Нæ национ мыхуыры рагæй фæстæмæ хистæр фæлтæртæ цы фæрныг традицитæ сæвæрдтой, уыдон дарддæр чи хæццæ кæны, уый стыр арфæйаг хъуыддаг аразы. Уыцы традицитæй иу у Кавказы иннæ республикæтимæ æмгуыстады бастдзинæдтæ аразын, кæрæдзи уацмыстæ тæлмацгондæй мыхуыр кæнын, сæрмагонд номыртæй сæ уадзын, сфæлдыстадон фембæлдтытæ аразын, кæрæдзи фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын…

Журнал «Мах дуг»-ы хистæр фæлтæр уыцы æмгуыстадæн цы бындур сæвæрдтой, уый абон рæсугъдæй дарддæр хæссы æмæ Кавказы регионты сфæлдыстадон организациты ‘хсæн æнтыстджын архайд кæны журналы сæйраг редактор, Салих Гуртуевы номыл Цæгат Кавказы Фысджыты клубы вице-президент, регионалон хайады сæрдар Хетæгкаты-Уаниты Оксанæ. Афтæ куы зæгъон, нæ журналы Кавказы фысджыты сфæлдыстад алывæрсыгæй æвдыст æрцыд, уæд уый раст уыдзæн. Сæрмагонд номыртæй нæм арæх рацæуынц кæсгон, абхазаг, цæцæйнаг фысджыты уацмыстæ тæлмацгондæй. Сæ рады уыдон дæр сæрмагонд номыртæ арæх рауадзынц «Мах дуг»-ы æрмæджытæй.

Ацы аз дæр та «Мах дуг»-ы 2-æм номыр лæвæрд æрцыд Цæцæны фысджыты уацмыстæн. Уымæй стыр лæвар ракодтой ирон журнал кæсджытæн дæр æмæ йæ автортæн дæр. Уыцы диссаджы уацмыстæ кæй зæрдæ нæ бацагайой, ахæмтæ нæ разындзæн. Се сфæлдыстады сæйраг æргом здæхт æрцыд, 50-æм азты цæцæн сæ бынæттæй хасты куы фесты, уæды цаутæм.

17-æм майы журналы ацы сæрмагонд номырæн Дзæуджыхъæуы Национ библиотекæйы арæзт æрцыд презентаци. Йæ нысан уыд, журналкæсджытæ фæсаууонмæ кæй бауарзтой, уыцы цæцæйнаг фысджытимæ базонгæ уæвын, журналы æрмæджытыл æрдзурын.

Мадзалмæ æрбацыдысты дагестайнаг фыссæг, Кавказы Фысджыты клубы Президент Миясат Муслимова, цæцæйнаг фысджытæ: журнал «Вайнах»-ы прозæйы хайады редактор Сулиман Мусаев æмæ «Вайнах»-ы сæйраг редакторы хæдивæг, публицист Саламбек Алиев.  Хетæгкаты Оксанæ уазджытæ æмæ фысымтæн цыбырæй радзырдта журналы æрмæджытæ æмæ ацы проекты тыххæй:

«Ацы арфæйаг хъуыддагæн бындур сæвæрдтой журналы хистæр фæлтæры кусджытæ æмæ мах хæсджын стæм, ацы культурон, литературон бастдзинæдтæ дарддæр хæссæм. Ацы проект нæ ноджы æнгомдæр кæны нæ сыхаг республикæтимæ. Ис ын стыр ахадындзинад, йæ хъуыды у арф. Уымæн æмæ фыссæг кæддæриддæр уыд æмæ у йæ адæмы цинтæ æмæ хъыгтæ æвдисæг æмæ сæ тæлмацы руаджы иннæ адæм дæр базондзысты. Зæгъæм, цæцæйнаг уацмыстæ кæсгæйæ сын базыдтам се стыр трагеди, нырмæ кæй нæ зыдтам, ахæм цаутæ. Ацы æмгуыстады фæлгæтты нæм бирæ фæндтæ ис. Ныр та сæрмагонд номыр цæттæ кæнæм дагестайнаг фысджытæн. Нæ куысты сæйраг нысан у, цæмæй зæронд традицитæ фæцудын ма бауадзæм, стæй нæ литературон фæсивæдæн журналмæ фæндаг радтæм. Уырны мæ, абон Кавказы Фысджыты клубмæ кæй райстой, уыцы æрыгон фысджытæ бæрнондæрæй кæй архайдзысты иумæйаг проектты æмæ сæ курдиат хуыздæр кæй райхæлдзæн ».

Уазджытæ æмæ фысымты ‘хсæн сæйрагдæр ныхас цыд журналы æрмæджытыл. Уацмысты тæлмацгæнджытæ Гусалты Барис, Бежаты Фаризæ æмæ Тъехты Тамерлан æрдзырдтой журналы æрмæджыты стыр ахадындзинадыл, сæ тæлмацтыл куыд куыстой.

Фаризæ, Муса Бексултановы æцæг цауты бындурыл фыст зындгонд радзырд «Донбакæлæн «крест»-ы зæрдæхалæн трагеди афтæ бæрæгæй равдыста, йæ хъайтар, хъæбатыр хæстоны уды рыст дзы афтæ бæлвырдæй разынд æмæ дзы зæрдæ бамæгуыр вæййы.Йæ тæлмацгæнгæйæ цы æнкъарæнтæ бавзæрста, йæ удæй йæ куыд банкъардта, ууыл уыд йæ ныхас.

