РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста уæрæсейаг инвесторты делегацийы.

Делегацийы сконды Цхинвалмæ æрцыдысты «Опоры России»-йы Правленийы уæнг, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Крона-маркет»-ы директорты Советы сæрдар Леонид Раков, «Мир без войны»-йы Дунеон фонды вице-президент, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Дунеон инвестицион системæты» директорты Советы сæрдар Александр Власенко, «Аланы»-йы фонды Правленийы уæнг Михаил Шербик, «Мир без войны»-йы фонды вице-президент, «Мæскуыйы арæзтадон æрмæджыты комбинаты» директорты Советы сæрдар Андрей Чижик æмæ æндæртæ.

Фембæлд организаци æрцыд æмгуысткæнынады æмæ уæрæсейаг инвестортимæ æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæг Мæскуыйы цы бастдзинæдтæ æрбæстон кодта, уыдон фæлгæтты.

Фембæлды райдианы Ты-былты Леонид чысыл историон экскурс сарæзта Хуссар Ирыстоны экономикæйы къабазмæ, афтæ ма æрдзырдта ныры уавæрты республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатыл.

«Æхсызгон у, абон мах нæ фембæлд кæй дарддæр кæнæм æмæ Мæскуыйы цы фарстатыл дзырдтам, уыдоныл практикон æгъдауæй кæй бакусдзыстæм. Хуссар Ирыстон кæддæриддæр нымад цыдис аграрон регионыл. Абоны бон республикæйы æмбæстæгты ’хсæн æнкъардæуы хъæууон бынæттæм раздæхынмæ цымыдисдзинад хъæууонхæдзарадон архайды рæзты æмæ зæххы ресурстæй пайда кæныны тыххæй. Раздæ-ры фембæлдтытæ хынцгæйæ, мæн ныфс ис, мах бындур кæй æрæвæрдзыстæм нæ ахастытæн æмæ нæ кæй æркæндзысты дарддæры рæзтмæ, Хуссар Ирыстоны потенциал æмæ ресурстæй раст пайда кæнынмæ», — загъта Президент.

Уый ма банысан кодта Уæрæсейы иттæг стыр хайбавæрд республикæйы рæзт æмæ æндидзынадмæ.

«Абон Уæрæсейы руаджы мах сцалцæг кодтам фæндæгтæ æрмæст Цхинвалы нæ, фæлæ районты æмæ, æгæрыстæмæй, дæрддаг хъæуты дæр. Æххæст цæуынц арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ бирæ объектты, аразæм паддзахадон драмон театры ног бæстыхай æмæ университеты корпус», — банысан кодта Тыбылты Леонид.

«Опоры России»-йы Правленийы уæнг, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Крона-маркет»-ы директорты Советы сæр-дар Леонид Раков йæхи фарсæрдыгæй раарфæ кодта Президентæн хорз сæ кæй райста æмæ сын фадат кæй фæцис радзурын сæ фæндæтты æмæ ре-сурсты тыххæй, кæцыты цæттæ сты среализаци кæной, фембæлдмæ хуынд чи æрцыдысты, уыцы инвестортæ Хуссар Ирыстоны.

«Мах фыццаг минуттæй бахаудыстæм уæ æрдзы рæсугъддзинады уацары. Хуссар Ирыстон тынг рæсугъд бæстæ у. Æз фыццаг хатт æрцыдтæн уæ республикæмæ, фæлæ йæ уайтагъд банкъардтон. Мах нæ коллегæтимæ æрцыдыстæм, цæмæй сорганизаци кæнæм бизнес, цахæм бизнес, уый ас-къуыддзаг кæндзыстæм Ленингоры районмæ нæ балцы фæстæ», — загъта уый.

Йæ рады «Мæскуыйы арæзтадон æрмæджыты комбинаты» директоры Советы сæрдар Андрей Чижик фæбæлвырд кодта, зæгъгæ, республикæйы оперативон æгъдауæй æндидзын кæнын æмæ йе стыр потенциал хынцгæйæ, делегацийы уæнгтæ, æнæмæнг, ссардзысты, инвестицитæ кæм бавæрой, ахæм бынæттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.