Дуг ивы нæ цæстыты раз. Ивы тагъд. Æрæджы дæр ма нæ æхсæндзарды цы æргъадтæн табу кодтам, уыдон тынг нымады нал сты. Бирæ æмæ алыгъуызон сты уыцы æргъадтæ, фæлæ нæ абон æрдзурын фæнды куыстмæ нæ ахаст куыд фæивта, ууыл. Кусын, фæллой кæнын, æппæт дугты дæр уыдис кады хъуыддаг, цæрыны иунæг фæрæз. Æмбисондæн цæйау акæнынц: «Куыст цардæн фæрæз», зæгъгæ. Афтæ уыдис социалистон дуджы дæр æмæ йæ хорз хъуыды кæнынц нæ астæуккаг æмæ хистæр фæлтæр. Нæ сæрвæттæ йедзаг уыдысты фосæй, тыллæг лæвæрдтой дардылзылд дыргъдæттæ, хуымзæххытæй истой мæнæу æмæ æндæр хъæууон хæдзарадон продукттæ, кæцытæ уыдысты æрмæст нæ цæрджыты фаг нæ, фæлæ ма сæ уæй кæнынмæ ластой æндæр æмæ æндæр рæттæм. Куыд хъæуты, афтæ горæты дæр рæзтысты хисæрмагонд цæрæн хæдзæрттæ æмæ æппæт уыдæттæ уыдысты кусæг лæджы куыстуарзаг къухты руаджы.

Абон уавæр, зæгъæн ис, цæхгæр фæивта. Цæмæдæр гæсгæ мах нал фæнды паддзахады нæ, фæлæ хи уды хæрзиуæгæн дæр фæллой кæнын. Горæты уа, æви хъæуты исты хъуыддаджы ныллæууын кæй фæнды, уый æхца курæг свæййы падзахадæй. Зæгъгæ, дæ хæдзары исты цалцæгкæнинаг ис – æххуыс фæкурæм хицауадæй, стæй æрмæст æххуыс нæ, фæлæ йæ хъуамæ цалцæг дæр скæной. Афтæмæй мах цадæггай цæуæм æвджиады уавæрмæ, ома нæхæдæг мацы кусæм, афтæмæй нын паддзахад, гъе та æндæр исчи æххуыс кæна. Ацы феноменыл алыварсонæй ис æрдзурæн. Психологон æгъдауæй ацы хъуыддагæн куыд бамбарæн ис, уый фæдыл мах ныхас кæнæм ХИПУ-йы психологи æмæ педагогикæйы кафедрæйы доцент Гæбулты Индирæимæ.

 

 

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис индивидуалон æмæ социалон æвджидад. Æмæ индивидуалон куы апарахат вæййы адæмы æхсæн, уæд фæзыны социалон æвджидад  дæр æмæ йын ис конкретон аххосæгтæ. Æвджидады фæзынды ахуыргæндтæ сахуыр кодтой. Уый ныртæккæ æмæ æвиппайды нæ фæзынд, кæд нæ хуссарирыстойнаг æхсæнады æрæджы фæзынд, уæддæр. Йæ фыццаг бæрæггæнæн у искæмæй цыфæнды дæр исын, къух искæмæ даргъ кæнгæйæ цæрын «æри», зæгъгæ.

«Абон бирæтæ сахуыр сты, чи сæм не ‘мбæлы, ахæм хæрзиуджытæ домын, афтæмæй та уыдоны  хъæуы дæттын, æцæгæй кæмæ æмбæлынц, уыдонæн. Сахуыр стæм сывæллæтты номæй, хи æмæ ныййарджыты ивгъуыд лæггæдтæй спекуляци кæнын. Бирæтæ хуыздæрыл нымайынц æххуысты руаджы цæрын, афтæ хъуыды кæнынц, цымæ сын паддзахад хæсджын у æмæ сæ дара. Фæлæ ахсджиаг у зæрдыл дарын – æхсæнады социалон æвджидады фæндагыл ныллæугæйæ, уыдон сæхи бакæнынц цъысыммæ æмæ бæрæг фæлгæтты. Адæм нал фембарынц социалон æвджидад кæй нысан кæны, адæймаджы домæнтæ ифтонг кæныныл чи кусынц, æхсæнады уæнгты хардзæй цæрын», – загъта Индирæ.