Къаддæр трагикон нæу Сулиман Мусаевы радзырд «Къомсийы ад». Ацы уацмыс у фыссæгæн йæ фыдыфсымæры номарæн, кæцы,  хасты уæвгæйæ, æртæаздзыдæй æххормагæй амард æмæ йæ чысыл ингæн æвæдæй фесæфт Кустанайы æгæрон быдырты. Йæ тæлмацыл ын куыд куыста, уый тыххæй радзырдта Гусалты Барис.

Æмгуыстады проекты, стæй журналы уацмысты тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой æмæ уацмысты автортæн арфæ ракодтой Мыхуыры комитеты сæрдары хæдивæг Габалова Мадинæ,  ЦИПУ-йы ирон факультеты декан Гуыриаты Эльвирæ, поэт Касаты Батрадз, аивадиртасæг Черджиаты Иринæ æмæ иннæтæ.

Уазджытæ бузныг загътой, ахæм диссаджы проект царды уадзыныл зæрдиагæй кæй архайынц журналы коллектив æмæ радзырдтой сæ куысты, сæ фидæны пъланты тыххæй. Миясат Муслимова радзырдта Кавказы Фысджыты клубы куысты тыххæй æмæ клубы уæнгты æвдисæндартæ радта Гусалты Барисæн, Хетæгкаты Оксанайæн, Касаты Батрадзæн, Тъехты Тамерланæн, Хохойты Энверæн, Баситы Зæлинæйæн, Касаты Асланæн, Бететы Зæлинæйæн æмæ Габолаты Зауырæн.

Кæстæрты номæй арфæ ракодта Габолаты Зауыр, кæй сыл баууæндыдысты æмæ сæ Кавказы клубы фысджыты стыр бинонтæм кæй айстой, уый тыххæй.

«Мах дуг»-мæ нырма бирæ сфæлдыстадон пълантæ ис æмæ рæсугъдæй сæ къухты бафтæнт.

 

 

ХЪОМЫЛ  КÆНЫНЦ  ФИДÆНЫ  ÆФСÆДДОНТÆ

Федералон Хъахъхъæнынады министрад республикæйы æфсæддон ведомство æмæ Ахуырады министрадимæ цы бадзырд бафыстой, уый фæлгæтты ног ахуыры азы райдайæнæй ЦИПУ æмæ Хæххон металлургион институты студенттæй цæттæ кæндзысты фидæны сержанттæ æмæ салдаттæ.  Ацы ног проект арæзт цæуы абоны хæстон уавæр нымайгæйæ. Проекты ахадындзинад æмæ фидæны нысантыл æрдзырдтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, уæлдæр амынд ахуырадон уагдæтты разамонджытæ Огъуаты Алан æмæ Игорь Алексеев.

Студентты ахуыры сæйраг предметтæн æфсæддон ахуыртæ уыдзысты уæлæмхасæн. Ахуыртæ цæудзысты ЦИПУ-йы, уым уæлдæр ахуыргæнæндæттæн уыцы нысанæн цы иумæйаг æфсæддон фæз арæзт æрцыд, уым. Студенттæй æвзардзысты кæй фæнда æмæ йе ‘нæниздзинад нывыл кæмæн уа, уыдоны. Ахуыры фæстæ сæйраг специалисттæй уæлдай рауагъдонтæ уыдзысты цæттæ, фæлтæрд фæстауæрцы æфсæддонтæ æмæ сæ дарддæры архайдæн сæ бон уыдзæн равзарын кæцы фæнды дæсныйад дæр.  Специалисттæ куыд нымайынц, афтæмæй уæлæмхасæн æфсæддон ахуыр райсыны тыххæй ацы ахуырадон уагдæттæм студентты нымæц фæфылдæр уыдзæн.

Студенттæ ахуыр кæндзысты ахæм предметтыл – Артиллерион хæцæнгарз», «Сæрмагонд радиотехникон системæтæ», «Сармадзан æхсæг ахуыртæ», «Ракетон æхсæнгарз…»

Фыдыбæстæйæн фидæны хъахъхъæнджытæ абон бацæттæ кæнын у бæстæйы æдасдзинады бындур.

 

УЫЙ  НÆ  ИСТОРИ  У…

Фæстаг рæстæг сарæх сты ахæм ныхæстæ: Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иу — Ленины уынджы ном, ивд æрцæудзæн Советон Цæдисы Хъæбатыр Тогъуызты Хъауырбеджы номмæ.  Æмæ уыцы ныхас æнæбындур нæ уыд. Æхсæнадон организаци «Ныфс» – сæрдар Гæззаты Валери Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацимæ балæвæрдта куырдиат уыцы фарстайы тыххæй. Уый социалон хызты расайдта быцæутæ. Æрмæст иннæ хæттытау æхсæнад дыууæ дихы нæ фæцис, фæлæ йæ фылдæр хай критикæйы бын фæкодтой «Ныфс»-ы организаторты. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, Хъауырбег канд Ирыстоны нæ, фæлæ нæ бæстæйы кадджын лæг æмæ хæстон уыд, йæ ном ын мах хъуамæ сæрыстырæй мысæм, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ историйы иннæ цаутыл цъыф къахæй ныллæууæм. Ленины ном æнгом баст у историимæ æмæ йын нæй ферох кæнæн.

Организацийы куырдиатæн уæддæр дзуапп раттын хъуыд æмæ Горæты Минæвæртты æмбырд уый фæдыл ауагъта æмбырд. Йæ сæрдары хæдивæг Сæлбиты Зитæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты уынгтæ ивынæн æруадзæн нæй. Ног нæмттæ та æрмæстдæр лæвæрд цæудзысты ног уынгтæн.

Цымæ «Ныфс» ахæм фæндон цы ныфсæй рахаста? Йæ истори чи нæ нымайы, уый нæ хъуыды кæны йæ фидæныл дæр.

                                                                              ДЖУСОЙТЫ Нинæ             

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.