Нæ республикæйы мобилон бастдзинады фæзынд уыдис ахсджиаг хъуыддаг. Æмæ абон зын ахъуыдыгæнæн у, æнæ мобилон бастдзинадæй нæ царды уагыл. Фæлæ йæ куысты къуылымпыдзинæдтæ кæй сæвзæры, уымæ гæсгæ цæрджытæ æвдисынц се ‘нæразыдзинад. Проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны нысанæн республикæйы разамынад арæх фембæлы компани «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæгадимæ.

Ныр дæр та сын ахæм фембæлд уыд РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментиимæ. Йæ сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд, кæцыйы æруынаффæ кодтой республикæйы цæрджытæн гъæдджын мобилон бастдзинад æмæ интернеты лæггæдтæ дæттыны актуалон фарстытыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Алан, Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан, компани «Мегафон – Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Роман Коврига, «Остелеком»-ы директорты советы уæнг Къæбысты Георги, РХИ-йы Паддзахадон исады æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты сæрдары хæдивæг Остъаты Залинæ.

Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, «Мегафон-Хуссар Ирыстон» цы лæггæдтæ кæны, уыдоны аргъ æмæ гъæд æдзух сты паддзахады, республикæйы хицауады æмæ цæрджыты хъусдарды бын, кæцытæ пайда кæнынц уыцы лæггæдтæй.

«Мах регуляронæй уынаффæ кæнæм компани «Мегафон»-ы минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы ахæм фарстытыл, кæцыты нысан у, цæмæй къухты бафта интернеты æмæ мобилон бастдзинады лæггæдты фæдыл тарифон опцитæ фæкъаддæр кæнын æмæ лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæнын, цæмæй уыдон уой нырыккон æмвæзадыл», – загъта йæ раныхасы Хъуылымбегты Доменти.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, зæгъгæ, компани «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы минæвæрттимæ июны мæйы бадзырдæуыд, цæмæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ бакæнгæ лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр уа.

«Мах хæсджын стæм, цæмæй æввахс рæстæджы ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæнæм», –  банысан кодта Хицауады Сæрдар. – Мах æмбарæм, æхгæд акционерон æхсæнад «Остеле-ком»-ы разамынады уыцы хъуыддаджы. Хъæуы сæ фæтагъддæр кæнын уыцы процессты, æмбæлон уагмæ хъæуы æркæнын æргъты æмæ бакæнгæ лæггæдты гъæд.

Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы здæхты кусынц, уымæ гæсгæ нæ цæрджыты æнхъæлмæкаст дзæгъæлы хъуамæ ма уа. Цæрджытæн лæггæдты гъæд хъуамæ уа æмбæлон æмвæзадыл æмæ хъуамæ фидар æрцæуа цæрджытæн, куыд æмбæлы, ахæм аргъ. Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй компани «Мегафон-Хуссар Ирыстон» хъуамæ хынца цæрджыты уавæр æмæ республикæйы ситуаци.

«Хынцын хъæуы, цæрджытæн сæ бон стыр аргъ фидын кæй нæу, – загъта премьер. – Алцы дæр хъуамæ уа æмбæрстгонд æмæ объективон. Уымæ здæхт сты нæ архайдтытæ. Мæн ныфс ис, директорты советы нæ минæвæрттæн кæй уыдзæнис ахæм позици, цæмæй æндавой лæггæдты гъæд бæрзонддæр кæныны æмæ тарифты къаддæр кæныны фæдыл райсгæ уынаффæтыл».

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй раздæр къухыбафтгæ бадзырдты реализаци хъæуы фæтагъддæр кæнын.

Роман Коврига йæ раныхасы райдианы компанийы номæй абоненттæй хатыр ракуырдта, Кавказы филиалы биллингон системæйы фарсæрдыгæй 21-22 сентябры цы авари æрцыд, уый тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй авари локализаци æрцыд 23 сентябры информацион технологиты Кавказы филиалы кусджыты руаджы.

Коврига фæндон бахаста, цæмæй компаниты ауагъд æрцæ-уа мидадминистративон куыст ахæм инциденттæ мауал æруадзыны фæдыл.

«Дарддæр цæмæй интернеты гъæд фæхуыздæр уа, уый тыххæй план цæуы грандиозон проект радиохызæджы нæ ифтонггæрзтæ баивыны фæдыл, кæцыйы мах фæнды ацы аз райдайын æмæ йæ фидæнмæ фæуын», – загъта Коврига.

Йæ ныхæстæм гæсгæ «Остелеком»-ы абоненттæн æргътæ фæкъаддæр кæныны фæдыл республикæйы Хицауадимæ æмархайдæй, раздæры бадзырдтæм гæсгæ цæуы æмбæлон куыст.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй бынæттон абоненттæ активондæрæй цæмæй пайда кæнынц, уыдон сты «Лайт», «Лайт плюс», «Медиум», «Медиум плюс».

«Уыдоны фæдыл нæ клиенттæн лæвæрд æрцæудзæн уæлæмхас трафик, кæцы фадат рат-дзæн иу мегабайты аргъ 30 проценты бæрц фæкъаддæр кæнынæн, – загъта Коврига. – Уымæй дарддæр ма мах бакуыстам ног тарифон плантæ æмæ опцитæ, кæцытæ фæкъаддæргонд æргътыл лæвæрд цæудзысты интернет æмæ уæлæмхас хъæлæсон лæггæдтæн. Уый у республикæйы фыццаг тарифон пакетон план, кæцыйы нысан сты лæг-гæдтæ дæттын æппæт комплексы мидæг».

Генералон директоры уынаффæгæнæг куыд загъта, афтæ ма уымæй дарддæр бакуыст æрцыд, афтæхуыйнæг æнæлимитон тарифон опци «Ночной Драйв», кæцы фадат дæтты интернеты лæггæдтæй стыр гуырахстæй пайда кæнын æхсæвы фыццаг сахатæй райсомы авд сахатмæ.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй, цæмæй лæггæдты гъæд фæхуыздæр уа, уый тыххæй хъæуы компанийы рауæрæхдæр кæнын. «Махæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бон нæу, цы ифтонггæрзтæ нæм ис, уыдоны руаджы рауæрæхдæр уæм, – загъта Коврига. – Ныртæккæ скъуыддзаг æрцыд китайаг компанитæй сæ иу æй ифтонггæрзтæ балхæнын æмæ æрласыны фарст. Ацы ифтонггæрзтæ ныртæккæ сты фæндагыл æмæ æрцæудзысты ноябры мæйы кæронмæ. Уæд сæ райдайдзыстæм монтаж кæнын дæр. Мах ивæм иф-тонггæрзтæ уый тыххæй, цæмæй нын уой иууыл нырыккондæр æмæ клиенттæн кæнæм гъæдджын лæггад».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй тарифтæ фæкъаддæр кæныны æмæ интернеты хызæджы гъæд фæхуыздæр кæныныл куыст цæудзæн, клиенттæн лæвæрд чи цæуынц, уыцы тарифон опцитæ æмæ пакетты универсализацийы фæдыл.

Уый куыд банысан кодта, аф-тæмæй æппæт ивындзинæдтæ дæр хъуамæ реализаци æрцæуой 10 декабрмæ.

Æмбырды ма уынаффæ цыдис æндæр ахсджиаг фарстытыл мобилон бастдзинад æмæ интернеты лæггæдтæ фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.