Психологы ныхæстæм гæсгæ социалон-экономикон æндæвдады бын бахауыны аххосæгтæм гæсгæ æхсæнады ис дыууæ къорды. Фыццаг къордмæ хауынц, паддзахады æххуыс æцæгæйдæр кæй хъæуы, ахæмтæ. Уыдон сты кардзыд адæймæгтæ, уæззау рынчынтæ, инвалидтæ, кæцытæн сæ бон нæу сæхицæн цæрыны фадæттæ аразын. Уыцы адæймæгты бар-æнæбары бахъæуы æхсæнады æххуыс. Æмæ сын цæрыны фадæттæ аразыны хæс йæхимæ исы паддзахад. Уæлдайдæр та уымæн æмæ уыцы адæймæгтæй бирæтæн сæ куыст, сæ лæггæдтæй ис уыцы бар. Дыккаг къордмæ та хауынц, æхсæнадон ресурстæ хардз кæнынмæ чи тырнынц, фæлæ æхсæнадæн фæстæмæ чи ницы дæтты. Ахæм уагахастон стратеги ис, куыстхъом кары чи сты, ахæм адæймæгтæн. Æмæ, зæгъæн ис, уыдон зонгæ зонын афтæ кæй фæцайдагъ сты.

Гæбулты Индирæ куыд зæгъы, афтæмæй æвджидад у социалон паразитондзинадмæ ирд цæвиттон æхсæнады негативон адаптацийæн. Æмæ у, куыд наркотикон кæнæ алкоголон æндæвдады бын бахауын, афтæ.

– Социалон æвджидады аххосæгтæй сæ иу у коллективон куыст. Адæм æмбарынц, къордон куысты сæ индивидуалон ахадындзинад кæй сæфы адæмы бардзы æмæ йын кæй нæ саргъ кæндзысты. Уымæ гæсгæ ныллæгдæр кæны персоналон бæрндзинад йæ архайдтыты тыххæй.

Куыд фæтк, афтæ æвджидады феномен баст у психологийы ахæм æмбарынадимæ, куыд фæцайдагъгонд æнæбондзинадимæ. Ацы фæзынд райдыдта буржуазон Английы æмæ анхъæвзта æппæт бæстæтыл дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны закъондæттынад æнгæс у уæрæсейаг закъондæттынадимæ æмæ у социалон, ома нæ закъæттæ здæхт сты, цæмæй адæймаг цæра æдыхстæй. Ууыл бындуриуæг кæнгæйæ, банысан кæнын хъæуы, паддзахад кæй æххæст кæны йæ хæстæ – æххуыс кæны æвæрæз, бирæсывæллонджын бинонтæн, инвалидтæн. Гæнæн ис æмæ паддзахады хъусдардæй исты аирвæза. Бæлвырд нæ зонын, куыд у ныртæккæ, фæлæ арæх райсæн уыдис мæнг бæлвырдгæнæнтæ, инвалиддзинады, пенсийы гæххæттытæ  саразын æмæ афтæ дарддæр æмæ ацы процесстыл хъæуы контроль кæнын. Уымæн æмæ психологийы уый хуыйны, ахæмтæн ахъаз кæнын. Æмæ паддзахадæн æнцондæр вæййы æхцатæ радтын, хъусдард сæм аздахыны бæсты.

