1992 азæй фæстæмæ Ирыстоны хуссар хайы адæм стыр кад æмæ аргъ кæнынц Æмхæццæ фида-уынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн, кæцытæ уæззау рæстæджытæ бавзарыны фæстæ, Ирыстоны адæмæн сабырад биноныг кодтой нæ зæххыл. Уыцы хъуыддаг ахсджиаг куыст уыд, уымæн æмæ фæлмæцыд уыдыстæм лæбурæг знаджы хæцæнгæрзты мæлæтхæссæг æхст æмæ хъæрæй. Иу адæймаг дæр нæ гуырысхо кæны, фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ сабырад кæй æрхастой æмæ йæ кæй хъахъхъæдтой æхсæрдæс азы.

Ацы операцийы стыр хайбавæрд ис уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæн дæр. Уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон æрмæст ирон батальоны нæу, фæлæ у иумиаг бæрæгбон.

2009 азæй фæстæмæ фидауынгæнæг тыхты мисси урæд æрцыд нæ зæххыл, фæлæ цæмæй се стыр хайбавæрд нæ республикæйы сабырдзинад æмæ хæдбардзинадмæ рох ма уа, уый тыххæй уæд арæзт æрцыд æхсæнадон фонд «Миротворец», кæцыйы сæргъ лæууы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг, фидауынгæнæг тыхты ветеран, булкъон Гæбæраты Таймураз. Штабы уæнгтæ сты фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ-ветеран-тæ.

Гæбæраты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд æрцыдысты, не ‘взонг республикæ иууыл уæззаудæр уавæры куы уыдис, уыцы рæстæджы.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ Ирыстоны хæствæллад зæхмæ 28 азы размæ 14 июлы æрбацыд Псковы десантон дивизийы уæрæсейаг батальон, кæцыйы рæнхъыты уыд нæ бæстæйы абоны сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр. Уымæй иу бон фæстæдæр та нæ зæхмæ æрцыд Цæгат Ирыстонæй фидауынгæнæг тыхты батальон. Уый фæстæ фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæ фæфылдæр сты хуссарирыстойнаг службæгæн-джытæй. Уыцы хъуыддагыл стыр куыст бакодта дзæнæттаг Джиоты Алан (Парпат). Ротацийы фæстиуæгæн цадæггай цæгатирыстойнаг службæгæнджытæ ивд цы-дысты бынæттон службæгæн-джытæй.

Фонд архайы

«Хуссарирыстойнаг фидауын-гæнæг тыхты батальон пырх куы æрцыд, уæд сæвзæрд идейæ, цæмæй æмбæлæм раздæры службæгæнджытимæ, кæрæдзи фæрсæм æмæ хъуыды кæнæм, уый тыххæй арæзт æрцыд æхсæнадон фонд «Миротворец». 2009 азæй фæстæмæ фонд архайы йæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ, нæ къух нæ куыд амоны, афтæ æххуыс кæнæм нæ ветерантæн, кæмæн йе ‘нæниздзинад, кæмæн цардуагон проблемæтæ бæстон кæныны хъуыддаджы. Уыцы хъуыддаджы нæм æмбаргæ ахаст дары бæстæйы къухдариуæгад дæр, уымæн æмæ бирæ ветерантæн фæцудыдта се ‘нæниздзинад æмæ сæ тыхы нæй, иуæй иу сæвзæргæ проблемæтæ бæстон кæнын. Ахæмтæм лæмбынæг хъусдард ис фонды ‘рдыгæй. Ветерантæ нæм æрбахатынц бирæ фарстыты фæдыл. Фонды уæнгтæ æркæсынц фарстытæм æмæ райсæм бæрæг фæстиуджытæ.

14 июль нын у уæлдай кады бон. Уыцы бон æрæмбырд вæййæм æмæ бабæрæг кæнæм, фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæй чи фæхъуыд, уыдон ингæнтæ, сса-рæм сын сæ рухс нæмттæ», – дзуры Таймураз.

