Æрæджы социалон хызæгты, Дзауы районы Уыцыфарсы поселочы цæрæг Джиоты Л. сæвæрдта пост – йæ хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейæ цы магистралон газы хæтæл цæуы, уырдыгæй æрдзон газæй ифтонг хъуамæ цæуой цæрджытæ æнæаргъæй.

«Мах, Дзауы поселочы Уыцыфарсы цæрджытæ, рагæй æнхъæлмæ кæсæм, кæд нæм рауадздзысты газы хæтæл. Раздæры президент нын ныфс бавæрдта 2022 азы, æнæаргъæй мах районы цæрджытæм газ уагъд æрцæудзæн,  зæгъгæ. Фæлæ республикæйы газы кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, алы хæдзары дæр æрæмбырд кæнын бахъæудзæнис 35 000 сомы. Фарст мæм ис: æцæгдæр ахæм тарифтæ ис? Горæты уынгты, хæдзæрттæм куы уагътой газ, уæддæр цæрджытæй ахæм суммæтæ æрæмбырд кодтой? Чизоны ацы хабар Президент нæ зоны. Фæнды мæ, цæмæй йæ базона æмæ бафхæра аххосджынты. Газы кусджытæ се ‘ппæт дæр сты бюджетон кусджытæ, исынц мызд сæ куысты тыххæй. Мах ма цæмæн стигъынц?»,  – фыссы Джиоты чызг.

Лæмбынæг раиртæстам  ацы фарст. Фембæлдыстæм Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы «Газоснобжение»-йы структурон дæлхайады директор Табуты Нугзаримæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй, цæмæй республикæйы районтæ æмæ хъæутæ  газæй ифтонг æрцæуой, уый тыххæй 2015 азы, уæды Президент Тыбылты Леонид, Уæрæсейы Федераци «Газпром»-ы правленийы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ фембæлды рæстæджы загъта, кæй хъæуы бакусын Хуссар Ирыстоны дарддæры газификацийы фарстатыл. Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, уый хъæуты цæрджыты цард бирæ фæрогдæр кæндзæн, стæй газификацийы руаджы хъахъхъæд цæудзысты Ирыстоны хъæдтæ дæр.

Уæдæй нырмæ ацы фарстыл цыд куыст. Бацæттæгонд æрцыд æппæт документаци. «Газпром» цæттæдзинад равдыста Хуссар Ирыстоны территорийыл газификацийæн 2,5 миллиард сомы рахицæн кæныныл. Уæрæсейæ специалистты нывæзты хатдзæгмæ гæсгæ республикæйы районты æмткæй газификацийæн бахъæудзæн иу аз æмæ æрдæг. Нывæзтмæ гæсгæ газæй ифтонг хъуамæ æрцыдаиккой 200 цæрæн пункты. Хъæуты ‘хсæн газдихгæнæн хызæгты арæзтадмæ цалдæр азы размæ хъуамæ бавнæлдтаиккой, фæлæ «Газпром»-æн фæзынд цыдæр цæлхдуртæ æмæ куыстытæм комкоммæ æрæвналыны хъуыддаг хаст æрцыд фæстæдæрмæ. Фæлæ уал уæдмæ, магистралон хæтæл æввахс цы цæрæн пунктыл цæуы, уыцы цæрджыты куырдиæттæм гæсгæ лæвæрд æрцыд бар, цæмæй сæм ауадзой газ, хæрдзтæ сæхæдæг бафидгæйæ. Уыцы уавæрæй спайда кодта Цхинвалы районы хъæутæй сæ иу – Ногхъæу. Ивгъуыд азы газ бауагътой Дзауы поселочы цæрджытæй чидæртæ дæр. Уыдонæй алкæмæн дæр, газæй сæ сифтонг кæныны куыстыты аргъ иугъуызон нæ уыд. Ис ахæмтæ, кæцытæ бафыстой 70 мин сомæй фылдæр.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ нын ноджы лæмбынæгдæр радзырдта ацы уавæры тыххæй. «Зонын æй, Уыцыфарсы бирæтæ, тынг кæй тыхсынц æнæ газæй. Бафæлладысты суг амал кæнынæй. Чи хæстæ, чи та кредиттæ фæисы суг самал кæныны тыххæй. Дзауы поселокмæ хæстæг кæй цæуы  сæйраг магистралон хæтæл, уый тыххæй нын цалдæр аз ныфсытæ æвæрдтой раздæры хицауад, ома, уæм газ бауадздзыстæм. Æцæгæй та ницы арæзтой æмæ адæм сæхæдæг бацархайдтой, сæхи фæрæзтæ бафидгæйæ бадзырдтæ сарæзтой «Энергоресурс-Южная Осетия»-имæ. Ныртæккæ æз архайын, цæмæй Уыцыфарсы цæрджытæн дæр уа фадат газы хæрзиуджытæй пайда кæнынæн. Администрацийы тыхтæй, стæй мын Хицауад дæр ныфс бавæрдта, кæй мæм фæкæсдзысты, цæмæй хиды цур цы газы хæтæл ис, уый доны сæрты ауадзæм. Уый фæстæ ацы районы цæрджытæй алчидæр йæхæдæг хъуамæ бацархайа, цæмæй йæм газы хæтæл бауадзой йæ хæдзары онг. Æцæг хиды цалцæг кæныны мадзæлттæ Инвестпрограммæйæ ист куы нæ æрцыдаиккой, уæд ныр районы уыцы фæрæзтæ агурыны сæр нæ хъуыд. Хид цалцæг куы æрцыдаид, уæд уыцы хæтæлы арæзтад дæр нысан уыд Инвестпрограммæйы. Ныр та хиды арæзтад хаст æрцыд 2024 азмæ. Æз хорз æмбарын, цæрджытæй алкæмæ сæрибар æхцайы фæрæзтæ кæй нæй, уыцы хъуыддаг. Фæлæ йæ  процедурæ у афтæ, æндæр гæнæн дзы нæй. Кæд æмæ кæмæндæр йæ бон нæу абон йæ хæдзармæ газ бауадзын, уæд бацархайæд фидæнмæ хъæуæг суммæ æрæмбырд кæнын, кæннод та банхъæлмæ кæсæт, цалынмæ «Газпром» йæ программæ æххæст кæнынмæ æрæвнала, уæдмæ», – зæгъы Тыбылты Вандæ.

«Энергоресурс-Южная Осетия»-йы стационарон дæлхайады директор Табуты Нугзар та афтæ зæгъы: «Хæдзæрттæм газ бауадзыны аргъ алкæмæн иугъуызон нæ вæййы. Хæтæлты дæргъ, стæй куысты вазыгджындзинадимæ баст у йæ аргъ. Газы кусджытæ уымæй сæхицæн æхца кусынмæ нæ хъавынц. 2012 азы ацы куыстытæ арæзт æрцыдысты Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ныр та горæты цы ног хæдзæрттæ рæзы, уыдонæй алкæмæ дæр хæтæлтæ бауадзæм дыууæварсон бадзырдмæ гæсгæ, цыран нысан æрцæуынц гарантитæ æмæ æхцайы суммæ».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.