Фæстаг рæстæджы нæ горæты газæй пайда кæныны нормæтæ æххæст кæй нæ цæуынц, уый фæстиуæгæн æрцыд цалдæр трагедийы. Шанхайы районы æнамонд цау аскъуыдта бинонты удтæ, уыцы нымæцы рæзинаг сабиты цард дæр. Ивгъуыд къуыри улæфт бонты, ноджыдæр, Джиоты Аланы уынджы 132-æм хæдзары иу фатеры цæрджытæ – фыды мад æмæ дыууæ æнахъом сабийы фæхъæстæ сты сыгъдхъæстæ газæй. Рæстæгыл сæ базыдтой, баластой сæ рынчындонмæ æмæ сæ фервæзын кодтой. Ацы цауты аххосаг у, газ кæй хъуызыд, уый. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ уæлæнгай цæстæй, цæмæн кæсынц се ‘дасдзинадмæ æмæ газы ифтонггæрзтæм сæ хъус цæмæннæ фæдарынц?

Æртын азæй фылдæр, СМУ-йы æмдзæрæндоны цæрджытæ, кæцы ис Заводы уынджы 4-æм хæдзары, архайынц газы баллонтæй. Хæдзар у фондзуæладзыгон, æдæппæт дзы цæры 85 адæймаджы. Советон дуджы ацы æмдзæрæндоны цардысты Арæзтадон ахуыргæнæндоны студенттæ. Фыццæгæм уæладзыджы та уыд Арæзтадон-монтажгæнæн управленийы кусæгон хатæнтæ. 1991-92 хæстон азты æхгæд æрцыд Арæзтадон ахуыргæнæндон. Æмдзæрæн та уыд сæрибар æмæ йæм балыгъдысты, хæдзæрттæ кæмæн нæ уыд, ахæм бинонтæ. Хъыгагæн, æмдзæрæндоны уæладзгуытæн нæ уыд иумæйаг къæбицтæ. Уымæ гæсгæ цæрджытæй алчидæр йæ хатæны сæвæрдта газы баллон. Иуæй-иутæ та архайдтой электрон плитæтæй. Раздæр хатæнтæ хъарм кодтой централон хъæрмадæй, кæцы иугонд уыд горæты иумæйаг хъармгæнæнмæ. Фæлæ, уый æдзæллаг уавæрмæ æрцыд æмæ цæрджытæй иуæй-иутæ суджы пецтæ сæвæрдтой.

2000 азы нæ республикæмæ Дзуарыхъæуæй æрдзон газ уагъд куы æрцыд, уæд цæрджытæ коллективон фыстæг ныффыстой Хицауадмæ. Ацы æмдзæрæндоны цæрджытæй сæ иу Шеварденидзе Лили куыд зæгъы, афтæмæй сын ныфс бавæрдтой, сæ хæдзармæ сын газ бауадзыны проектыл кæй бакусдзысты. «Фæлæ нын «Горгаз»-ы куыд загътой, афтæмæй, æмдзæрæндоны агъуыстмæ нæй бауадзæн газы системæ, уымæн æмæ, дам, дзы нæй вентиляци. Æрдзон газæй пайда кæныны нормæтæ хъахъхъæд куы нæ цæуой, уæд, дам, йæ фæстиуæгæн мах дзуаппдæттæг нæ уыдзыстæм. Уæдæй нырмæ ацы хæдзары цæрджытæ архайынц баллонтæй», – зæгъы Шеварденидзе Лили.

Цæрджытæй кæмæндæрты сæ газы баллонтæ лæууынц къæридоры – сæ хатæнтæм бахизæнты. Ацы хабар нæ цæуы уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты зæрдæмæ. Зæгъынц, зæгъгæ, зынгсирвæзты нормæтæн бынтондæр дзуапп нæ дæтты, ацы хæдзар. Хъыгагæн, ам цалдæр азы размæ æрцыд зынгсирвæзт, уый фæстиуæгæн дзы басыгъд æвзонг сылгоймаг. Уæд, Уæлвæткон уавæрты министрад бафæдзæхста цæрджыты, цæмæй мауал архайой баллонтæй, фæлæ… Цæрджытæн амонынц, цæмæй хуыздæрæн архайой электрон плитæтæй, фæлæ сæм цы электроны хæххытæ цæуы, уыдон сты иуфазæйон æмæ нæ фæразынц стыр тыхон электронон плитæты куыстытæ. Цæрджытæ ма зæгъынц, 2005 æмæ 2010 азты кæй бахатыдысты «Энергоресурс-Южная Осетия»-мæ, цæмæй сын сæ æмдзæрæндонмæ æрбауадзой æртæфазæйон электрохаххытæ. Фæлæ та уыцы куырдиат дæр баззад æнæ дзуаппæй.

Æнамонд цаутæ æрцæуы уымæн æмæ цæрджытæ фехалынц газæй пайда кæныны технологитæ. Цауты аххосаг фылдæр вæййы газ. Колонкæтæ æмæ хъармгæнæн прибортæн хинайæн хатæны сæвæрыны бар нæй. Уымæн æмæ вентиляцион каналтæ сыгъдæг нæ цæуынц, стæй фæздæгцæуæн гофрæ трубатæ дæр лæмæгъгонд æмæ æнцонтæй фæхуынчъытæ вæййынц.

«Горгаз»-ы нын загътой, зæгъгæ, кæддæриддæр цæттæ вæййынц æххуысмæ бацæуынмæ. Кусджыты нымæц кæд бирæ нæу, уæддæр сæм улæфт бонты  дæр вæййы радон радгæс. Æцæг сæ куысты  бирæ зындзинæдтыл æмбæлынц, хъуаг сты транспорт æмæ спецификон дзаумайæ. Исты цау куы æрцæуы, уæд ацæуынц сæхи сæрмагонд машинæтыл, бынатмæ.

Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй цалдæр азы размæ газы хæтæлты уавæр бирæ æвзæрдæр уыдис. Ныртæккæ цадæггай ивд цæуынц, æмæ аваритæ афтæ арæх нал цæуы.

Цы цаутæ æрцæуы, уыдон, фыццаджыдæр, бинонтæн сæхи аххосæй сты. Арæх сæм фæдзурынц цæрджытæ, ома, газы тæф хатæм. «Горгаз»-ы кусджытæ уавæр сахуыр кæнынц, уый фæстæ хæдзары хицауæй райсынц барфыст, цæмæй цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæной цухдзинæдтæ. Уый фæстæ ма иу хатт бабæрæг кæнынц, кæд æмæ нæ саразынц сæ  газы системæ уагæвæрдмæ гæсгæ, уæд ын сæхгæнынц йæ газы хæтæл æмæ йыл пломбæ сæвæрынц. Фæлæ та рæстæг куы ацæуы, уæд бирæтæ пломбæ сыхалынц æмæ дарддæр пайда кæнынц æрдзон газæй. Æнамонд цау куы æрцæуы, уæд та йæ «Горгаз»-ы кусджыты æфсон фæкæнынц.

Курæг стæм «Горгаз» æмæ «Электрохызæгты» разамындæй, цæмæй лæмбынæгдæр сæ хъус дарой Заводы уынджы 4-æм хæдзар æмæ ноджы æндæр бирæуæладзыгон хæдзæртты æдасдзинадмæ. Цæрджытæй та домæм, лæмбынæг кæсут, уæ хорзæхæй, газы ифтонгадмæ, рæстæгыл æй цалцæг кæнут! Æнæ бар райсгæйæ ма иу кæнут газы хæтæл уæ хæдзæрттæм.

УАЗÆГТЫ Марфа