ÆХХУЫРСТ   БАРДЗИН

Уый раджы уыд, тынг раджы. Нæ фыдты дадатæ ма чысыл сабитæ куы уыдысты, уæд. Уыцы рæстæджы дæр нырау адæм хъæздыджытæ æмæ мæгуыртыл дих кодтой. Хъæздыджыты хуыдтой æлдæрттæ. Гъе, æмæ иу ахæм æлдарæн уыдис бирæ фос. Фосы фæдыл рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ сæрвæтты йæхæдæг нæ цыдис сæ фæдыл, йæхæдæг сæм нæ зылдис зымæджы дæр – уыдис ын æххуырстытæ æмæ йын сæм кастысты уыдон.

Иу уалдзæджы йæ фос цот кæнын куы фесты, уæд ноджы фæфылдæр сты æмæ æлдары бахъуыд ног æххуырстытæ баххуырсын. Лыстæг фосæн æм æххуырстæй бацыд Бардзин дæр. Уый, мæгуыр, сидзæр лæппу уыдис. Йæ фыд афæдзы размæ, цуангæнгæйæ, зæйы бын фæцис æмæ амардис. Цыппар сывæллонæй баззадысты сæ мады æвджид. Æнæуый дæр мæгуыр уыдысты, ныр ноджы бынтондæр сгæвзыкк сты, цы хордтаиккой, уый дæр сын нал уыд æмæ Бардзин уый тыххæй ныллæууыд æххуырсты æлдармæ.

Æнæзивæг лæппу уыд Бардзин. Кæд ыл дыууадæс азы йедтæмæ нæ цыдис æмæ-иу æй тынг фæндыд æрвылрайсом дæр адджынæй афынæй кæнын, уæддæр-иу рæвдз фæгæпп ласта йæ хуыссæнæй. Райста-иу, кæрдзыны къæбæр цыхты чысыл къæрттимæ, йæ фысымтæ йын æй кæм æвæрдтой, уыцы хызыны, стæй йæ фыййауы лæдзæг æмæ-иу йæ сæгъты йæ разæй акодта хизæнуатмæ.

Сæгътæ æнцон хизæн нæ уыдысты, æдзух сæ хъус хъæдмæ дардтой, нæ уарзтой кæрдæгыл хизын. Сæ уд, сæ дзæцц уыдис къутæрты, бæлæсты бы-наг къалиуты цъуппытæ æхсынын. Сæ фæстаг къæхтыл-иу слæууыдысты, кæйонг æххæссыдысты, уырдæм-иу сæвнæлдтой æмæ сæхицæн æхсызгонæй æууылдтой донджын къалиуты цъуппытæ æд сыфтæртæ. Æмæ, зæгъгæ, хъæдмæ баирвæзтысты, уæд сæ дæ цæст дæр нал ауындзæнис, адгуытæ, къуылдымтæ, æгæрыстæмæй  сын къæдзæхтæ дæр ныхдур нæ уыдысты.  Бардзин  уæд нæма зыдта, сæгътæ хъæды цасфæнды ма бацæуой, уæддæр фæстæмæ сæрвæтмæ кæддæр кæй рахиздзысты. Æрмæст куы бафсæдой, уæд. Фæлæ сыл сырд куы амбæла, уымæй дæр тарст æмæ сæ стыр хъæдмæ нæ уагъта. Куы-иу ын баивæрзтысты, уæд та-иу сæ стыр зынтæй раздæхта фæстæмæ. Æнæуый дæр ын лæзæрд чи уыдысты, уыцы пысултæ-иу ын сындзытыл, къутæртыл ноджы ныскъуыдтæ сты. Фæллайгæ-иу кæй бакодта, ууыл та ма чи дзырдта.

