Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Науруйы Президент Лайонел Энгимеайæн Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ адæмæн национ бæрæгбон – Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны цытæн.

1968 азы 31 январь ссис Республикæ Науруйы адæмы историйы зæрдылдарæн бон, паддзахдзинад сæндидзын кæныны фæндагыл ахсджиаг этап. Уыцы бон у Науруйы адæмы иудзинады символ, кæцыйæн йæ бон ссис сфидар кæнын национ сæрыстырдзинад æмæ хуыздæр фидæны сæраппонд йæ æнæбайсгæ бар сфидар кæнын.

Хуссар Ирыстоны бузныгдзинады æнкъарæнтимæ кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты, Республикæ Науру нæ бæстæйæн йæ историйы хъысмæтскъуыддзаггæнæн рæстæджы кæй баххуыс кодта æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй банымадта, уый.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй мах æвдисæнтæ кæй  суыдзыстæм дыууæ бæстæты ‘хсæн дыууæварсон партнерон ахастытæ сфидар æмæ уæрæх кæныны хъуыддагæн.

Ацы нысаниуæгджын боны, бæрæгбонон цауæй пайда кæнгæйæ, мæ цæст уарзы дæуæн æмæ дæ номæй Республикæ Науруйы æппæт адæмæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы кусджытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы сырæзтыл 15 азы сæххæсты цытæн!

Арæнгæрон службæ у нæ арæнтæ хъахъхъæныны фидар гарант. Бæрзонд эффективондзинад æмæ Паддзахадон арæн хъахъхъæныны фæдыл архайдтыты лæмбынæгдзинад æвдисгæйæ, арæнхъахъ-хъæнджытæ РХИ-йы æдасдзинадимæ ифтонг кæнынц не ‘мбæстæгты иууыл æдасдзинад зындæр рæтты. Нæ адæмы зæрдæты алы хатт дæр баззайдзысты Арæнгæрон службæйы кусджыты сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ иууыл зындæр рæстæджыты слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ æмæ равдыстой цæвиттойнаг хъæддыхдзинад æмæ хъайтардзинад.

Хорз традицитæ аккагæй дарддæр кæнынц Паддзахадон арæнхъахъ-хъæнджыты нырыккон фæлтæр, кæцытæ фидарæй хъахъхъæнынц РХИ-йы суверенитет, хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад.

Бузныг уын уæ хъæбатырдзинад æмæ профессионализм, уæ хæстæ цæсгомджынæй æмæ бæрнджынæй æххæст кæныны тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй хъахъхъæндзыстут уæ хæс æмæ ардбахæрдыл æнувыддзинад.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад, дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад, фæрныгад сымахæн æмæ уæ хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.