Гæбæраты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы Культурæйы министрады æрды-гæй дæр рох не сты нæ ветерантæ. Уыдон, культурæйы министр Зассеты Жаннæйы къухдариуæгадæй ауадзынц «Акция милосердия». Уый фæлгæтты не ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыдон бинонтæн бакæнынц социалон æххуысы хуызы лæвæрттæ.

Фонды номæй уый бузныджы ныхæстæ загъта культурæйы министрæн, се ‘рхъуыды æмæ æххуысы тыххæй.

Фидауынгæнæг тыхты номыл 2017 азы фидар æрцыд майдан «За ратный труд во имя мира». Уыцы майдантæй хорзæхджын æрцæуынц ветерантæ, хъыгагæн, се ‘хсæн чи нал ис, уыдон дæр.  

Куыстбонтæ банымайыны   хъуыддаг

Фидауынгæнæг тыхты батальон пырх куы æрцыд, уæд йæ рæнхъыты службæгæнджытæ дарддæр службæ кæнынмæ бацыдысты республикæйы алыгъуызон тыхон структурæтæм. Уыдонæй пенсийы кары службæгæнджытæ, уæлдайдæр та Мидхъуыддæгты органты службæгæнджытæ, абоны онг дæр æмбæлынц, фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæкæныны рæстæг банымайыны проблемæйыл. Уымæн æмæ Мидхъуыддæгты министрады службæгæнджытæн пенси нысан цæуы Уæрæсейы Федерациимæ сæрмагонд бадзырды бындурыл. Республикæйы æндæр тыхон структурæтимæ уыцы хъуыддаг бæстон æрцыд, уымæн æмæ уыдонæн пенси нысан цæуы бынаты. Уымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрады фидауынгæнæг тыхты раздæры службæгæнджыты службæйы рæстæг банымайыны фæдыл цæуы егъау куыст.

Бафыстытæ

Гæбæраты Таймураз ма нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæм æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы министрадæй æрцыд сæрмагонд гæххæт уæлæмхас бафыстыты нысанæн. Уыдон домынц фидауынгæнæг тыхты раздæры службæгæнджы-ты номхыгъдтæ. Уыдон сты дыууæ категорийæн – иу азæй дæс азмæ, æмæ дæс азæй уæлдæр чи службæ кодта, ахæмтæ.

Ахæм æнгæс бафыстытæ исынц уæрæсейаг хæстон ар-хæйдтыты ветерантæ. Уыдон  сæ исынц пенсион фондтæй, фæлæ махæн уыцы фадæттæ нæй.

Арфæтæ

Бæрæгбон арфæтæй фидауы. Ахæм зæрдиаг арфæтæ ракодта фонды сæргълæууæг дæр:

«Æнæхъусдард не сты нæ раздæры службæгæнджытæ. Уыдон æрвыл аз дæр 14 июлы арфæтæ райсынц æрмæст махæй нæ, фæлæ бæстæйы разамынадæй.

Хъыгагæн, бирæтæ абон нал сты не ‘хсæн, уый фæдыл мæн мæ æмслужбæгæнджытæн фæнды бирæ азты æнæниздзинады ар-фæтæ ракæнын, сабыр арв  уæд нæ сæрмæ æмæ æгас дунейыл дæр», – загъта Таймураз.

Куыд нын радзырдта, уымæ гæсгæ абон фидауынгæнæг тыхтæ нæ бæстæмæ æркæныны бæрæгбон массон æгъдауæй нысан нæ цæудзæн. Номарынæн дидинджытæ æмæ веноктæ æвæрд æрцæудзысты фидауынгæнæг тыхты номыл цыртыты раз – Фидауын гæнæг тыхты номыл уынджы стеллæйы æмæ Шанхайы сыгъд казармæйы раз. Знон та сæ номыл байгом республикон библиотекæйы фоторавдыст.

                                КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.