20-æм майы Волгоградмæ, нæ национ киностуди «Allonfilm» хуынд æрцыд æфсæддон-патриотикон кинонывты X-æм æхсæнадæмон фестиваль «Æнусон арт»-мæ.

Ацы фестивалы ма уыдон хайад райстой ивгъуыд аз дæр. Сæ аивадон-документалон киноныв «IRON VANDEE» уæд райста сæрмагонд приз «Хуыздæр сценари»-йы номинацийы.

Киностуди «Allonfilm» арæзт æрцыд цалдæр азы размæ Мамиты Григорийы хъæппæрисæй. Компанийы сконды ма сты Бестауты Юля, Хаситы Михаил æмæ Цхуырбаты Сергей.

«Киностудийы куыст здæхт у Хуссар Ирыстоны ивгъуыд æмæ ныры дуджы хъайтарты нæмттæ сæнусон кæнынмæ, æмæ сæ уæрæх экраныл равдисынмæ. Нæ къухы райдианы ницы уыд, историон цаутæ равдисын æмæ сæ экранмæ рахæссыны йедтæмæ. Æнæкæрон бузныг Президент Бибылты Анатолийæн! Уый нæ сифтонг кодта  киноныв исынæн хъæуæг  аппаратурæйæ», – зæгъы Мамиты Григори.

Уый ма радзырдта, ацы аз та X-æм æхсæнадæмон фестиваль «Æнусон арт»-мæ кæй бавдисдзысты дыууæ документалон киноныв «Фарастæй иумæ» æмæ  «Пари со смертью». Дыууæ киноныв дæр сты ирон адæмы хъайтардзинадыл. «Фарастæй иумæ» арæзт æрцыд хæстон цаутыл, фараст ирон лæппуйы хъайтардзинадыл. 2008 азы августы, цалынмæ УФ-йы æфсад не ‘рцыд æххуысмæ. Тъбеты хъæуыл цы бирæ хотыхджын гуырдзиаг æфсад æрбахызт, уыдоны куыд урæдтой Мидхъуыддæгты министрады разысгæрсты сæрмагонд къорд. Кинонывы центры сты ацы къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ  йæ хæстон æмбал Джиоты Азæмæт (Пантера), кæцытæ хъæбатырæй фæмард сты уыцы тохы.

«Пари со смертью» та дзуры Паддзахадон æдасдзинады раздæры æнæштатон кусæг, бирæ паддзахадон хорзæхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Паддзахадон æдасдзинады комитеты бахæсмæ гæсгæ сразы ис Гуырдзыстоны сæрмагонд службæтимæ кусыныл. Æмæ уымæй бахызта нæ горæты цалдæр терактæй. Куы йæ базыдтой, дывæр хъазт кæны, уæд ын йæхицæн сарæзтой теракт. 2008 азы марты мæйы Гуырдзыстоны спецслужбæтæ æвзонг лæппуйы машинæ спырх кодтой æмæ уый фæстиуæгæн йæ дыууæ къахы дæр бахъуыд алыг кæнын.

«Ацы кинонывæн, мæнмæ гæсгæ, хорз фидæн ис, уымæн æмæ сæйраг хъайтарæн ис ирд,  фæлæ уæззау хъысмæт. Фылдæрбæрцæй киноныв æнцой кæны Колыты Иналæн йæхи мысинæгтыл. Гуырдзыстоны спец-службæтæ мастисæн кæй кæндзысты, уый зонгæйæ, Инал цалдæр мæйы арвыста Цæгат Ирыстоны, рахицæн ын æрцыд хъахъхъæнджытæ дæр, фæлæ йæ уый дæр нæ аивæрзын кодта гуырдзиаг мастисджытæй. Срæмыгъд фæдих кодта Колыты Иналы, 26-аздзыд лæппуйы цард дыууæ хайыл. Уый ныртæккæ у сæрæгас, цæуы дыууæ протезы æнцой», – зæгъы Мамиты Григори.

Кинонывы режиссер куыд зæгъы, афтæмæй сюжет цымыдисон у,  ирдæй дзы равдыста, гуырдзиаг сæрмагонд службæтæ бастдзинад кæй агуырдтой, гуырдзыимæ бастдзинад кæмæн уыд, ахæм бинонты ‘хсæн. Иналæн дæр йæ мад гуырдзиаг у. Инал йæхæдæг кинонывы зæгъы:   «Æрæгмæ сразы дæн Гуырдзыстонимæ дывæр хъазтыл, уымæн æмæ æмбæрстон, уый тæссаг хъазт кæй у. Фæлæ тарстæн, куы ссардтаиккой ахæмты, кæцытæ сын сæххæст кодтаиккой сæ æнаккаг фæндтæ. Афтæ райдыдта мæ дыккаг цард… Æз фæсмон  ницæуыл кæнын».

Мамиты Григорийы ныфс ис, ацы документалон фильм аккаг бынат кæй бацахсдзæнис фестивалы.

                             УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.