Фæстаг рæстæджы сарæх сты сыгъдхъæстæ газæй фæхъæстæ уæвыны цаутæ. Цæмæй цаутæ – сыгъд-хъæстæ газæй фæхъæстæйы, æрдзон газ хъуызыны æмæ æндæр ахæмты  фæстиуæгæн æнамонд цаутæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй уæ курæг стæм, цæмæй бахатат нæ организацимæ газы ифтонггæрзтæ æмæ газы прибортæ газы хæдзарады нормæтæ æмæ уагæвæрдтæм гæсгæ сæвæрыны фæдыл специалист рахицæн кæныны тыххæй.

Сарæх сты газы прибортæ æмæ ифтонггæрзтæ æнæквалификациджын специалисттæ куы сæвæрынц, ахæм цаутæ, кæцытæн бар нæй ацы куыстытæ æххæст кæнынæн, уымæн æмæ нæ зонынц «Газы хæдзарады æдасдзинады техникæйы фæткойы» сфидаргонд уагæвæрдтæ æмæ нормæтæ.

Мæнæ уын уыдонæй цалдæр:

  1. Газы ифтонггæрзтæ: колонкæтæ, хъармгæнæн прибортæн бар нæй хинайæн хатæнты сæвæрын.
  2. Нæй гæнæн фæздæгдзæуæнтæ вентиляцион каналтæм сиу кæнын. Стыр тасы сæхи æппарынц бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ, кæцытæн сæ фылдæры нæй фæздæгдзæуæнтæ, фæлæ сæ ис æрмæстдæр вентиляцион каналтæ – иу фæздæгдзæуæн дыууæ кæнæ фылдæр фатерæн. Куыд фæздæгдзæуæн, афтæ сыгъдæг чи нæу, ахæм вентиляцион каналæй пайда кæныны рæстæджы, сыгъдхъæстæ газ гæнæн ис бахъуыза кæцыфæнды уæладзыджы фатермæ дæр, æмæ уымæй гæнæн ис цæрджытæ фæхъæстæ уой.

Æнамонд цау ма æруадзыны тыххæй фæздæгдзæуæнтæ æмæ вентиляцион каналты рæстæгæй рæстæгмæ хъуамæ бæрæг æмæ сыгъдæг кæной РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады куыстуат «Спасатель», кæцы ис ахæм адресыл: Мæскуыйы уынг, 1, телефон: 45-19-24.

Фæздæгдзæуæнтæ æмæ вентиляцион каналтæ сыгъдæг кæй сты, уый тыххæй акттæ абоненттæ хъуамæ æрбавдисой паддзахадон унитарон куыст-уат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-мæ.

  1. Фæздæгдзæуæнтæ хæдзары уæлхæдзарæй хъуамæ уой æппынкъаддæр 0,5 метры бæрзонддæр.
  2. Нæй гæнæн хивастæй газы прибортæ æвæрын, æндæр ранмæ хæссын æмæ цалцæг кæнын, газдихгæнæнтæ ивын, æндæр адæймæгтæн газы прибортæ æмæ ифтонггæрзтæ ногæй рацаразын кæнын.
  3. Бæстыхайы газы тæф банкъаргæйæ, æвæстиатæй хъæуы газы прибортæй пайда кæнын æруромын, нæ хъæуы зынгхос судзын, дымын, нæ хъæуы электроприбортæ æмæ электрон рухс ссудзын, электродзæнгæрджытæй пайда кæнын, газы прибортæн сæ крантæ се’ппæт дæр æхгæд сты, уый бабæрæг кæнын хъæуы, фатер асыгъдæг кæныны тыххæй рудзгуытæ байгом кæнын æмæ аварион службæмæ фæдзурын.
  4. Бар нæй хæдзæртты бацæуæнты æмæ асинты фæзуæтты, афтæ ма фатерты дæр газуадзæнты æцæгæлон предметтæ, скъаппытæ, дзаумæттæфснайæнтæ æвæрын. Газы прибортæм, ифтонггæрзтæм æмæ газуадзæнмæ хъуамæ уа сæрибарæй бавналæн.

Газæй дæргъвæтин рæстæджы дæргъы пайда кæныны тыххæй (искуыдæм ацæуын, хæдзары цалцæггæнæн куыстытæ æмæ æндæр ахæмты рæстæджы) фехъусын хъæуы газы хæдзарадмæ газ ахицæн кæныны тыххæй.

  1. Газæй донхъармгæнæнтæй (колонкæтæй) пайда кæныны рæстæджы:

– газ дзæбæх судзы, уый бабæрæг кæнын;

– колонкæ æвæрд кæм ис, уыцы хатæн бабæрæг кæнын;

– колонкæйы нормалон куыстмæ, уæлдайдæр та хинайыны рæстæджы хъус  дарын;

– колонкæйæ спайда кæныны фæстæ колонкæ æмæ газуадзæны кран сæхгæнын.

  1. Æппæт организацитæ, юридикон цæсгæмттæ æмæ æппæт æмбæстæгтæ дæр арæзтадон, зæххы æмæ æндæр куыстыты рæстæджы хæсджын сты паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-æн фехъусын кæнын, кæцыйы адрес у – Плиты Ароны уынг, 24.

Курæг уæ стæм æппæт сæвзæргæ фарстыты фæдыл суткæйы дæргъы кæдфæнды дæр Горгазмæ бахатын, кæцы ис ахæм адресыл: Гуыбаты æфсымæрты уынг, 82 (раздæры Комаровы уынг), кæнæ та бадзурат ахæм телефонтæм: 104; 8929- 811-30-04; 4519 98.

Афтæ куынæ уа, уæд æнамонд цауты фæстиуджыты тыххæй бæрндзинад хæсдзысты абоненттæ.

РХИ-йы Республикон паддзахадон

унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.