Газет «Южная Осетия» ӕрӕджы сорганизаци кодта фембӕлд йӕ кӕсджытимӕ. Мадзалмӕ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы, бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты, нӕ горӕты «Россотрудничество»-йы Уырыссаг хӕдзар, паддзахадон университеты, зонад-иртасӕн институты, республикӕйы районтӕй минӕвӕрттӕ, ХИПУ-йы журналистикӕйы факультеты студентты минæвæрттæ, республикӕйы Журналистты цӕдисы сӕрдар Харебаты Батрадз.

Газеты уацхӕссӕг Хъӕцмӕзты Зæринӕ мадзалы нысаниуӕгимæ базонгæ кодта хайадисджыты, æрдзырдта ныртæккæйы уавæрты газеты куыстыл. Банысан кодта, интернет-технологиты рӕзты периодикон мыхуыры фӕрӕзтыл. Уыцы тенденцийы фæстиуæгæн къаддӕр кæнынц сæ тиражтæ.

«Нӕ газетыл дӕр, хъыгагӕн, ӕндавы уыцы хъуыддаг, фӕкъаддӕр сты йӕ иузӕрдион хӕлӕрттӕ, кӕд ын ис йӕхи кæсджытӕ, уӕддӕр», – банысан кодта Зæринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, газет йӕ кӕсджыты нымæц фылдӕр кӕны электронон форматы руаджы – ис ын йӕхи сайт ӕмӕ телеграм-канал.  Газеты ӕрмӕджытӕй сайт ӕмӕ телеграм-каналы руаджы пайда кӕнынц ӕндӕр интернет-ресурстӕ ӕмӕ социалон хызӕгтӕ. Куыдфӕн-дыйӕ дӕр, зӕгъгӕ, газет пайдахӕссӕг у ӕмӕ йын кæсынц йӕ ӕрмӕджыты.

«Газеты редакцийы хӕс у, цӕмӕй ноджы ӕмӕ ноджыдӕр архайа ӕмӕ хуыздӕр кӕна йӕ рауадзгӕ продукцийы гъӕд. Уымӕн ӕрбамбырд кодтам сымах дӕр, нӕ зынаргъ газеткӕсджытӕ, цӕмӕй уын байхъусӕм уӕ хъуыдытӕм – цӕмӕй нын баххуыс кӕнат нӕ газет ноджы фӕцымыдисондӕр кӕнынӕн, цӕмӕй йӕм ноджыдӕр раздахӕм кӕсджыты цымыдис», – банысан кодта ныхасгӕнӕг.

Газеты сӕйраг редактор Цхуырбаты Залинӕ бузныг загъта мадзалы хайадисджытӕн ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, информацийы алы фӕрӕз дӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй уа пайдаджын, цымыдисон, фыццаджыдӕр йӕ кæсджытӕн. Газеткӕсджытӕ активон ӕмбӕстагон позицийыл хӕст сты ӕмӕ, зӕгъгӕ, абон цы хъӕуы саразын газеты, цӕмӕй кӕсӕгимӕ йӕ архайд уӕрӕхдӕр уа, уый тыххæй. Ахӕм фарст ӕрӕвӕрдта газеты редактор мадзалы хайадисджыты раз.

Газет «Южная Осетия»-йӕн табугӕнджытӕй иу – Тедеты Индирӕ хъусдард аздӕхта, республикӕйы дӕрддаг районты проблемӕтӕ хуыздæр ӕвдысты фарстмæ. Дӕнцӕгӕн ӕрхаста Къуыдаргомы. Йæ рӕстӕджы, зӕгъгӕ, Къуайса уыд дидинӕфтаугӕ шахтерты поселок. Цард дзы цӕджджинагау фыхт, йӕ алӕмӕтон ӕрдз йӕхимӕ ӕлвӕста нӕ бӕстӕмӕ ӕддейӕ ӕрцӕуӕг адӕмы. Фӕлӕ уавӕр цӕхгӕр фӕивта, ӕмӕ ныртӕккӕ уый зӕгъӕн нал ис ацы районӕй.

