Юмористон радзырд

Бимбол  хъæуæй рарст горæтмæ. Горæтмæ та хъæуккон лæг æнæхъуаджы  нæ фæцæуы. Чи уæййæгтæ базармæ æрласы, чи та магазинты истытæ алхæнынмæ. Уыдон ацæргæтæ вæййынц. Æрыгæттæм дæр сæхи хъуыддæгтæ вæййы – кæй театрмæ, киномæ бауайын фæфæнды, кæй атезгъо кæнын, кæмæн та йæ уарзонимæ фембæлд вæййы.

Бимбол уыдонæй сæ иутæм дæр нæ хауы æмæ иннæтæм дæр. Хъæуы цæры, фæлæ йæм уæййаг ницы ис. Раст у, дары цалдæр карчы, фæлæ йын уæймæ не ‘нтысынц – йæхи хъæуынц. Йæ цæхæрадоны иу къуымы цъæхыгтæ айтауы æмæ уыдон дæр йæхи хъæуынц. Ау, хæрын æй æппын ницы хъæуы? Æниу йе скъæт фосæй йедзаг куы уаид, йæ цæхæрадоны тыллæгæн ныккæнæн  куынæуал уаид, уæд дæр дын базары къæсæрæй уæй кæныны охыл йæ къах бавæрид! Бимбол уæйгæнæгæн нæ райгуырд.

Уыд рæстæджытæ æмæ йе скъæт, æцæгæйдæр, йедзаг уыд фосæй, йæ цæхæрадоны тыллæгæй зæрдæ рухс кодта, фæлæ уæд йæ ныййарджытæ сæрæгас уыдысты, йе ‘ртæ хойы моймæдзыдтæ нæма уыдысты æмæ уыдон куыстой. Куыстой сæ иунæг нæлбындарæн. Æмæ хъаны цард кодта.

Фæлæ рæстæг цыд, ныййарджытæ се ‘нусон бæстæмæ афардæг сты, хотæ та сæ амæндтæ ссардтой. Хъал, сæрыстыр Бимболæн цы бынтæ ныууагътой, уыдон ихсыйын райдыдтой. Ихсыдысты, ихсыдысты æмæ ма йæ дыууæуæладзыгон хæдзары æрмæстдæр зæронд дзаумæттæ аззадысты. Æмæ, ома, уæд дæр йæ астæу куыстмæ æртасыд! Куыннæ стæй! Уыимæ ма йын ус æркæнын дæр нæ бантыст – чызджыты ‘хсæн йæ аккаг нæ ардта, æви, цæйау акæнынц, æнæфæныкæй хъал кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ничи разы кодта, уый  зын зæгъæн у. Бæлвырд уый у æмæ йæ усгуры карæй раджы кæй ахызт – æрæджы пенси исын райдыдта. Фæлæ дын йæ карыл дæр сæтты! Йæхимæ кæсын зоны. Æрвылбон дæр – булкъдаст, йæ сæры хъуынты æнгуылдзтæ æмбæхсын райдыдтой – алвыны сæ. Йæ дарæс – сыгъдæг, æгæрыстæмæй хæдзары дæр костюмтæ дары, æз дын зæгъон æмæ йæ йæ куыстытæ домынц. Риу – схъæл, уæхсджытæ æдзух – фæстæмæхæст. Йæ бакаст дæр ын йæ къух аразы – йæ карæй бирæ æрыгондæр зыны. Сæрыхъуынтæ иууылдæр сæ –  бынаты, уадултæ – нарст, рихиты иу урс хил нæма ис. Цæмæй нæу усгур лæппу!

Ахæм у Бимбол. Ахæмæй фæцæуы горæтмæ дæр. Цæмæй йæ сæр алвына, фæцыбырдæр кæна сæрыхъуынты. Кæд уадиссаг нæ радаргъ сты, уæддæр æм афтæ каст. Нæ уарзы хъуынджын сæр, бынтон йæ удхæссæг та, сылгоймагау дзыккутæ чи рауадзынц, уыдон сты.

