1992 азы 14-æм июлы Хуссар Ирыстоны территорийыл урæд æрцыд тугкалд. Уыцы бон гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг конфликты зонæмæ æрбацыдысты æртæфарсон фидауынгæнæг тыхтæ. Уый фæдыл Сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджытæ. Фидауынгæнджытæй Хуссар Ирыстоны адæмæн æххуысмæ фыццаг чи æрбацыдысты, уыдоны ‘хсæн уыд паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр.

Сразыдзинадмæ гæсгæ фидауынгæнæг тыхтæ æххæст кодтой сæ разы æрæвæргæ æфсæддон хæстæ, афтæ ма æххуыс кодтой бынæттон цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæнынæн æмæ æндæр хъуыддæгты. РЦИ-Аланийы батальоныл командæ кодта инæлар-лейтенант Суанты Станислав, уæрæсейаг батальоныл – инæлар-булкъон Геннади Филатов æмæ гуырдзиаг батальоныл та – инæлар-майор П.Георгадзе. Уыцы рæстæджы ма бæрæг æрцыд Æмхæццæ контролон къамисы сконд, кæцымæ бацыдысты: Уæрæсейы Федерацийæ – Сергей Шойгу, Цæгат Ирыстонæй – Хетæгкаты Сергей, Гуырдзыстонæй – Тенгиз Сигуа, Республикæ Хуссар Ирыстонæй – Тезиты Олег. Афтæ ма бæрæг æрцыд Иугонд æфсæддон командæкæнынады сконд, кæцымæ бацыдысты Г.Филатов, Суанты С., П.Георгадзе. Фидауынгæнæг тыхты æрбацыды фæрцы къухты бафтыд хæстон архайдтытæ æруромын, кæцытæ цыдысты æртæ азы бæрц æмæ ахастой сæдæгай адæймæгты цард. Ацы Сразыдзинадмæ гæсгæ фидауынгæнджытæ 16 азы дæргъы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы хъахъхъæдтой  сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр.

Знон, 14-æм июлы 29 азы æххæст кæны Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнæг тыхты æрбацыды боныл. Фидауынгæнæджы бон нысан кæнгæйæ, махæн алы хатт дæр нæ зæрдыл æрлæууынц æппæт фидауынгæнджытæ, æрымысæм, хъайтартæ-фидауынгæнджытæй сæ цард нывондæн чи æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ. Хуссарирыстойнаг цæрджытæ уæрæсейаг фидауынгæнджытыл æмбæлдысты цины цæссыгтимæ. Уартæ дард 1945 азы куыд уыд, афтæ сын сылгоймæгтæ сæ машинæтыл æппæрстой дидинджытæ. Кæд цæрджытæ æмбæрстой, ууыл сæ хъизæмæрттæ кæронмæ нæ фæуыдзысты, уæддæр сæ цыдæр ныфс бацыд. Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты формат уыд уникалон, уымæн æмæ кæд æндæр бæстæты фидауынгæнджытæ конд вæййынц æртыккаг бæстæты æфсæддонтæй, уæд ам та фидауынгæнæг тыхты скондмæ бацыдысты конфликты фæрсты гарзджын тыхтæ. Цалынмæ Гуырдзыстоны сæргъ фашист Михаил Саакашвили не слæууыд, уæдмæ фидауынгæнæг тыхты архайд хицæн кодта йæ архайдæй. Конфликты зонæйы службæ хастой тæссагдзинады уавæрты. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæндæгтыл, арæнгæрон территориты æрцыд тугкалæн инциденттæ. Гуырдзиаг бандиттæ-иу амынæты акодтой сабыр цæрджыты æмæ-иу се ссæрибар кæныны тыххæй домдтой стыр æхцатæ, æхгæдтой фæндæгтæ. Ахæм рæстæджыты-иу уæрæсейаг фидауынгæнджытæн бафтыд сæ къухты ныхмæлæудтытæ æруромын сæ цардæн тæссаг уавæрты.

