Райдыдтой хатырон уавæрты кредиттæ дæттын. Документтæ ист цæуынц 17 январæй 7-æм февралы онг. Уый тыххæй нын лæмбынæгдæр радзырдта Экономикон рæзты министрады хатырон уавæрты кредиттæ дæттыны фонды æххæстгæнæг директор Бибылты Ноннæ.

«Амалиуæгад кæныны бизнес-плантæ кæмæн ис æмæ  кредиттæ райсыны тыххæй йæ документтæ чи бацæттæ кодта, уыдон сæ хъуамæ бавдисой РХИ-йы Экономикон рæзты министрадмæ. Министрад къамисы хуызы æвзардзæнис хуыздæр бизнес-проекттæ.

Мах дарддæр дæр кусæм «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады райрæзт»-ы паддзахадон программæйы проектмæ гæсгæ. Хатырон кредиттæн ахъазгæнæг закъон нæ республикæйы архайы цалдæр азы. Ацы аз не ‘мбæстæгтæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады куыст чи кæна, уыдон нæ паддзахадæй æххуыс райсдзысты 55,9 милуан сомы. Уый у 6 милуан сомæй фылдæр, ивгъуыд азимæ абаргæйæ. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы фæрæзтæ дих цæудзысты, амалиуæгады бизнес-плантæ чи бацæттæ кæна кредиттæ райсыны тыххæй, уыдоныл. Конкурсон къамисы сконды ис Президенты дыууæ минæвары, фæйнæ уæнг та – Хицауад æмæ Парламентæй. Æхсæнадон æмæ амалиуæггæнджыты организациты минæвæрттæй дæр нæм вæййы иугай адæймæгтæ. Фарон куырдиæттæ æмæ бизнес-плантæ чи æрбавдыста амалиуæгад райтынг кæныны тыххæй, уыдон уыдысты 150 бæрц. Сæ фылдæр хай уыдысты хъæууон хæдзарады къабазæй. Фонды цы æфтиæгтæ ис, уыдонæн сæ ахадгæ хай у паддзахадон бюджетæй. Иннæтæ та сты проценттæ, кредитон депозиттæй, кæцытæ цæуынц амалиуæг-гæнджытæн сæхицæй».

Бибылты чызг ма куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд аз хатырон кредиттæ лæвæрд æрцыд 67 амалиуæггæнæгæн. Иумæйаг суммæ уыд 49,9 милуан сомы. Уыцы 67 бизнес-планæй 45 уыдысты хъæууон хæдзарады сферæйæ, 13 – цардуагон лæггæдты сферæйæ æмæ иу та – базарадон фадыджы. Ацы аз финансон фæрæзты гуырахст фæфылдæр кæнынимæ иумæ фæкарздæр уыдзысты домæнтæ дæр. Закъонмæ хаст æрцыд ахæм пункттæ, куыд фонды архайдыл контроль фæтыхджындæр кæнын. Ног закъонмæ ма ноджыдæр хаст æрцыд ахæм пункттæ, кæцытæм гæсгæ ивгъуыд азты хатырон кредиттæ чи ахаста, уыдоныл эффективонæй кæндзысты контроль. Уыцы пунктмæ гæсгæ ацы процессмæ сæ хъус дардзысты, æрмæст амалиуæггæнджыты æххуысы фонд нæ, фæлæ ма банг дæр. Кредиттæ нысанмæздæхтæй чи нæ хардз кæна æмæ афоныл проценттæ чи нæ хæсса, уыцы кредиторы ныхмæ ист цæудзæнис санкцитæ. Уыцы механизм ныридæгæн дæр архайы. Бирæ арендатортæ рафсон-бафсон фæкæнынц, ома, æрдзы фыдаудæнты аххосæй мæ бизнес бабын, фæлæ, цæмæй уыцы цау фидар æрцæуа, уый тыххæй хатдзæгтæ хъуамæ сараза цæстдарæн къамис. Цæсгомджын фермер æмæ арендатормæ та хицауад æххуысы къух æнæфæдаргæ нæ фæуыдзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.