Бимбол горæты хилдасджытæй алкæйы æрмдзæф дæр базыдта, фæлæ дзы горæтмæ ныгуылæнæрдыгæй бахизæны иу чысыл хилдасæны иунæгæй чи кусы, уый йæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы. Йе ‘лвыд йæ зæрдæмæ цæуы. Æмæ уырдæм бацыдаид, фæлæ уымæй чысыл дарддæр ног хилдасæн бакодтой æмæ уырдæм йæ зæрдæ ахсайдта. «Чизоны уым хуыздæр æлвынынц», – ахъуыды кодта Бимбол æмæ цы хилдасæнмæ цæуын уыд ахуыр, уымæн йæ иувæрсты дарддæр ацыд. Æниу æй цы хилдасæнты рацу-бацу кæныны сæр хъуыдис, сæ хъæуы дæр ис, сæр хорз чи æлвынынц, ахæмтæ, фæлæ дын уыдоны йæ сæрмæ хæссы, уыдоныл æввæрсы!

Ног хилдасæны къæсæрæй бахизгæйæ, йæ цæст хилдасæгæй дарддæр никæуыл схæцыд. Æрыгон, фидæрттæконд лæппу йæхæдæг бадт хилдасæн къæлæтджыны æмæ, йæ къухты хæсгардæй хъазгæйæ, йæхицæн ныллæг хъæлæсæй зарджытæ кодта:

Сæрæлвынæг æм кæй ничи уыдис, уый йын иуæй æхсызгон уыдис, иннæмæй та – хъыг. Æхсызгон уый тыххæй æмæ йæ рады лæууын нæ хъæуы, хъыг та – кæд, зæгъгæ, мыййаг æлвынын нæ зоны æмæ йæм уымæн ничи цæуы. «Цæй, нырма ног хилдасæн у æмæ йæ адæм, æвæццæгæн, нырма нæ зонынц», = ахæм ныфсы хъуыдыимæ хилдасæгмæ бадзырдта:

– Мæ сæр мын куы алвынис…

Лæппу фæгæпп ласта æмæ йын къæлæтджынмæ ацамыдта:

– Æрбад-ма, мæ фыды хай, æмæ дæ ныртæккæ усгур лæппу фестын кæнон, – зындис ыл, хъæлдзæг лæппу кæй у.

Бимболæн хилдасæджы хъазæн ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Иуæй йæм йæ фыды хай бадзырдта, цыма афтæ зæронд у. Зæронд æй кæй хоны, ууыл дзурæг сты йæ ныхæстæ «усгур лæппу дæ фестын кæнон», зæгъгæ, уыдон дæр. Бимбол та нырма ахæмыл йæхи нæ нымайы æмæ йын хъуамæ бауайдзæф кодтаид, фæлæ йæ дзыхыл фæхæцыд, æрмæст ма ралæмæрста:

– Æгæр æрдаргъ сты æмæ сæ чысыл фæцыбырдæр кæн.

– Цыбыр нæ, фæлæ чысыл фæстæдæр сæ кой дæ сæрыл æппындæр нал уыдзæ-нис, – хæсгарды йæ амонæн æнгуылдзыл зилы, афтæмæй зæгъы лæппу.

– Рæбыныл сæ нæ хъæуы æлвынын, фæуадз ма дзы, æндæра исчи афтæ ахъуыды кæндзæнис, цыма ахæстоны бадтæн, – йæхи фæгæмæл кодта Бимбол.

– Цæй, ахæстоны абадын ныры рæстæджы ахæм диссаг дæр нæу…

– О, фæлæ исчи цæмæн афтæ хъуамæ æнхъæла, цыма дзы бадтæн, кæд æмæ никуы ницы фыдракæнд сарæзтон.

– Бамбæрстон дæ, бамбæрстон. Ныртæк-кæ дæ цахæм æлвыд сæр хъæуы, ахæм дын уыдзæнис æмæ бæлдзынæ, цæмæй та дыл ногæй тагъддæр разайой æмæ та мæ разы ногæй æрбадай.

