæй. О, æрлæууынц йæ лæгæты къæсæры раз, байхъусынц мидæмæ, фæлæ сæ хъустыл йæ уæззау хъæрзт, уынæргъын куы ауайы, уæд сæхи дарддæр уырдыгæй айсынц.

Чи абарæг кæны сæйæг Домбайы, уыдонæй иу у Арс. Мæнæ та йе ‘ккой дынджыр хызын, йæ мидæг хæринæгтæ, афтæмæй рараст рынчынфæрсæг. Арсæн ныр зын арæн не сты хæринæгтæ æмæ паддзах фылдæр цы уарзы, ахæм хæринæгтæ йемæ айсы.

Цæуы Арс йæ фæндагыл æмæ дын уалынмæ йæ дæлæты Бирæгъ куы ‘рбацæйлидзид. Афтидæй нæ. Йе ‘ккой уыд фысы мард, йæ хурхыл та йын йæ дæндæгтæй хæцыд.

– Бирæгъ, фæлæуу-ма! Цом Домбаймæ рынчынфæрсæг, дæ фысы фыдæй дæр ын авæрдзынæ!

Бирæгъ, æцæгæйдæр, фæлæууыд, фæлæ бирæ рæстæгмæ нæ. Фæкаст Арсмæ, стæй дарддæр атындзыдта йæ фæндагыл. Йæ дзых дзурынмæ не ‘вдæлд æмæ йын цы хъуамæ загътаид!

Цæуы дарддæр Арс æмæ иу къутæры бын суыдта Рувасы карчы хæргæ.

– Рувас, цом Домбаймæ рынчынфæрсæг, дæ карчы фыдæй дæр ын сихорæн авæрдзынæ, – бадзырдта йæм Арс.

– Бæргæ хорз уаид, рынчынфæрсæг ацæуын, фæлæ… – бакъултæ кодта йæхи Рувас, – фæлæ, уыныс æй, карк мæхи фаг дæр нæу. Стæй дзы йæхи куыд бафсаддзæнис, иу къæмсы фаг дæр ын куынæ уыдзæн.

Не сразы Рувас Арсы фæндыл æмæ та дарддæр цæуы йæ фæндагыл. Иу ран хъæды бацыд æмæ йæм зæронд бæласы къалиуæй æхсæрæг дзуры:

– Дæ хорзæхæй, Арс, ахæм уæзгæ хуынимæ кæдæм цæуыс?

– Куы йæ зоныс, Æхсæрæг, нæ паддзах мæлæтдзаг рынчын у. Зæгъын æй абæрæг кæнон. Дæу нæ фæнды рынчынфæрсæг æм бацæуын? – бафарста йæ Арс.

– Тынг мæ фæнды, куы йæ абæрæг кæнин æз дæр, фæлæ мын рæстæг нæй, зымæгмæ ме ‘вæрæнты куынæ байдзаг кæнон, уæд цæмæй хъуамæ цæрон. Дæуæн цы у, зымæгмæ дæ ницы цæттæ кæныны æфсæрм ис, рæстæг цы фæкæнай, уый нæ зоныс æмæ цæуылнæ хъуамæ цæуай рынчынфæрсæг.

– Рынчыны абæрæг кæнынæн  алчидæр хъуамæ ара рæстæг, уый хæрзиуæгон хъуыддаг у, Æхсæрæг, – дзуапп ын радта Арс, фæлæ йын йæ ныхæсты Тыртына нал фехъуыста, æндæр бæласмæ агæпп ласта, къалиутыл алыгъд æмæ та æндæр бæласы хъæбысы февзæрыд.

Ничи сразы ис Арсæн рынчынфæрсæг йемæ рацæуыныл, фæлæ уæддæр иууыл ахæмтæ нæ разындысты  баййæфта йæм цалдæр сырды.

РÆСТÆДЖЫТÆ ИВЫНЦ

– Жоржыкк йе ‘фсин Бабызоны кæрты дуарæй æрбахизгæ куы ауыдта, уæд йæ суджы къуыдыр сæттын фæуагъта æмæ йæ фæрсы:

– Диссаг дæм нæ кæсы, диссаг, Бабызон…

– Цы диссаг федтай, цы та ‘рцыдис? – æнæрхъæцæй йын йæхи афарста сылгоймаг.

– Бауадз мæ æмæ дын æй зæгъон, мæ хъуыры цы фæбадтæ…

– Цæй, дзур, цы ‘рцыдис…

– Ау, куыд цы ‘рцыдис? Уæртæ Керым ус куы ‘ркодта, уæдæй фæстæмæ сæ хæдзарæй чындзы цъæхснаг хъæр-хъыллист, загъд-замана йедтæмæ ницы хъуыстис. Ныр хæдзар цыдæр ныссабыр. Дæумæ диссаг нæ кæсы? Æниу… – фæкатайгъуыз лæг. – Уæдта дысон чындз æмæхсæвæджы йæ цæгатмæ фæлыгъд, гъе та марæн кæрдтæ райстой сæ кæрæдзимæ… О, хуыцау, фыдбылызæй сæ бахиз. Цымæ сæ абон уынæг ничи фæцис? Мæ хъус дарын æмæ сæ мæ цæст никæуыл схæцыд?

– Тыхсгæ ма кæн. Чындз иунæгæй баззад æмæ йæ хæйрæджытимæ хыл кодтаид?

– Æмæ Керым цы фæцис? Кæд, мыййаг…

– Æмæхсæвæджы чындз нæ, фæлæ Керым фæлыгъдис. Фос куы аздæхтон, уæд мын æй сыхы устытæ аппæлыдысты.

– Уый та куыд? Йæ хæдзарæй кæдæм фæлыгъд Керым? –  йæ цæстытæ астыртæ сты фырдисæй Жоржыкæн.

– Кæдæм фæлыгъд, уымæн ницы зонын, фæлæ кæмæй фæлыгъд, уый бæрæг у. Кæйонг, дам, фæцæудзæн, фæстæмæ, дам, йæ цыппæртыл æрбабырдзæн. Уый, дам, уыцы хæйрæджыты фæлдыст загъта. Фехъуыстай?

– Фехъуыстон, фехъуыстон, фæлæ сылгоймагæй нæлгоймаг йæ хæдзарæй лидзинаг фæуа, уый фыццаг хатт фехъуыстон. Уый дын ноджы иу диссаг… Цы загъдæуа, гъа!  Рæстæджытæ ивынц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.