Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг кæд ацы бæрнон бынаты æрæджы райдыдта кусын, уæддæр фыццаг бонæй фæстæмæ тыхсы цæрджыты риссагдæр фарстатæ æрбæстон кæныныл, фылдæр хатт йæхæдæг бабæрæг кæны уавæр æмæ уый фæстæ æрæвналынц йæ сæххæст кæнынмæ. Цæвиттон, фæстаг бонты нæ республикæйы цы мит æруарыд, уый районы бирæ хъæуты цæрджытæн зындзинæдтæ сæвзæрын кодта. Бæрзонд бынæтты мит фылдæр æруары æмæ дзы фæхай сты Уæллаг Тъбеты цæрджытæ дæр. Районы сæргълæууæг, хъæуы цæрджыты тыхст уавæр базонгæйæ, бахæс кодта æмбæлон службæйæн, цæмæй сæм цы фæндаг цæуы, уый митхъæпæнтæй асæрибар кæной. Æмæ митхафæн техникæ бавнæлдта йæ куыстмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ ахафтой фæндаджы митæй.

                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.