 Йæ рæзгæ буар хæрдхъуаг кæй æййæфта, уымæ гæсгæ Бардзин иу мадæл сæгъы – Гуымыдза йæ хуыдта, æрцахуыр кодта æмæ йæ фысымтæй аивтæй цы зæронд, зест къус рахаста æмæ æдзух сæрвæты кæй дардта, уырдæм-иу ын йе ‘хсырæй æрдыгъта. Цы кæрдзыны къæбæр-иу уыд йæ хызыны, уымæн-иу йе ‘мбис цыхтимæ бахордта, иннæйы та-иу къусы æхсыры бассæста æмæ-иу æхсызгонæй басихор кодта.

Афтæ цыдис æлдары сæгъты фæстæ Бардзин фыййауæй. Æлдарæн уыдис сывæллæттæ дæр, фæлæ сæ фыййау лæппу райсомæй никуы федта – сæгъты-иу сæумæцъæхæй куы аскъæрдта хизынмæ, уæд-иу уыдон та нырма фынæй кодтой. Изæрæй-иу сыл схæцыд йæ цæст, фæлæ семæ хъазгæ никуы кодта – æввахс æм нæ цыдысты. Кæд-иу æмбæлдысты, уæддæр хъæуы астæу, сывæллæттæ кæм хъазыдысты, уым. Хъазгæ та фылдæр кодтой пуртийæ, уыдис дзы, хъæбысæй кæм хæцыдысты, ахæм бынат дæр. Бардзины фылдæр йæхимæ хъæбысхæст æлвæста æмæ-иу кæд фæллад уыд, уæддæр йæ тых æвзæрста йе ‘мцахъхъæн лæппутимæ. Æнæуый дæр онгджын лæппу уыдис, зындис ыл, йе ‘нахъом уæнгты фаг тых кæй ис, цæмæй йе ‘мцахъхъæнтæй искæйы абырса. Æмæ-иу дзы бирæты абырста. Æгæрыстæмæй, йæхицæй хистæртæ чи уыдысты, ахæмтæй дæр – бирæты.

Иу ахæмы та рахæцыд йе ‘лдары лæппуимæ, уый дæр йе ‘мцахъхъæн уыд, æмæ йæ куы абырсид. Уый стыр æфхæрдыл банымадта, се ‘ххуырст æй кæй абырста æмæ та ногæй  рахæцыд Бардзинимæ. Бардзин ын базыдта, цы тых æм ис, уый, æмæ та йæ æнцонæй рамбылдта.

Йæ лæппуйы фыртыл ын æххуырст кæй тых кæны, кæй йæ  абырсы, уый æлдары хъустыл æрцыд æмæ иу изæр, Бардзин йæ фос хизæнæй куы æртардта, уæд фæсидт дыууæ лæппумæ æмæ сæ йæ хæдзары раз дæрдылзылд кæрты иу кæрон нæууыл, фæрсаг цæст сыл куыннæ схæцыдаид, афтæ куы рахæцын кæнид хъæбысæй, цæмæй æрмæст йæхæдæг фена, æххуырст ын йæ лæппуйы абырсы, уый раст у  æви нæ.

Райдыдтой хæцын дыууæ лæппуйы, уæдæ, цы. Æлдары зæрдæ, æххуырсты фезмæлд, фердæхтмæ кæсгæйæ, æцæгæйдæр, хатын райдыдта, кæй рамбулдзæн. Æнæуый, сæ бакастæй дæр хицæн кодтой. Бардзин – хурсыгъд, нуарджын, кæд фæллад уыд, уæддæр йæ фезмæлд рæвдз уыдис. Æлдары лæппу дзы бæрзонддæр, рæхснæгдæр уыд, йæ цæсгом – фæлурс, хуры тынтæ арæх кæуыл нæ фæныдзæвынц, ахæм.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ йæ Бардзин йе уæнтыл авæрдта. Æлдар рамæсты. Рамæсты йæ лæппу дæр, йæ цæсгом сырх афæлдæхт.