«Йæ ныхæстæм гæсгæ хъуамæ æвзæр æлвынæг ма уа», – ахъуыды кодта Бимбол æмæ æрдæгкъæлæтджыны æрбадт, æр-ыгъуылд.

– Афтæ, гъе! – райгондæй бакодта æмæ йæ акомкоммæ къулыл конд стыр айдæны йæхимæ кæсынтыл схæцыд.

– О, фæлæ ма… – цыдæр хъуамæ загътаид хилдасæг, фæлæ йæ Бимболы фарст фæурæдта:

– Цы ма у?

– Зæгъын, ныртæккæ модæйы уырынгтæ-уырынгтæ æлвыд дæр ис. Кæд дæ, мыййаг, ахæм æлвыд нæ фæнды?

– Уый та ма цавæр æлвыд у? Сæгъæл-выд?

– Нæ йæ зонын æз дæр, фæлæ ис, ахæм æлвыд, сæ зæрдæмæ кæмæн цæуы…

– Сæлвын мын мæ сæр, куыд æмбæлы, афтæ æмæ къæбæда ныхæстæ ма кæн, – йæхи та фæтызмæг кодта Бимбол.

– Цæй, кæд афтæ у, уæд… – бахъуыр-хъуыр кодта хилдасæг æмæ æнæдзургæйæ æрæвнæлдта йæ куыстмæ.

Æлвыны хилдасæг Бибмболы сæры. Къæбутæй райдыдта. Фыццаг рахис хъусы ‘рдæм, стæй та – галиу хъусы. Æз дын зæгъон, нырыккон сæрылвынæн машин-кæйыл рахæц-бахæц хъæуы, баиу æй кодтай токмæ æмæ заргæ æлвыны кæй-фæнды æмæ цахæмфæнды сæры дæр. Фæлæ хилдасæн машинкæ фæсхъустæм дзæбæх не ‘рæхсы æмæ лæппуйы къухты февзæ-рыд, чысыл раздæр цы хæсгардæй хъазыд, уый. Æрчъеппытæ ласта, рахис хъусы сæрмæ цы даргъ хъуынтæ аззадысты, уыдоны. Бавнæлдта дыккаг хъусы фæстæ-мæ дæр. Хæсгард цалдæр чъеппы куыд æркодта, афтæ фæкæс æмæ… йæ дзыхмæ Бибмболы хъусы цъупп куы бахауид. Æмæ уый дæр æрчепп ласта. Хъусы цъупп асхъиудта æмæ æлвыд сæрхъуынты астæу смидæг.

Бимболæн дын йæ богъ-богъ-æрдиаг куыннæ ссыд! Хъусмæ фæлæбурдта, фæлæ байрæджы. Æнгуылдзтæ бауымæл сты, æркаст сæм æмæ – тугæй самæхстысты.

– Цы бакодтай уый, æнаккаг! Мæ хъус мын ахауын кодта! Дæ мад æмæ дæ фыдæн… – фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта Бимбол. Æппынфæстаг, фæгæпп ласта, æввахсдæр балæууыд айдæнмæ æмæ саджил хъусмæ кæсынтæ систа, стæй йæ дзыппæй йæ къухсæрфæн фелвæста æмæ йын йæ тугтæ арæхстгай райдыдта сæр-фын.

– Мæ хъус мæ уæлæ нал ис, адæммæ ма куыд рацæудзынæн, кæуæгау кæны.

– Цæй, цæуыл æрдиаг кæныс, афтæ æнхъæлыс, мæн фæндыд, – тынг нæ бакатай кодта йæ ракæндыл, афтæмæй йын дзуры хилдасæг æмæ йæ цæнгты хæцъæф-тæ сæлхъывта, ома, мын цы ракæндзынæ. – Ахæм стыр чъылбыз дæр дзы не слыг. Цы ‘рцæуы, уымæн хос нал вæййы. Ис ма дыу-уæ амалы: кæнæ иннæ хъусы дæр раст аф-тæ алыг кæнæм, кæнæ та даргъ сæрхъуын–тæ дарын бахъæудзæн, цæмæй лыг хъус æмбæхст уа.

