Республикæйы паддзахадон бæрæгбонтæй иууыл уарзондæр бæрæгбон у Фидауынгæнæджы бон. Ныр 25 азы дæргъы нысан цæуы æрвылаз дæр. Фидауынгæнæджы миссийæ фæрнджындæр мисси нæй зæххы къорийыл. Уыдон æрурæдтой хæст æмæ тугкалд. Хуссар Ирыстоны адæмæн дзырд «фидауынгæнæг» ссис, нæ æрвылбонон царды стыр нысаниуæг дзырд. Фидауынгæнæг тыхты бæрæгбон ничи аивта, адæмы мысынад æнусон у.

Цытджын æмбырд, 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстоны зæхмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 25 азы сæххæсты цытæн уагъд æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Хайад дзы райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ фидауынгæнджытæ-ветерантæ, Цæгат Ирыстон-Аланийæ делегаци, æхсæнады минæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли арфæ ракодта æхсæнады минæвæрттæн, республикæйы уазджытæн æмæ Фидауынгæнæг тыхты службæгæнæг-ветерантæн (йæ доклад мыхуыр цæуы).

Официалон доклады фæстæ Бибылты Анатоли Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнджытæ æмæ службæгæнджыты схорзæхджын кодта «Сабырады номыл удуæлдай куысты тыххæй» майдантæй, кæцы арæзт æрцыд Фидауынгæнæг тыхты боны номыл.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æрдзырдта гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Фидауынгæнæг тыхты кадджын миссийыл.

«Фидауынгæнæн тыхты контингенты сконды службæ кодтой Уæрæсе, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аккаг фырттæ. 16 азы дæргъы ацы операци уыд уникалон æмæ æнтыстджын. Уый хынцыд æрцыд Европæ, ЕÆÆО-йы Мисси æмæ дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй», – дзырдта минæвар.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, Марат Кулахметов арфæ ракодта, ацы операцийы райдианæй фæстæмæ æмæ уый фæстæ дæр уыцы миссийы хайад чи иста, уыдонæн, мадзалы хайадисджытæн æмæ Ирыстоны æхсæнадæн се ‘ппæтæн дæр.

Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы номæй æмбырды раныхас кодта РЦИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Хъесаты Станислав. Уый æхсызгонæй банысан кодта, ацы ирд бæрæгбоны хайадисæг кæй у æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгады арфæйы ныхæстæ фæсхохæй кæй æрхаста.

«25 азы размæ цаутæ ноджыдæр фидар кæнынц иу хъуыддаг:  мах иу адæм стæм æмæ фыдбылыз иу у æмæ иумæ хъуамæ тох кæнæм йæ ныхмæ», – дзырдта Хъесайы фырт. Уый ма банысан кодта уый дæр, æмæ Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæм кадджын ахасты фидар хъуамæ æрцæуа сæ барадон статус æмæ йæ идеологон æгъдауæй кæронмæ бакæнæм.

1992 азы 14 июлы хъаугъайы зонæмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрцыдысты, уæд сæ арæхстджын командæгæнæг уыд, ныр инæлар Суанты Станислав. Цытджын æмбырды Суаны фырт йæ ныхасы æрымысыд, 25 азы размæ цы службæгæнджытæ æмæ хуымæтæг адæмимæ хъуыд кусын, уыдон. Фидауынгæнæг тыхты операци банымадта хъысмæтскуыддзаггæнæн операцийыл.

Инæлар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ службæ бирæ бынæттæм ахаста, фæлæ ацы фидауынгæнæн акци ныффидар йæ хъуыдыкæнынады, йемæ цæры, уымæн æмæ уыд йæ адæмы ирвæзынгæнæн операци. Фидауынгæнæг миссимæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ бирæтæ равдыстой фæндондзинад, фæлæ, зæгъгæ, мах та цыдыстæм нæ зæрдæты сидтмæ гæсгæ. Фыццаджыдæр, цæмæй Ирыстоны сабырад æрбæстон уа æмæ нæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ цæстысыг мауал калдтаиккой. Суанты Станиславы ныхæстæм гæсгæ, уыцы мисси æххæст æрцыд, уымæ алы фидауынгæнæг дæр бахаста  аккаг хайбавæрд.

Фидауынгæнæг тыхты фыццаг командæкæнынад æмæ службæгæнджыты номæй, ацы бæрнон службæйы хайад чи райста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр загъта бузныджы ныхæстæ.

Мадзалы хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ. Уыдон номæй арфæйы ныхæстæ ракодта Тедеты Никъала. Уый бæрæгбонмæ афтид армæй не ‘рбацыд. Æрбахаста йæхи цæхæрадонæй адджын фæткъуытæ. Йæ раныхасы æрсидт æмбаргæдзинад, зондджындзинад æмæ фидардзинадмæ. Нæ кæсдæртæ, зæгъ, уадз рæзæнт æмæ нæ фæрныг хъуыддæгтæ дарддæр кæнæд.

14 июль нæ мысынады баззайдзæн æнустæм.

Æнусон кад æмæ цыт, нæ зæххыл чи бабын, уыдонæн. Мах æгæрон бузныг стæм, йæ царды аргъæй сабырад æмæ фæтк чи хъахъхъæдта, уыдонæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.