Чиныгкæсджытæ хорз зонынц периодикон мыхуыры цы журналтæ цæуы, уыдоны рæстæгæй-рæстæгмæ Кавказы республикæты фысджытæ кæрæдзи уацмыстæ кæй фæмыхуыр кæнынц. Вæййы афтæ æмæ æнæхъæн журналы номыр  лæвæрд æрцæуы сыхаг регионы фысджытæн аив тæлмацгондæй.

Ахæм сфæлдыстадон бастдзинæдтæ ис æндæр регионтимæ журналтæ “Мах дуг”, “Дарьял”  æмæ “Ногдзау”-æн дæр. Ныр уыцы фæрныг традицитæ дарддæр кæны журнал “Мах дуг”-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ дæр.    Журналы 11-æм номырмæ хаст æрцыдысты Кæсæг-Балхъары фысджытæ Муталип Беппаев, Хасан Шаваев, Мадина Хакуашева, Светлана Моттаева, Амина Газаева, Магомед Кудаев æмæ иннæты уацмыстæ ирон фысджыты тæлмацгондæй. Уый фæдыл, бузныг зæгъынмæ, сфæлдыстадон бастдзинæдтæ сфидар кæныны нысанимæ æрæджы Дзæуджыхъæумæ æрбацыдысты амынд республикæйы фысджытæ: Кæсæг-Балхъары Фысджыты цæдисы сæрдар Муталип Беппаев, Аскер Додуев æмæ Амир Макоев.

Фысджыты цæдисы бæстыхайы уазджытыл зæрдиагæй фембæлдысты фысымтæ: Мыхуыры комитеты сæрдар Фидараты Юри, Культурæйы министры хæдивæг Мамсыраты Сослан, Цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, йæ хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, “Мах дуг”-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ,  Цомартаты Изæтбег, Гусалты Барис, Касаты Батрадз, Колыты Витали, стæй журналисттæ.

Фидараты Юри арфæ ракодта уазджытæ æмæ фысымтæн, советон дуджы фæзминаг традицитæ кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Уæлдай бузныг загъта Агънаты Гæстæн æмæ Хетæгкаты Оксанайæн, ацы фембæлд уыдон хъæппæрисæй арæзт кæй æрцыд, уый фæдыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй фысджытæ кæрæдзи уацмыстæ кæй мыхуыр кæнынц, уымæй фидардæр кæны адæмты хæлардзинад, у хорз хъомыладон фæрæз кæстæр фæлтæрæн дæр. Юри ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй ахæм уацмыстæ æнæмæнг хъæуы интернеты сайты æвæрын, цæмæй сæ кæстæр фæсивæд дæр кæсой.

Хæлардзинадыл, сфæлдыстадон бастдзинæдтыл уыд йæ ныхас Муталип Беппаевæн дæр. Радзырдта сæ республикæйы мыхуыры уавæры, сфæлдыстадон æнтыстдзинæдты, бастдзинæдты, стæй фидæны планты тыххæй. Зæрдиаг бузныг ма загъта, “Мах дуг”-ы сын сæ уацмыстæ чи ратæлмац кодта, уыцы фысджытæн: Дауыраты Дамирæн, Гусалты Барисæн, Касаты Асланæн, Касаты Батрадзæн, Хуыгаты Сергейæн æмæ Бутаты Победæйæн. Уый фæстæ Кæсæг-Балхъары Фысджыты цæдисы номæй грамотæтæ радта ирон фысджыты иу къордæн.

Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ йæ ныхасы сæйрагдæр æрлæууыд Джусойты Нафи æмæ Хъай-сын Кулиевы хæлардзинадыл: “Ацы дыууæ фыссæджы хæлардзинадæн аргъ нæй. Нафи арæх цыд Хъайсыны бæрæггæнæг, нырмæ Хъайсыны  удæгасæй, стæй  йæ мæлæты фæстæ дæр æдзух цыд йæ ингæн бæрæггæнæг. Уыдон æнгомдзинад цæвиттонæн хæссынц абон. Ацы аз Нафи æмæ Джыккайты Шамилæн сæ юбилейон азтæ кæй сты, уый фæдыл мах журналы 2-æм номыр сæрмагондæй цæттæ кæнæм сæ номыл. Уым, кæй зæгъын æй хъæуы, сты кæсгон фысджыты мысинæгтæ дæр.

“Мах дуг” дарддæр æххæст кæндзæн, нæ сыхаг республикæты фысджытимæ хæларады æмæ сфæлдыстадон бастдзинæдтæ. Табуафси, фыссут нæм. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ‘рмæст мах кæй не стæм ахæм фæрныг фысымтæ: Цæгат Кавказы республикæты литературон журналтæ дæр ирон фысджыты сфæлдыстадимæ рагæй зонгæ кæнынц сæ кæсджыты. Æмæ нæ ныфс ис, фидæн бон дæр уыцы архайд кæй нæ фæсыкк уыдзæн, æнтыстджынæй йæ кæй хæццæ кæндзыстæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ”.

Скъодтаты Эльбрус куыд фехъусын кодта, афтæмæй, Кавказы республикæтимæ цæмæй не сфæлдыстадон бастдзинæдтæ ноджы сфидардæр уой, уый тыххæй цæттæ кæнынц иумæ-йаг æмбырдгонд “Рукопожатие”, зæгъгæ.

Фембæлды архайджытæй алчидæр загъта йæ хъуыдытæ фидæны æмгуыстады тыххæй, ныхас ма цыд кæрæдзи уацмыстыл, дзырдтой хъæлдзæг мысинæгтæ.

Ацы ахсджиаг фембæлды фæстæ уазджытæм æнхъæлмæ кастысты æндæр культурон мадзæлттæ.                                                                     

Джусойты Нина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.