– Ноджы ма мын иннæ хъусы дæр лыг кæныс, куыдзы хъæвдын! – фæхъæр ыл ласта Бимбол æмæ йыл йæхи ныццæвыны æввонг скодта. Фæлæ уæдмæ хилдасæны дуар байгом æмæ мидæмæ бахызт иу астæуккаг кары адæймаг æмæ дыууæ дæр сæ цæстæнгас уымæ аздæхтой. Бимбол æй, йæ сæр æлвынинаг кæмæн у, ахæм фенхъæлдта æмæ йæм дзуры:

– Аздæх фæстæмæ! Ам сæр не ‘лвынынц! Ам хъустæ чъеппытæ кæнынц!

– Цы хабар у, цы ‘рцыдис? – дыууæмæ дæр нымдзаст, афтæмæй дзуры æрба-цæуæг.

– Ницы, мæнæ, зæгъын, цалынмæ фæс-тæмæ здæхай, уæдмæ ацы лæгæн йæ сæр алвынон æмæ… æмæ мын йæ хъус алыг, чъылбыз дзы схауд… – йæ аххос зонгæйæ, нымдæй дзуры лæппу.

– Æмæ дæ чи æлвынæг кодта, æрхъæцмæ нал лæууыдтæ? Кæд лæг тагъд кодта, уæд æй ауагътаис! – хæцынтæ систа лæппуимæ бацæуæг.

– Зæгъын, æз дæр мæхи ацахуыр кæнон…

– Хилдасæг ды дæ? – фæрсы йæ Бимбол.

– Æз дæн хилдасæг. Хатыр, афтæ кæй рауад…

– Мæ сæрæй мын фæхынджылæг кодта…

Бимбол, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ хъус дæр ачепп кæныны тыххæй уыцы къæбæдайы фæндыл не сразы, фæлæ йæ, æцæгæйдæр, йæ сæрыхъуынтæ æруадзын кæй бахъæудзæн, ууыл æрлæууыд. Ныр та уал аивтæй, уынгты цæуджытæй йæхи хизгæйæ, ахызт горæтæй æмæ йæ фæндаг адардта йæ хъæуы ‘рдæм. Ам ыл æмбæл-джытæ нæ разынд, хъæуы дæр афтæ, æмæ баивæрзт йæ хæдзармæ.

Уæдæй фæстæмæ адæмы ‘хсæнмæ, зæгъæн ис æмæ нал цыд. Æмæ иу кæд фæзынд, уæддæр сæрдыгон, спортивон даргъкъепкъæджын худы. Арф-иу æй æрсагъта, дыууæ хъусы цъуппы дæр куыд æрцахстаид, афтæ æмæ-иу уæд фæзынд се ‘хсæн. Æмæ дис кодтой адæм: ай уал азы фæцард æмæ ахæм худ куыникуы дардта, уæд ныр цы систа? Фæлæ стырдæр диссæгтæ дарддæр ныххал сты Бимболы цар-ды. Сæрыхъуынтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæзтысты, рæзтысты æмæ йын йæ хъусты се ‘мбистæм бамбæхстой. Нал зындис гом-гæрццæй йæ къуда хъус æмæ йæ къепкъæджын худы сæр дæр афтæ арæх нал хъуыд. Æмæ та дын йæ хъæубæстæ хъус-хъус сис-той, кæрæдзийы фарстой, йæ сæрыл уæлдай хъуын куынæ быхста, уæд сæ ныр дзык-кутау цæмæн æруагъта? Фæлæ цас хъуамæ сусу-бусу кодтаиккой, æрцахуыр та йыл сты.

Дарддæр та цы ‘рцыд? Уый, æмæ дын куы бавдæлид æмæ йæхицæн ус куы æрхæссид. Æвæццæгæн, чызджыты зæрдæмæ хъуынджынсæр лæппутæ тынгдæр цæуынц æмæ дзы сæ иу йæ хæдзармæ фæндаг куы ссарид. Æмæ дын йæ царды уаг бынтондæр куы фæивид. Ныййарджытæ, хотæ кæй астæу не ‘ртасын кодтой куыстмæ, уыцы Бимболы æртасын кодта йæ цардæмбал. Ныр акæс йæ цæхæрадонмæ – белы бырын-къæй йæ иууылдæр сфæлдæхта, цы дыргъ-бæлæстæ дзы уыд, уыдоны бахсæста æмæ рафидыдтой.