Паддзахад, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæстæ æххæст кæны Конституцимæ гæсгæ, фæлæ æмбæлон контроль куынæ уа, уæд закъæттæ мæгуырауæрдæм æндавынц адæмы психикæйыл. Цæвиттон, дунейы кæцы бæстæйы уарынц лæвар абон фатертæ? Иуы дæр нæ. Махмæ, куыд уынæм, афтæмæй, æвæрццаг реакцийы бæсты æхсæнады фæзыны æнæразыдзинад, бæлвырддæрæй та сæ дих кæныны процессмæ æнæразыдзинад. Фæзыны фарст «уымæн цæмæн, æмæ мæнæн цæуылнæ?» – зæгъгæ. Ахæм моменттæ æвзæрын кæнынц æхсæнады социалон-психологион æнæразыдзинæдтæ», –  афтæ нымайы Гæбулты Индирæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, социалон закъæттæ æмбæстæгты ифтонг кæнынц балцæгтæй, хос кæныны аргъ фидынц, фæлæ уыдон кæмæ не ‘мбæлынц, уыдоны къухты куы бафтынц, уæд равзæры æв-джидад. Афтæ вæййы бинонты æхсæн дæр. Иу сывæллонмæ фылдæр хъусдард куы здахæм, уæд иннæты дæр æрфæнды, цæмæй сæм хъусдард аздахæм. Алкæйы дæр фæфæнды, цæмæй йæ уарзой æмæ йын аргъ кæной. Бинонты ахæм модель ахæссæн ис æхсæнадмæ дæр. Йæ алы уæнджы дæр фæнды, цæмæй уа хъæугæ æмæ йæ нымайой. Ныртæккæ паддзахад реалонæй æххуыс кæны æххуысхъуаг цæрджытæн, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у, фæлæ æндæртæм дæр фæзыны æхсæнады хыгъдæй цæрыны фæндон. Æз нымайын афтæ, æмæ социалон æвджидад у паддзахады социалон политикæйы фæстиуæг æмæ куыд фæтк, афтæ ассоциаци кæны мæгуырдзинадимæ. Социалон æвджидад у, дæхи тыхтыл нæ, фæлæ æндæрты, æхсæнады ныфсæй цæрынмæ æдзух тырнынад, уый у спецификон цардуаг, адæймаг æмбаргæ æмбарын куы фæтырны, æхсæнады хардзæй йæ цард ифтонг кæнынмæ. Æмæ, уæд æууæндын райдайы, йæ бон кæй ницы у æмæ куыстхъом дæр кæй нæу. Иууыл цымыдисондæр та уый у æмæ йæ ахæм уавæрмæ кæй æркæнынц паддзахады социалон институттæ, аразынц ын уыцы уавæртæ.

Ацы проблемæ скъуыддзаг кæнын, сæйраджыдæр, хауы социологтæм. Фæлæ алы проблемæмæ дæр бацæуын хъæуы психологион æгъдауæй. Æмæ ам та алы адæймаджы дæр хъомыл кæнын хъæуы сывæллоны карæй фæстæмæ.

Адæймаджы йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ хъæуы бонзонгæйæ хъомыл кæнын, куыстмæ æмбæлон ахаст дарын. Хатт нæхæдæг бинонты æхсæн æвзæрын кæнæм æвджидад,  сывæллоны чи нæ хъæуынц, бирæ ахæм дзаумæттæ йын йæ размæ хæсгæйæ. Уый мах аразæм алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ, гæнæн ис, уый тыххæй æмæ сæ нæхæдæг цух кæй уыдыстæм. Кæнæ та, зæгъæм, æндæр ныййарджыты фæзмгæйæ. Фæлæ, уыдæттæ райсинаг не сты æмæ иу ныййарæг дæр хъуамæ ма хъуыды кæна, зæгъгæ, сывæллоны æппæт домæнтæ æххæст кæнгæйæ уымæй рауайдзæн хорз адæймаг. Уыцы сывæллон искуы йæ ныййарæгæй домдзæн йæ бон ын радтын цы нæ уа, уый. Мах хъуамæ сабийæн æмбарын кæнæм æппæт дæр ссаргæ кæй у, куысты руаджы, ахæм позици пайдайаг кæй у, цай-дагъ æй хъæуы æрмæст куыстыл нæ, фæлæ ма йæм хæрзæгъдауон миниуджытæ, психологион фидардзинад æвзæрын кæнын æвджидадмæ æмæ æндæр мæгуырау цайдагъдзинæдты ныхмæ фæлæууыны тыххæй.