Алы æмæ алы рæстæджыты Æмхæццæ контролон къамисы архайдыл къухдариуæгад кодтой Гæбæраты Владислав, Саулохты Александр, Тыбылты Леонид. 2001 азæй фæстæмæ Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдар уыд Цоциты Барис. Ацы органы форматы кусын æнцон нæ уыд. Гуырдзыстон фидауынгæнæг операцийы формат банымадта æфсæддон-политикон æндæвдады бын æмæ уымæ гæсгæ йæ минæвæртты нæ фæндыд къухты бафтгæ ба-дзырдты æххæст кæнын. Æмæ уый диссаг дæр нæ уыд, уымæн æмæ Гуырдзыстон уымæй чысыл раздæр куынæг кодта ирæтты, сырдта сæ сæ фыдæлты зæххæй, Хуссар Ирыстонæн арæзта æппæтварсон изоляци æмæ блокадæ.

Хуссар Ирыстоны зæххыл сæртæг сабырад уæвынад кодта 2004 азы онг, цалынмæ Саакашвилийы режим не ‘рбацыд, уæдмæ. Уæд Гуырдзыстоны ногæй райдыдта Уæрæсе æмæ ирæтты ныхмæ истери. 2004 азы августы Гуырдзыстон бафæлвæрдта Хуссар Ирыстоны басæттынмæ, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад æмæ æгадæй лыгъдысты фæстæмæ. Уæрæсейаг фидауынгæнджыты хъуыд æппæт тыхтæй дæр пайда кæнын формат бахъахъхъæныны тыххæй, кæд æмæ сæ æмгуыст кæнын хъуыд æргом знагимæ, уæддæр. 2008 азы 7-æм августы фидауынгæнæг тыхты гуырдзиаг контингент ныууагъта йæ позицитæ æмæ ацыд Хуссар Ирыстонæй. 2008 азы 8-æм октябры официалонæй фехъусынчындæуыд гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты архайд æруромыны тыххæй.

Тбилис йæхи хæстмæ кæй цæттæ кодта, уый бæрæг уыд конфликты зонæйы гуырдзиаг батальоны арæх  ротацийæ дæр. Афтæмæй гуырдзиаг фарс ахуыр кодта, уæрæсейаг постыты æмæ хуссарирыстойнаг æфсады позицитæ кæм равæрд сты, уыцы бынæтты. 2008 азы августы хæсты рæстæджы фидауынгæнæг тыхты гуырдзиаг батальон Гуырдзыстоны регулярон æфсæдтимæ æрбабырстой Цхинвалмæ æмæ йæ æхстой алыгъуызон хæцæнгæрз-тæй, афтæ ма æхстой уæрæсейаг фидауынгæнæг контингенты. Фыццаг снарядтæ æрхаудтой уæрæсейаг фидауынгæнджыты позицитыл, кæцытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ егъаумасштабон хæстон операцийы хæсты фыццаг сахатты фесæфтой 15 адæймаджы.