Уæдæ скъæты дæр фæзындысты фыццаг цæрæгойтæ. Йæ каистæ йын иу дыгæрдыг радтой – уалдзæджы чи ныззайа, ахæм æмæ йын æй рæбынæй æрбæттын кодтой. Самал кодтой иу дзæргъ æмæ йын тагъд хъыбылтæ хъуамæ уа. Фæфылдæр сты сæ кæрчытæ дæр.

Фæлæ уæддæр сæйраг уыдон нæ уыдысты. Сæйраг уыд, йæ хæдзарæй сывæл-лоны кæуын кæй айхъуыст. Йæ цардæмбал ын фырыхъулы хуызæн лæппу ныййардта æмæ уæдæй фæстæмæ бынтон аныгъуылд хæдзары æрвылбонон аудинæгты.

Ныр сыхагæй, хæстæгæй, хионæй дис кæнынц æмæ сæ фæнды базонын: ау, цы йæ баразæнгард кодта, æппынфæстаг, йæ цард æрнывыл кæнынмæ? Фæлæ йын бæстон дзуапп нæ арынц. Иутæ зæгъынц, æвæццæгæн, йæхиуыл æрхудт, æндæртæ фæзæгъынц, æвæццæгæн, йæ зæры бонты иунæгдзинадæй фæтарст. Вæййы сæм æндæр хъуыдытæ дæр, кæцытæй иу дæр раст нæ вæййы. Бынтон раст дзуапп радтын Бимболæн дæр йæ бон нæу, фæлæ ацы фарстыл хъуыды кæнгæйæ, цæмæдæр гæсгæ йæ цæстытыл ауайы уыцы æнæхайыры лæппу. Хæсгардæй чи хъазыд, йæ сæр ын чи æлвыдта æмæ йын йæ хъус чи ачъепп ласта. Хорз æй бахъуыды кодта. Уæдæй фæстæмæ ма йыл дыууæ хатты сæмбæлд. Фыццаг хатт æй горæты уынджы федта, ацы цау куы ‘рцыд, уымæн йæ хæдфæстæ. Цас фæкаст йæ фæстæ! Йæ маст сног æмæ загъта, аййафон æй æмæ йын ахъазджытæ фæуон, фæлæ иуæй йæ ныфс нæ бахаста, иннæмæй та йæм аив нæ фæкаст адæмы ‘хсæн йемæ хыл кæнын. Уый хыгъд æй йæхи нымæры цас фелгъыста, цас! Дыккаг хатт дæр æй горæты федта. Уый та хæрзæрæ-джы уыдис. Кæрæдзийы ныхмæ цыдысты, базыдтой кæрæдзийы. Лæппу бахудæгау кодта, æвæццæгæн загъта, мæнæ гъе, кæй хъус атæхын кодтон, уый! Бимбол æм раздæ-рау нал мæсты кодта, уымæн æмæ йæ уыр-ныдта, хилдасæны уыцы хъыгаг хабар куы-нæ æрцыдаид, уæд йæ царды дæр ахæм ивындзинæдтæ не ‘рцыдаид. «Цы у иу хъусы цъупп, йæ фæстæ цы хъуыддæгтæ æрцыдис, уыдоны цур» – искæмæн нæ, фæлæ йæхинымæры фæзæгъы Бимбол. Æмæ мæ-нæй-ма! Уыцы хæсгард хъусы æрчъеппимæ фæлыг кодта йæ уды мæнг сæрыстырдзинады дзæкъулы ком, æртæбæкк, æмæ йæ ныр, æрæджыйау, йедзаг кæнын райдыдта æцæг сæрыстырдзинады царддæттæг уæлдæфæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.