Социалон æххуысæй пайда кæнын хъæуы, уый фæстæ йыл нæ адæмы этникон менталитеты цæстæнгасæй контроль кæнгæйæ.

Хъомыладыл дзургæйæ нæ фыдæлтæм ацы процесс æвæрд уыд иттæг хорз æмæ адæймаг хайджын кодта намыс, æгъдау, бæрндзинад, æхсардзинадæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ æвджидады проблемæ скъуыддзаг кæныны ахсджиаг у раст хъомылад, ома, цардæй хæрзиуджытæ исын хъæуы лæвæртты хуызы нæ, фæлæ хи куысты руаджы. Советон дуджы зын уыд ахъуыдыгæнæн дæр, цæмæй исчи ма куыстаид. Куыстой фæсивæд дæр æмæ сывæллæттæ дæр, æввонгхортæн та социалон куыст кæнын кодтой, æгæрыстæмæй сæ уголовон бæрндзинадмæ дæр кодтой. Нæ куыстой æрмæст пенсиисджытæ æмæ инвалидтæ.

Цæмæй æхсæнадон системæйы æмвæзад йæ гаччы сбада æмæ æвджидады рæзты ныхмæ куыст цæуа, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у цæрджыты æппæт къордтимæ иу рæстæджы кусын.

«Æвджидад у глобалон проблемæ. Уый у системæ, иухаттон момент нæ, фæлæ. Не ‘хсæнады уый ныртæккæ фæзындис уымæн æмæ æрбалæууыд цавæрдæр критикон момент. Уый у сынчъы хуызæн, кæцы цадæггай хæф кæны мидæгæй, цалынмæ йæ нæ расыгъдæг кæнай, уæдмæ. Уый у æрдзон процесс. Разамынады иу системæ ивд куы фæцæуы æндæрæй. Æз нымайын афтæ æмæ Хуссар Ирыстоны æвджидад рæзын райдыдта 2008 азы хæсты фæстæ, уымæн æмæ мах истам стыр æххуыс, кæцы раст дих нæ цыдис цæрджыты æхсæн.

Социалон æвджидад аиуварс кæнын иурæстæгон процесс нæу. Психологы нымадмæ гæсгæ райдианы хъæуы æруромын адæмæн ахæм «лæвæрттæ» дæттын. Уый бæсты алкæмæ дæр æрсидын хъæуы куыстмæ.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ам тынг баххуыс кæндзæнис волантерон змæлд. Ницы хъæуы æрхъуыды кæнын, æппæт дæр æрхъуыды кодтой нæ размæ. Уый у Советон дуджы педагогон хъомылад. Мах хъæуы чысыл фæстæмæ аздæхын. Банысан кæндзынæн уый æмæ кæддæр Стырбритъанийы соцзакъонмæ гæсгæ æххуыс кодтой, зæгъæн ис, алкæмæн дæр. Уый фæстиуæгæн гæвзыкк уавæрмæ æрцыд бæстæ. Афтæ цæуы махыл дæр.

Мах нæ фиппайæм, цыма иууылдæр хорз цæрæм, фæлæ иууылдæр хъаст кæнæм хъуаг кæй æййафæм. Раздæр ирон æхсæнадæн æцæгæлон уыд æвджидад. Æнæ куыстæй ницы вæййы. Нæ хъæуы æхсæнады куыст æввонгæй чи хæры, ахæмтæм æвæлмаст ахаст дарын. Нæ хъæуы адæймагæн алыбон кæсаг дæттын, хуыздæр у æнгуыр æм радтын, цæмæй йæхæдæг сахуыр уа кæсаг ахсын. Уæд уый ацæудзæн кæсаг ахсынмæ, искæмæ æххуыс æнхъæл, къух дарыны бæсты.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.