Национ футболон къорды уыдысты 12-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуатыл хъазыд Ивановойы «Текстильщик»-имæ. Фембæлды райдианæй 4 минуты дæр нæма рацыдис, афтæмæй фысымтæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Расгуыхт Коцты Хетæг. Цадæггай уазджытæ сæхимæ æрцыдысты æмæ сын фæстæдæр бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддагимæ алайнæгтæ разы нæ уыдысты. Ноджы стырдæр тыхтæй абырстой размæ æмæ та сын бантыст  размæ рацæуын. Ныр та пурти ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырдта Хæбæлаты Алан. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст хъазты æртыккаг пурти бакъуы-рын. Пуртийы автор уыд Гуырцъыты Батраз. «Алани»-йæн ма уыд тынг хорз гæнæн 4-æм пурти бакъуырынæн дæр. Фæлæ йæ размæбырсæг Ислам Машуковæн нæ бантыст пенальти хорз сæххæст кæнын. Пурти хызмæ нæ бауагъта «Текстильщик»-ы кулдуаргæс. афтæмæй хъазт фæцис 3:1 хыгъдæй фысымты пайдайæн. Ныр «Алани» æрæмбырд кодта 23 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсы 6-æм бынат. Чемпионаты лидер «Оренбург»-æн ис 28 очкойы. Дыккаг бынатыл цæуæг «Спартак-2» та æрæмбырд кодта 25 очкойы.

Радон хъазт «Алани» акæн-дзæн 4-æм октябры Самарайы бынæттон «Крылья Советов»-имæ.

Хуриты батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.