Фæстаг рæстæджы мæгуырау боныгъæдтæ ахаста, фæлæ ахæм боныгъæдтæн фæразон у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг æвзонг адæймаг Хъабанты Сослан æмæ йæ фысвос уалдзыгон цъæх кæрдæгыл хызтысты. Уый æдзухдæр вæййы йæ фосы уæлхъус. Нæ, æнцон нæу фосы фæдыл цæуын сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм, фæлæ иугæр сæ бæрны бацыдтæ, уæд сæ хъуамæ хизай сойджын сæрвæты, ма сæ уадзай зылдцух. Уыцы хъуыддаджы зæрдæ нæ бахуддзæн Хъабаны фыртыл æмæ уый фæстиуæгæн йæ фос сты хæрзхуыз, рæзы сæ продуктивондзинад.

Сослан у Хъабанты Хъазбеджы фырттæй сæ иу.

Иугæр Хъазбег  фермерон хæдзарад саразын куы сфæнд кодта, уæд йæ фæндон загъта бинонтæн æмæ уыцы хорз хъæппæрисы фарс рахæцыдысты йе ‘ртæ фырты. Загътой æмæ йын ныфс бавæрдтой, кæддæриддæр йæ уæлхъус кæй лæудзысты æмæ йын кæй æххуыс кæндзысты алыхуызон хъæууонхæдзарадон куыстыты. Æцæгдæр, разындысты сæ дзырды хицау. Сосланы архайды кой скодтон, фæлæ къаддæр нæ фыдæбон кæнынц иннæ дыууæ дæр. Кæд горæты у сæ куыст Ибрагим æмæ Батрадзæн,  уæддæр сæ сæрибар рæстæг æгуыстæй нæ арвитынц, фæлæ зæрдиагæй архайынц хæдзарады алы куысты дæр. Уыдон та афæдзы алы рæстæджы дæр дзæвгар сты, куыд хуым кæнын-тауыны куыст, хуымгæрдæн, холлаг æфснайын æмæ æндæртæ. Иу кæнæ иннæ куыст сæххæст кæнынмæ зивæг никуы бакæнынц, фæлæ кæддæриддæр сты сæ фыды уæлхъус æмæ афтæмæй сæ хайбавæрд хæссынц хæдзарады æнтыстмæ. Батыхстысты сæ хæдзарадмæ цалдæр метры дæрддзæгæй рухсы хахх æрбауадзыныл. Кæстæр фырт Батрадз дон раздæр ласта дард ранæй, фæлæ ласгæ дон цасы фаг хъуамæ кодтаид. Уæд сфæнд кодтой дон рауадзыныл, кæд дзæвгар бахардз кодтой æхцайы фæрæзтæ, уæддæр. Батрадз нæ базивæг кæны æмæ йæм чи баулæфы, уымæн йæхи техникæйыл сласы дон.

Абоны куысты æнтыстытыл дзургæйæ, фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ хæдзарады фысвосы дзуджы кæй нымадæуы 120 сæры, сæ уæрыччыты иумиаг нымæц та у 125. Хæдзарад дары сæгътæ дæр æмæ уал сын сæныччытæ ис 16. Хъазбег куыд загъта, уымæ гæсгæ дзы иу сæгъæн уыд 4 сæныччы. Хæдзарад йæ къух нæ исы хуыдарды куыстыл дæр æмæ сæм ис цыппар дзæргъы, стæй хъыбылтæ дæр. Æввахс рæстæджы цыппарæн дæр уыдзæн хъыбылтæ. Стуртæ та сæм нымадæуы 12, уыцы нымæцы хъуццытæ сты цыппар. Хъабанты бинонты хæдзарад батыхст æфсирон культурæтæ тауыныл дæр, хуым кæнын æмæ тауыны куысты йæм фæкастысты механизатортæ Хуыбецты Вася, Габуты Ахмæт, Хуыбиаты Алан, Мæлдзыгаты Ирбег æмæ æндæртæ. Фæззыгæнд мæнæу æмæ уалдзыгæнд хъæбæрхоры тауинаг уыд йæхи æркæнгæ æмæ ацы культурæтæй байтыдта фæйнæ 13 гектары æмæ ныр адардтой цъæх-цъæхид, сæ уындæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Цæмæй хуымтæ хызт уой алыгъуызон уырынгонтæй, уый тыххæй сæм æртæ хатты бахастой маргхимикаттæ.

Хъазбег куыд загъта, афтæмæй ма ноджыдæр фæфылдæр кæнид æфсирон культурæты байтыдтæ, ис ма йын куыстгонд мæр, стæй тауинаг дæр, фæлæ йæм тауæн техникæйы рад кæд æрхаудзæн, уымæн цы бæрæг ис. Цæмæй уыцы згъуыд фидæн азты мауал фæлхатт кæна, уый тыххæй йæ зæрды ис ног техникæ самал кæнын.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.