Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста, 2011 азы товарон кредиты хуызы хъалмыхъхъаг мыггагы 900-æй фылдæр ставдкъах фосы чи райста, уыцы фермерты.

Фембæлды ма хайад райста Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев.

Банысан кæнын хъæуы, 2018 азы 7 ноябры уагъд кæй æрцыд ахæм фембæлд, цыран фермертæ Президентæн радзырдтой сæ проблемæты тыххæй, кæцытимæ уыдон сæмбæлдысты, суанг фос ласын райдайгæйæ æмæ тæрхондонон равзæрстытæй фæугæйæ.

Уæд паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта бæрнджын адæмæн ацы фарстыл бакусын æмæ уавæрæй рахизынæн иууыл æнцондæр амал ссарын. Сфыстой, се ‘мгъуыд кæмæн фæци, уыцы кредитты фæдыл пениты. Фæлæ фермерты паддзахадæй хъæуы фылдæр æххуыс.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли сайдыфæуæг фермертæн ныфс бавæрдта, паддзахад сын кæй баххуыс кæндзæн, фæлæ уæ, зæгъгæ, ныфс ма уæд, уæ кредиттæ сфыст кæй æрцæудзысты, уымæй.

«Кредиттæ иууылдæр ничи не сфысдзæн. Уый уаид фыдракæнд, уымæн æмæ æхца сты адæмы», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, абон хъæуы ног бадзырдтæ саразын, фермерты ныхмæ тæрхондонæй исктæ райсын, æмæ сæ кредиттæ бафидын æрдомын. 

Æмбæлон фæдзæхстытæ Бибылты Анатоли радта Хъæууон хæдзарады министрæн.

«Алкæцы фермеримæ дæр саразут индивидуалон бадзырд æмæ, кредиты бæрцмæ нæ кæсгæйæ, сбæрæг кæнут, мæйы мидæг цавæр суммæ фиддзæн, уый», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.