РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ сæххæст кæныны тыххæй хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уыцы фарстыты фæдыл.

«Цытджын коллегæтæ, мах хъæуы бирæ бакусын, сæрмагондæй, Инвестицион программæйы фарстыты фæдыл. Æмбырдты банысангонд хæслæвæрдтæ æнæмæнгæй хъуамæ æххæст æрцæуой. Фæнды мæ банысан кæнын, куыстытæ бæрæг хуыздæр æххæст кæй цæуынц, фæлæ уæддæр мах цахæм фæстиуæг хъæуы, ахæм нæма ис», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, подрядон организацитæ, афтæ ма хъусдарæг органтæ хъуамæ хæссой сæрмагонд  бæрндзинад æппæт куыстыты гъæд æмæ снысангонд æмгъуыдты тыххæй. Афтæ ма Бибылты Анатоли банысан кодта Инвестпрограммæйы объектты фæдыл уæлæвæрд æмæ хатдзæгон документаци саразын æмæ бацæттæ кæнынимæ баст проблемæты тыххæй дæр. Арæзтады министрадæн хæсгонд æрцыд 2018-2019 азтæн Инвестицион программæ сæххæст кæныны фæлгæтты проектон-сметæйон документаци саразыны хъуыддаджы хайадисæг проектон организациты тыххæй фæндæттæ æрбавдисын æруынаффæ сыл кæнынмæ.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард уый фæдыл фехъусын кодта, зæгъгæ, Арæзтады министрад бахаста бæрæг ивындзинæдтæ проекттæ саразыны тыххæй хуызæгон бадзырд саразынмæ рекомендацитæ куыд амонынц, афтæ. Уыцы ивындзинæдты хынцыд цæуынц санкцитæ документаци гъæдджынæй чи нæ бакуыста, уыцы проектон организациты ныхмæ, афтæ ма цæмæй 2015-2017 азты цæсгомджынæй куыстытæ чи нæ сæххæст кодта,  уыцы органи-зацитæн мауал уа куыстыты хайад райсыны фадат.

«Бадзырды ивындзинæдтæ хауынц, мах цы пункт бахынцыдтам, уымæ. Уыцы пунктмæ гæсгæ объекты куыстытæ æххæст кæныны процессы гуырмир цухдзинæдтæ куы сбæрæг уой, уæд сæххæстгонд куыстыты тыххæй акттæ бадæдтыны фæстæ, проект аразæгкаг æхцайы фæрæзты 10% баззайдзысты закъазгæнæгмæ» – загъта уый.

Зæгъойты Эдуард хыгъд радта Инвестицон программæйы мадзæлттæ афоныл кæронмæ æххæст куынæ æрцæуой, уый фæдыл подрядон организацитæн сæрмагонд  бæрндзинады тыххæй фехъусын кæныны хæслæвæрды фæдыл.

«Подрядон организациты алкæцы къухдариуæггæнæгæн дæр фехъусын кодтам, цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уыдоны снысангонд æмгъуыдмæ куынæ фæуой, уæд куыстмызд æххæстæй нæ райсдзысты, уыцы нымæцы ныридæгæн сæххæстгонд куыстыты тыххæй дæр. Афтæ ма сын фехъусын кодтам, зæгъгæ, уыцы организацитимæ нал уыдзæн дарддæр æмгуыст кæнæн дæр», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг фехъусын кодта, 2017 азы 3-æм октябры æмбырды республикон министрадтæ, ведомствотæ æмæ подрядон организацитæн хæслæвæрдты фæдыл куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй. «Хæслæвæрдты фыццаг хай хаудта Паддзахадон драмон театры бæстыхаймæ. Хæсгонд уыд 10-æм октябры онг  кусджыты раз куыстмызды хæсы реестр бацæттæ кæнын æмæ йæ 17 октябрмæ бафидыны тыххæй. 26 октябрмæ реестр махмæ лæвæрд не ‘рцыд. Фæлæ абон, 27 октябры коллегæтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, йæ уыдон æрхастой семæ æмæ йæ, æвæццæгæн, райсом фендзыстæм», – загъта уый.

Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад, арæзтадон компани «Эверест»-ы минæвар Руслан Файтыхов фехъусын кодта, зæгъгæ, кусджыты раз куыстмызд бафидыны хæсы фæдыл æппæт æнæмæнгхъæуæг документаци арæзт æрцыд, кусджытæн цы хъуамæ бафидæм, ууыл æруынаффæ кодтам Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæимæ.

«Райсом сихоры онг мах бафиддзыстæм æппæт куыстмызд дæр» – загъта уый.

Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Арæзтады министрадмæ æрбавдыст не ‘рцыд информаци объекты куыстыты æппæт мадзæлтты дзыгуыр дарддæр куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл æмæ куыстытæ кæронмæ фæуыны æмгъуыдты тыххæй фæндæттæ бацæттæ кæныны хæслæвæрды фæдыл.

«Æмæ уæ цы хъыгдары ацы пункт сæххæст кæнынæн? Уæ фарсмæ бады Республикæ Татарстаны Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллин. Сымах баныфс æвæрдтат, алцыдæр сфидаргонд æмгъуыдмæ арæзт кæй æрцæудзæн, уымæй, фæлæ кæм сты уæ фæстиуджытæ?» – бацымыдис кодта Президент арæзтадон компани «Эверест»-ы минæвæрттæм.

Руслан Файтыхов фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы объекты фæдыл уагъд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, хынцыд æрцыдысты куыстыты бафæстиаты æппæт тæссагдзинæдтæ.