ДЗЫРД «ФИДАУЫНГÆНÆГ» ССИС САБЫРДЗИНАД ÆМÆ ÆДАСДЗИНАДЫ СИНОНИМ

Фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны службæ кодта журналист Джиоты Александр. Уый фидауынгæнæг тыхтæм служ-бæ кæнынмæ бацыд 2006 азы æмæ дзы цæсгомджынæй баслужбæ кодта 2009 азы онг, цалынмæ фидауынгæнæг тыхты нæ ныппырх кодтой, уæдмæ. Джиойы фырт мын радзырдта йæ мысинæгтæ, ацы кадджын мисси æххæст кæнгæйæ, уыцы азты цауты тыххæй: «Службæ кодтон 4-æм ротæйы, йæ командир уыд Уанеты Олег. Ротæйы фидауынгæнджыты æрвыстой уæлдай тæссагдæр бынæттæм, æндыгъддзинад-иу кæм сæвзæрд, уырдæм. Махæн нæ пост уыд Присы хъæуы сæрмæ,  «Паук» кæй хонынц, уым. Дыууæ боны-иу лæууыдыстæм уыцы посты, стæй-иу куы æрцыдыстæм, уæд та-иу нæ арвыстой, гуырдзиæгтæ-иу провокацитæ кæм сарæзтой, уырдæм. 2008 азы, цалынмæ хæст нæ райдыдта, уæдмæ нын пост сæвæрдтой Сарабукъы хъæуы. Уым-иу баззадыстæм æхсæзгай бонты, стæй-иу уырдыгæй куы æрцыдыстæм, уæд та-иу «Паук»-ы посты лæууыдыстæм. Сарабукъы постмæ-иу нæ гуырдзиæгтæ тыхджын æхстой æрвылæхсæв дæр. Ацы посты немæ лæууыдысты дменисаг хæстон лæппутæ æмæ-иу гуырдзиæгтæ æгæр куы æхстой, уæд-иу  сæ уыдон дæр дзуаппон æхст кодтой. Постытæм нæм арæх цыдысты ЕÆÆО-йы минæвæрттæ æмæ нын бæрæг кодтой, цахæм хæцæнгæрзтæ нæм ис, цалгæйттæй лæууæм постыты, уый. Уыдонæн кæцыфæнды постмæ дæр æнæ ныхдуртæй сæ бон уыд бацæуын, систой-иу нын нæ нывтæ дæр. 2008 азы августы хæст æй куыд равдыста, афтæмæй уыдон информаци лæвæрдтой гуырдзиæгтæн. Хæсты размæ, 6-æм августы, æрцыдыстæм Сарабукъæй, цæмæй аулæфыдаиккам æмæ дыккаг бон ацыдаиккам «Паук»-ы постмæ, фæлæ нæм æрдæгæхсæв фæдзырдтой, цæмæй æвæстиатæй ацыдаиккам «Паук»-ы постмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд ацыдыстæм уырдæм, лæууыдыстæм дыууæ сменæйæ, иу взводы уыд 30 адæймаджы. 8-æм августы æхсæвы хæст куы райдыдта, уæд мах дæр æрцыдыстæм горæтмæ. Бацыдыстæм æфсæддон хаймæ. Уым нын бахæс кодтой, цæмæй æххуыс кодтаиккам хæстон лæппутæн. Мах æй нæхæдæг дæр æмбæрстам, цы аразын нæ хъуыд, уый. Хæсты бонты  æхсæвæй-бонæй  лæууыдыстæм Тъбеты ссæуæны горæтмæ æрбахизæны, афтæ ма 12-æм астæуккаг скъолайы районы дæр. Хæсты фæстæ та, гуманитарон æххуыс чи ласта, уыдонимæ цыдыстæм Ленингоры районмæ æмæ сæ хъахъхъæдтам».

Ирон фидауынгæнæг тыхты батальоны скондмæ чи бацыд, уыдоны фыццæгтæй иу уыд нæ горæты цæрæг (ныртæккæ – дзæнæттаг) Гæбæраты Уардан. Уый йæхи равдыста тынг активонæй, кæмдæриддæр-иу æндыгъд уавæр сæвзæрд, фæнды – Чысангомы, фæнды – Знауыры районы, уырдæм-иу æнæмæнгæй ацыд Уардан дæр. Иу хатт сæм фæдзырдтой Знауыры районы Иончайы хъæуæй æмæ та фидауынгæнæг тыхтæ, семæ Гæбæраты Уардан дæр, афтæмæй атындзыдтой, æндыгъд уавæр кæм сæвзæрд, уырдæм. Фæлæ Уардан цы БТР-ыл бадт, уый скъæрæг уырыссаг лæппу рæстмæ нæ зыдта фæндæгты уавæр æмæ тыхджын цыдæй скъæрдта. Афтæмæй иу ран уæрмы ныххаудта æмæ БТР афæлдæхт. Чи дзы бадт, уыдон цалдæрæй фæцæфтæ сты, уыцы нымæцы – Уардан дæр. БТР куы афæлдæхт, уæд æй фехста æмæ бауадзыг. Бахаудта рынчындонмæ дæр. Фæлæ куы рацыд, уæд та дарддæр æххæст кодта йе службæ. Фæстæдæр йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта æмæ бынтон æнæнхъæлæджы а-дунейæ ацыд цæрынхъуагæй. Йæ ацыдæй Ирыстон фæцух æнахуыр зæрдæхæлар адæймагæй. Йæ фыды фæстæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны службæ кодта йæ фырт Инал дæр.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.