– Уый хуыбырст уыд! Ногæй рахæцæм! – кæд æй сыгъдæгæй рамбылдта, уæддæр бардзырд дæттæгау загъта æлдары лæппу æмæ йæхи æрцæттæ кодта ногæй хъæбысæй хæцынмæ.

– Рахæцут ногæй, – тызмæгæй загъта æлдар дæр æмæ цы даргъ бандоныл бадт, ууыл йæ мидбынат базмæлыд.

Цы бон æй уыд Барсæджы. Йæхи та æрцæттæ кодта тохмæ, уæдæ, цы. Слæууыдысты та, куыд æмбæлы, афтæ  æмæ кæсынц кæрæдзимæ. Æлдары лæппу – фыдæх цæстытæй, Бардзин – та, куыд алы хатт, афтæ – хæлар цæстытæй. Ацы хатт æй бафæндыд, куы фембылды уаид, куы йæ абырсид, цæмæй йын йæ фыдæх ма райстаид, сæйраджыдæр та – æлдары фыдæх. Фæлæ йæхи барæй састы бынаты куыд баззайын кæна? «Чи рамбула, уый рамбулæт», – аскъуыддзаг кодта Бардзин.

Райдыдтой та хæцын дыууæ лæппуйы. Кæрæдзийы райваз-байваз кæнынц. Бардзин зоны, кæй та рамбулдзæн æлдары лæппуйы, зоны йын йæ тых, йæ арæхстдзинад, фæлæ нæ тагъд кæны, рæстæг ивазы, уымæн æмæ йын йæ уæлахизыл ничи бацин кæндзæнис, мæсты йæм цы суой, кæй æххуырст у, уыдон, уымæй дарддæр. Фæлæ ‘рцæуинаг цы уа, уымæн æнæрцæугæ нæй. Абырста Бардзин йе ‘лдары лæппуйы ногæй. Уайтагъд æй суагъта йæ бынæй æмæ кæс ды уымæ! Фæгæпп ласта æмæ йыл йæхи хъæрццыгъайау ныццавта. Райдыдта йæ къухæй, къахæй цæвын, цыдæртæ гуым-гуымгæнгæ. Барсæг  йæхи хызта, фæлæ йыл дзы уæддæр æруад.

Уæдмæ райхъуыст æлдары барджын хъæлæс:

– Ныууадз дæ хыл кæнын, лæппу, æмæ хæдзармæ цæугæ! Лæппу, æцæгæйдæр, æрсабыр æмæ сæргуыбырæй, Бардзинмæ мæстыйæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, араст йæ хæдзары ‘рдæм.

Йе ‘лхынцъ æрфгуыты бынæй ма æххуырстмæ иу каст фæкодта æлдар дæр, стæй уый дæр араст йæ лæппуйы фæдыл. Уый æмбæрста, йæ лæппу æдыхдæр кæй у æмæ цы хъуамæ бакодтаид – нæ уыд йе ‘ххуырсты тыхæй байсæн æмæ йæ йæ лæппуйæн радтæн. Æмæ йæм тынг нæ мæсты кодта.

Фæлæ æлдар не ‘мбæрста, æххуырст, уыцы тых, йæ сæгъты фæдыл цæугæйæ, хъæдты, сæрвæтты хæрздæф, ссыгъдæг уæлдæф улæфгæйæ, хæрынæн бæзгæ æрдзы лæвæрттæй, йæ гуыбын æфсадгæйæ, æмæ, æппынфæстаг, Гуымыдзайы æхсыры къус нуазгæйæ кæй фылдæр кодта.

ТУЗАРЫ «БÆЛЛИЦ»

Чысыл Тузарæн йæ дада стыр ахуыргонд у. Ахуыргонд цы у, уымæн та нырма ницы æмбары, фæлæ хорз цыдæр кæй у, уый хаты. Афтæ куыннæ уаид, уæд ын фынджы фарсмæ æдзух нæ кувиккой, ды стыр лæг, стыр ахуыргонд дæ, зæгъгæ.