«Махæн проблемон уыд сценæйы механикæимæ баст фарст. Аразы нын æй Татарстаны завод, уый цæттæ уыдзæн 6-æм ноябры. Æмæ афтæмæй, сценæ æвæрд æрцæудзæн æмгъуыдæй раздæр. Театры куыстыты сæйраг гуырахст та  мах фæуыдзæстæм ноябры кæронмæ», – загъта уый.

Афтæ ма æркастæуыд тубекрулезы ныхмæ диспансеры  бæстыхайы æмбæрзты арæзтад æмæ артгæнæны монтажы фæдыл хæслæвæрдмæ. Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, объекты кусынц 43 адæймаджы æмæ техникæйы цыппар иуæджы.

Боны фæткы иннæ хæслæвæрдтæ та уыдысты университеты комплексы арæзтады фæдыл, сæрмагондæй, срастгонд проектон-сметæйон документаци паддзахадон экспертизæмæ æркæсынмæ радтыны æмæ йæ арæзтад кæронмæ фæуыны бон сбæрæг кæныны тыххæй.

«Проектон-сметæйон документаци кусæгон фæткы йæм æркæсынмæ лæвæрд æрцыд цæгатрирыстойнаг экспертизæ-мæ, уым нын фехъусын кодтой сæ фиппаинæгты тыххæй, уыдоны фæдыл абон куыст цæуы. Райсгæ фиппаинæгтæ хынцгæйæ, экспертизæйы дзуапп райсыны кæройнаг бон у 15-æм ноябрь. 20-æм ноябрмæ мах æнхъæлмæ кæсæм экспертты хатдзæгон фиппаинагмæ», – фехъусын кодта Президентæн Зæгъойты Эдуард.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, объекты æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц сфидаргонд графикмæ гæсгæ æмæ кæронмæ фæуыдзысты 25 ноябрмæ.

Уый фæстæ æркастæуыд Ленингоры районы объектты – районы инженерон хызæгтæ, Ленингоры поселочы скъола æмæ Орчъосаны хъæуы скъола-сабидоны арæзтады фарстмæ. Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг фехъусын кодта объекты хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт куыстытæ дæр цæуынц сфидаргонд æмгъуыдтæм гæсгæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн бахæсгонд æрцыд Ленингоры зонæйы объекттæм сæ минæвары арвитын, Инвестпрограммæйы объектты реализацийыл контроль кæныны тыххæй. Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, районмæ радгай ацæуынц капиталон арæзтады управленийы хистæры фыццаг хæдивæг æмæ йæхи хæдивæг дæр.

Йæ рады, Бибылты Анатоли банысан кодта хъусдарæн  хæстæ æххæст кæнынмæ бæрнон ахаст дарыны æнæмæнгхъæуындзинад

«Ацы адæймæгтæ уырдæм хъуамæ цæуой подрядонтæн конкретон æмæ æмбæрстгонд домæнтимæ. Æмбарын æй, нæ республикæ чысыл у, бирæтæ кæрæдзи зонынц, фæлæ уæ курæг дæн куысты тыххæй дзырд куы цæуа, уæд сæрмагонд æмахастытæ фæстаг бынаты æвæрæм, куыстæн мах хъæуы йæ фæстиуæг. Подрядонтæй хъæуы домын æмæ сæ цырд кæнын куыстытæ сæххæст кæныны сæраппонд, æмæ  уый фæстæ Арæзтады министрадмæ æрбавдисын хъæуы куыстытæ фæтагъддæр æмæ сæ гъæд фæхуыздæр кæныны фæдыл фæндæттæ», – загъта уый.

Арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Алфазар»-ы къухдариуæггæнæг Хъотайты Рутен фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæгæн горæт Цинвалы Октябры уынджы цæрæн хæдзæртты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй.

«Хæсгонд æрцыд объекты кусджыты нымæц фæфылдæр кæнын, æмæ 31-æм октябрмæ хæрзарæзтадон куыстытæ фæуыны тыххæй. Абоны бон æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ, хæрзарæзтадон куыстытæн фæцис сæ 70%. Æппæт тыхтæй дæр спайда кæндзыстæм, цæмæй нын сфидаргонд æмгъуыдты бантыса куыстытæ сæххæст кæнын»,- загъта уый.

Æмбырды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Хъайтарты уынджы арæзтцæуæг цæрæн комплексы куыстыты темптыл. Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, объекты куыстытæ æххæст цæуынц рæвдз, хæслæвæрдтæм гæсгæ бацæттæгонд æрцыдысты фæндæттæ территори схæрзарæзт кæныны графикы фæдыл, 2018 азы 5-секцион хæдзары арæзтадон-монтажон куыстыты фæуд бахынцгæйæ.

«График цæттæ æмæ фидар æрцыд, территори дих æрцыд 2 хайыл, иу хай дзы иннæ азмæ ахицæн кæнгæйæ. 8-секцион хæдзары цур иннæ территорийыл, графикмæ гæсгæ куыстытæ фæуыдзысты азы кæронмæ», – фехъусын кодта уый.

Арæзтадон фирмæ арæнгонд бæрн-дзинады æхсæнад «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег фехъусын кодта, зæгъгæ, боныгъæд хынцгæйæ тæссагдзинæдты зонæйы ис территорийыл асфальт сæвæрын. «Графикмæ гæсгæ территорийыл асфальт æвæрд æрцæудзæн ноябры кæронмæ», – загъта уый.

Æмбырды кæрон Президент ноджы иу хатт банысан кодта, ацы азы кæронмæ Инвестицион программæйы æппæт объектты фæдыл хыгъдон документаци биноныг æххæстæй æрбавдисыны ахсджиагдзинад.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.