РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмбырд ауагъта тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, кæцыйы куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал, афтæ ма горæтон æмæ районон администрациты сæргълæуджытæ.

Æрхонгæты ‘хсæн ма уыдысты Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав æмæ Æхсæнадон палатæйы сæрдар Джиджджойты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ахæм форматы æмбырд уагъд нæ цыдис, тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ сæрмагондæй Президентæн республикæйы оперативон уавæры тыххæй информаци дæттыны фæдыл уынаффæ ист куы ‘рцыд, уæдæй фæстæмæ.

«Абон махæн нæ бон у зæгъын, ахæм уагыл куыст бакæнгæйæ, нæ республикæйы æнцойад æмæ стабилондзинад кæй ис. Æрмæстдæр афтæмæй мæнæн мæ бон у саргъ кæнон абоны иумæйаг уавæрæн. Уыимæ иумæ мæ фæнды байхъусын тыхон министрадтæ æмæ ведомствоты æппæт къухдариуæггæнджыты информацимæ. Уымæн æмæ нæ абоны æмбырды нысан у, æрбалæугæ президентон æвзæрстытæм цæттæ кæныны фарстытыл æруынаффæ кæнын», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстыты хæдразмæ, гæнæн ис, æнкъардæуа бæрæг резонанс æхсæнады царды, кæцы ма хъуамæ бандава æхсæнадон-политикон ситуацийы иумæйаг стабилондзинадыл.

«Фæнды мæ зæрдыл æрлæууын кæнын мæ ныстуан республикæйы цæрджытæм, уыцы нымæцы Президенты бынатмæ кандидаттæм дæр: иууылдæр хъуамæ хъахъхъæной закъон æмæ хынцыд цæуа, фæстаг азты дæргъы махæн нæ къухты кæй бафтыд нæ рæзты серьезон æмвæзадмæ рахизын. Уыцы азты дæргъы махæн нæ къухты бафтыд Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты рæзты бæрзонд æмвæзад æмæ мах хъуамæ хъахъхъæнæм уыцы ахастыты. Уæрæсейаг æххуысы руаджы мах реализаци кæнæм бирæ программæты, кæцытæй сæйрагдæр у Инвестицион программæ æмæ йын бæрзонд аргъ цæуы. Уый та, æз ын цы аргъ кæнын, уый нæу, фæлæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг экспертты хатдзæг у. Уый махæн стыр аргъы аккаг у æмæ махæй цы кæнгæ у, уыдон æппæт дæр хъуамæ аразæм, цæмæй æввахс рæстæджы республикæ бацæуа æвзæрстытæм æнцойад æмæ стабилондзинады уавæры», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг æппæт æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ ауадзынмæ бацæттæ кæныны оперативон мадзæлттæ æххæст кæныны фæдыл организацион мадзæлтты Планимæ.

«Ахæм План, куыд фæтк, афтæ бакусынц не структурæтæ, сæ сæргъ Паддзахадон æдасдзинады комитет, афтæмæй, æмæ йæ фидар кæны Президент. Куыд загътон, афтæмæй ам, сæйраджыдæр, дзырд цæуы оперативон уагыл æвзæрстытæ ауадзыны цæттæдзинады тыххæй. Æппæт барадхъахъхъæнæг органтæ кусдзысты ацы План реализаци кæныныл, кæцы арæзт æрцыд, цæмæй алы структурæ дæр, уавæрмæ гæсгæ, цахæмфæнды рæстæджы дæр хъуамæ уа цæттæ уынаффæ райсынмæ», – загъта Президент.

Дарддæр паддзахады Сæргълæууæг байхъуыста тыхон ведомствоты къухдариуæггæнджытæй алкæмæ дæр хицæнтæй.

Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы криминогенон ситуацийыл контроль кæнынц Мидхъуыддæгты органтæ æмæ дарддæр дæр у стабилон æмæ сабыр.

«Мидхъуыддæгты министрады рæнхъон сконд баконд æрцыд дзыллон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынмæ, сæрмагондæй та Президентмæ кандидаттæ раразмæ кæныны фæдыл инициативон къордты æмбырдты. Ницы бархалынæдтæ раргом кодтам. Мидхъуыддæгты органты рæнхъон сконд цæттæ у, президентон æвзæрстытæ уадзыны рæстæджы цахæмфæнды антибарадон архæйдтытæ ма ‘руадзыны фæдыл сæ разы цы хæстæ лæууынц, уыдон æххæст кæнынмæ, закъондзинад фехалынмæ цахæмфæнды бафæлвæрдтытæн дæр уыдзæн æмбæлон дзуапп, ведомствойы кусджыты ‘рдыгæй», – загъта Лæууойты Æхсар.

Хъахъхъæнынадон ведомствойы куысты тыххæй радзырдта Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Тасойты Леонид. Уый фехъусын кодта зæгъгæ, 30 январæй 12 февралмæ хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнджытимæ ауагътой танкæйон дæлхæйтты штатон æхстытæ. Уый банысан кодта, разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ цæттæдзинад æмæ æфсæдты хорз моралон-психологион уавæр, кæцытимæ, Тасойты Леониды ныхæстæм гæсгæ, рæстæгæй-рæстæгмæ цæуы æмбарынгæнæн куыст.

Республикæйы уавæр стабилон кæй у, уый йæ доклады банысан кодта Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Санахъоты Сергей.

«Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æрвылбон дæр ацæуынц цæрджыты фæсидтытæм, алыгъуызон æрцæугæ цауты фæдыл, кæцытæ фылдæр хатт вæййынц зымæджы рæстæджы. Фæстаг рæстæджы серьезон цаутæ не ‘рцыдис», – загъта уый.

Республикæйы æхсæнадон-политикон уавæры тыххæй коллегæты хъуыды бафидар кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев дæр.

«Ацы планы арæзт æрцыд штаб тыхон структурæты кусджытæй. Ныры этапы мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй-иу æрæмбырд уæм къуыри иу хатт. Уыимæ иумæ кæрæдзийы информациимæ зонгæ кæнæм реалон рæстæджы режимы. Комитетæн йæхимидæг конституцион цардæвæрд бахъахъхъæныны фæдыл дæлхай раконд æрцыд авдбонон кусæгон къуыримæ, оперативон сконд сæрибар не ‘рцæудзæн, цалынмæ æвзарæн компани фæуа, уæдмæ. Республикæйы разамынадæн æрцæугæ процессты тыххæй информаци лæвæрд цæуы реалон рæстæджы режимы», – загъта Виктор Шаргаев.

Уый ма афтæ банысан кодта республикæйы æхсæнадон мадзæлттæ уадзыны фæдыл Президенты бынатмæ кандидаттимæ æмбарынгæнæн куыст кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Горæты администрацийы хаххыл мæ фæнды саразын сидт кандидаттæм. Уый тыххæй, куыд хъуамæ уадзой æхсæнадон мадзæлттæ, куыд райсын хъæуы бар, кæцы закъоны бындурыл æмæ афтæ дарддæр. Æмæ кæд æхсæнадон мадзæлттæ уадзыны тыххæй мэрийы ‘рдыгæй ахæм бар нæ уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, барадхъахъхъæнæг органтæ сæ ауадзын нæ æруадздзысты», – загъта Виктор Шаргаев.

Тыбылты Леонид æвæрццаг аргъ скодта ацы фæндонæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дзыллон мадзæлттæ уадзыны инициатортæ хъуамæ æмба-рой, цы бæрндзинад сыл æвæрд ис, уый.

Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли йæхирдыгæй банысан кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстытæ ауадзынмæ баззад хæрзчысыл рæстæг. Уымæ гæсгæ уый æрсидт республикæйы æппæт барадхъахъхъæнæг органты кусджытæм, цæмæй фылдæр хъусдард здахой дзыллон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы контроль фæтыхджындæр кæныны фарстытæм. Уый банысан кодта, республикæйы фæндæгтыл регулярон рейдон мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад, тарнспортон фæрæзты шофырты документтæ сгарын, афтæ ма сæм хæцæнгарз ис æви нæй, уый бабæрæг кæнын, кæцыйы хæссын æмæ æфснайыны закъондзинадмæ хъуамæ здæхт цæуа сæрмагонд хъусдард.

Дарддæр республикæйы районты ситуацийы тыххæй докладтæ сарæзтой районон администрациты сæргълæуджытæ.

Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Рустам Президентæн фехъусын кодта районы хъæуты дон æмæ электроэнергийы ифтонгады, зымæджы рæстæджы фæндæгты сыгъдæг кæныны фæдыл уавæр куыд у, уый тыххæй.

Президент бацымыдис кодта, куыд у хъуыддаг Знауыры 12 хъæуы электроифтонгады тыххæй, кæцыйы цæрджытæ бахатыдысты Президентмæ сæ проблемæтимæ, æвзæр боныгъæдты электроифтонгады къуылымпытæ кæй вæййы, уый тыххæй.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти радзырдта, Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон» ацы хъуыддагыл кæй кусы, кæцы фæзын-дæр æвзæр боныгъæдты фæстиуæгæн. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, мæй æмæ æрдæджы æмгъуыдмæ 12 хъæуы иууылдæр ифтонг æрцæудзысты электроэнергийæ автономон энергоифтонгады хыгъдæй.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексей банысан кодта, Ленингоры поселочы кæй ис проблемæ фæндæгтимæ, кæцытæ раууатмæ æрцыдысты арæзтадон куыстыты фæстиуæгæн. Куыстыты та æххæст кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СоюзСтройПроект».

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ма банысан кодта, цæрджытимæ кæй хъæуы æмбарынгæнæн куыст кæнын ацы фарстыты фæдыл.

«Ленингоры поселочы ныртæккæ масштабон куыст цæуы донифтонгады, канализацийы хызæгтæ баивыны фæдыл æмæ Ленингоры районы донифтонгады системæйы сæйраг ифтонгадмæ баиу кæныны фæдыл. Хъыгагæн, бæрæг æвадатдзинæдтæ æвзæрын кæнынц ацы куыстытæ. Ивгъуыд азы уагъд æрцыдысты куыстытæ æрмæстдæр донифтонгады хызæгтæ баивыны фæдыл, ацы аз та хъуамæ æххæст æрцæуой куыстытæ канализацийы фæдыл. Уымæй дарддæр ма проектты нысан нæ уыдысты хæдзæрттæм сæ баиу кæнын. Уымæ гæсгæ мах архайæм ацы фарст дæр аскъуыддзаг кæныныл, цæмæй сæ иу рæстæджы æркæнæм фæткмæ», – загъта уый.

Æмбырды ма раныхас кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир æмæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.