Иу ахæмы та иу ранмæ акодтой  Тузары йæ баба æмæ йæ гыцци, стæй йæ æна дæр. Йемæ уыдысты йæ хо æмæ йе ‘фсымæр дæр. Бирæ, тынг бирæ адæм дзы уыдис. Æмæ уым дæр чи ныхас кодта, уыдон иууылдæр йæ дадайæ æппæлыдысты. Дада дзы йæхæдæг дæр дзырдта.

Ноджы тынгдæр ныббуц йæ дадайæ Тузар. Æмæ йæ иу ахæмы фæрсы:

– Дада, радзур-ма мын, куыд сдæ стыр ахуыргонд?

– Куыд сдæн, хъæбул? Дæуыйас куы уыдтæн, уæд рæстæг æвзæр уыд. Мæ фыды мын хæстмæ акодтой æмæ сидзæрæй баззадтæн. Уæд, мах, сабитæ, бирæ куыстам, нæ ныййарджытæн æххуыс кодтам, цæмæй æххормаг ма уыдаиккам. Фæлæ уæддæр скъо-ламæ цыдтæн æмæ хорз ахуыр кодтон…

– Мæн дæр фæнды, цæмæй рæстæг æвзæр уа, мæ фыд хæстмæ ацæуа, сидзæр уон, мæ мадæн æххуыс кæнон…

– Уый цытæ дзурыс, мæ хъæбул! – зæронд лæг нытыхта чысыл Тузары йæ хъæбысы.

– Мæн дæр стыр ахуыргонд суæвын фæнды…

ГАБОЙЫ   ФАРСТ

Габо йæхи æхсынхъом рагæй у. Ныр дыккаг къласмæ ахызт. Фæлæ бирæ сабитау уый дæр йæхи æхсынмæ зивæг кæны. Скъоламæ куы цыд, уæд æм æрвылрайсом йæ мад Сæли йæ хъус дардта, цæмæй афоныл сыста, йæхи ныхса, аходæн бахæра, йæ чингуытæ йæ хызыны æрæфснайа. Стæй йæ уый фæстæ скъоламæ афæндараст кæны. Фæлæ ныр сæрдыгон улæфт бонтæ райдыдтой æмæ йæм йæ мад уыйбæрц йæ хъус нал дардта. Фынæй кодта, цас æй фæндыд, уый бæрц, стæй-иу аходæн бахордта æмæ-иу уый фæстæ феттæдуар æмæ-иу сыхбæсты сабитимæ баиу.

Гъе, фæлæ-иу æй цæмæдæр гæсгæ йæхи æхсын нæ фæндыд. Кæд-иу ын Сæли загъта, дæхи ныхс æмæ аходæн бахæр, зæгъгæ, уæд ма-иу ын æндæр цы гæнæн уыдис, æмæ-иу зивæггæнгæ араст хихсæнмæ. Фæлæ йын, зæгъгæ, Сæли нæ загъта, цæмæй йæхи ныхса, уæд-иу фынджы фарсмæ йæ хæринаджы раз фæбадæг.

Сæли йæ цалдæр хатты фæфиппайдта æмæ та иу ахæмы æнæхсадæй фынджы фарсмæ куы рабадт, уæд æй фæрсы:

– Габо, дæхи ныхсадтай?

Лæппу хъуамæ дзуапп радтаид, кæй ныхсадта йæхи, фæлæ йæм зын фæкаст йæ мады фæсайын. Æмæ йæм йе ‘рхъуыдыдзинад фæзынд æххуысмæ:

– Гыцци, скъоламæ куынæуал цæуын, каникултæ куы сты, уæд хи æхсын цæмæн хъæуы?

– Хи æхсын, скъоламæ цæуай æви нæ, уæддæр æрвылрайсом хъæуы, фæлæ алидз æмæ дæхи ныхс, мæ хъæбул, – худгæбылæй дзуапп радта Габойы фарстæн Сæли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.