31 январы Цхинвалы сӕйраг фӕзуаты Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл 75 азы сæххæсты сæраппонд уагъд ӕрцыдис мысӕн ӕфсӕддон-патриотикон акци «Армыдзаг мысынад». Мадзалы хайад райстой бӕстӕйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, депутаттӕ ӕмӕ хицауады уӕнгтӕ, ӕфсӕддонтӕ, интеллигенцийы ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, ӕмӕ ма бынӕттон цӕрджытӕ.

Мадзал йӕ раныхасӕй байгом кодта культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ.

«Абон мах дӕр хайад райстам ацы мысӕн мадзалы, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр егъау хайбавӕрд бахаста немыцаг фашистты ныхмӕ тохы Стыр уӕлахизмӕ. Нӕ бӕстӕйӕ  хӕстмӕ  ацыдис 21 736 хӕстоны, 11 316 адӕймаджы хӕсты быдырты фӕмард сты ӕмӕ дзы 7 минӕй фылдӕр та ӕбӕрӕг сӕфт фӕкодтой», – банысан кодта Зассеты Жаннӕ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ мах ма хъуамæ рох кæнæм хъæбатырæй знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдоны нæмттæ.

Ӕрæмбыруæвджыты раз раныхас кодта Бибылты Анатоли дæр, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, ацы акцийæн ис стыр нысаниуæг.

«Абоны бон сарæх сты ахæмтæ, кæцытæ историон цаутæ зыгъуыммæ кæнынц, мæнгæй уырнын кæныц, зæгъгæ, «Сырх æфсад» фашисттимæ нæ хæцыд æмæ Европæйы адæмы фашизмæй не ссæрибар кодта. Фæлæ мах макуы хъуамæ ферох кæнæм, нæ фыдæлтæ сæ туг цы Уæлахизы тыххæй ныккалдтой, уыцы историон цаутæ. Уыдон сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, махæн æрхастой сæрибардзинад æмæ нын абоны бон дæр сты цæвиттон сæ хъарудзинадæй», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадæн æмæ Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварадæн, фадат сын кæй радтой ацы акцийы хайад райсынæн, уый тыххæй.

Акци «Армыдзаг мысынад» уадзынц 2019 азы 22 июнæй фæстæмæ æмæ у æрмæст æппæтуæрæсейон нæ, фæлæ ма дзы хайад исынц ахæм бæстæтæ, куыд Азербайджан, Таджикистан, Казахстан, Испани, Китай, Литва, Норвеги, Польшæ, Серби, Словени, Словаки, Швеци, Финланди, Япони, Дани æмæ ма æндæр бæстæтæ, кæцытæ бонæй-бонмæ фылдæр кæнынц.Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты уæлмæрдтæй сисынц армыдзаг сыджыт æмæ капсулæ донимæ, стæй сæ нывæрынц æфсæддон чыссæйы, кæцы æрвыст æрцæуы Мæскуыйы Хъахъхъæнынады министрады историон-мемориалон комплексы Сæйраг кувæндонмæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.