«Газеты уацхӕссӕг-иу бынаты сахуыр кодта проблемӕ ӕмӕ мыхуыр цыд газеты. Уый фӕстӕ-иу хъуыддаг йӕ бынатӕй феггуырст. Ӕмӕ йӕ алчи дӕр зыдта, газетӕн кӕй уыд уыцы тых, ӕмӕ дӕ кӕй бахъахъхъӕдтаид, дӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн дын кæй баххуыс кодтаид.  Уымӕ гӕсгӕ газет цымыдисон уыд, ӕмӕ йӕ кæсджытӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр уыдысты», – банысан кодта уый.

Индирӕ фӕндон бахаста, цӕмӕй йӕ рӕстӕджы шахтӕты цы шахтертӕ фæллой кодтой, уыдонӕй сӕрӕгас чи сты, уыдонимӕ фембӕлдтытӕ уагъд ӕрцӕуа – семӕ аныхас кӕной, Къуайса цадӕггай куыд арӕзтой ӕмӕ уый фӕстӕ та сӕ зӕхх куыд хъахъхъӕдтой, уый тыххæй.

Газеты уацхӕссӕг Тедеты Аннӕ дзырдта аразгӕ интеллекты тыххӕй, уый, зӕгъгӕ, бирӕбӕрцӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕна журналисты куыст, фӕлӕ йӕ ӕххӕстбӕрцӕй нӕ баивдзӕн.

Паддзахадон университеты психологийы кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг Гӕбулты Индирӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, аразгӕ интеллектӕн нӕй абарӕн журналисты куыстимӕ, йӕ хъуыдыкӕнынадимӕ. Газеткӕсӕг информаци хуыздӕр ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр бамбары гӕххӕттыл фӕрсгӕйӕ.

Журналистты цӕдисы сӕрдар Харебаты Батрадз банысан кодта газеты ахадындзинад, зӕгъгӕ, газет лӕмбынӕгдӕр равдисы бӕрӕг темӕтӕ. Информаци бирӕ рӕтты ис ныртӕккӕ бакæсӕн, фӕлӕ уӕддӕр газетӕн йӕхи бынат ис ӕхсӕнады.

«Россотрудничество»-йы минӕвар Тъехты Тамерланы цӕст бауарзта газеты редакцийӕн хорз куысты ӕнтыстытӕ, цӕмӕй сӕ кӕсджытимӕ ноджы ӕнгомдӕр уой, уыцы фӕндиӕгтӕ.

Газеты рагон хӕлар Джиоты Павелы фӕндиӕгтӕй иу уыд, раздӕр газеты цы рубрикӕ – «Глас народа» уыд, уый сног кæнын.

Газеты редакцийы коллективӕн ма сӕ хорз фӕндиӕгтӕ загътой: радио «Ир»-ы эфиры уадзӕг Тыджыты Виктория, ХИПУ-йы журналистикӕйы факультеты студенткӕ Цхуырбаты Лизӕ, зонад-иртасӕн институты кусӕг Дзассохты Ланӕ.

Бастдзинад ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты сӕрдары хӕдивӕг Битеты Сӕрмӕты фӕндиӕгтӕ газетӕн уыдысты, цӕмӕй йӕ фӕрстыл фылдӕр мыхуыр цӕуой нӕ бӕстӕйы истори, нӕ культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты фӕдыл ӕрмӕджытӕ.

Уый ма дзырдта, периодикон мыхуыры фӕрӕзтæ кӕсджытӕм чи хӕццӕ кӕны, уыцы постхӕсджыты куыстыл дӕр.

Банысан кӕнын хъӕуы, ахӕм фембӕлдтытӕ  ахсджиаг ӕмӕ бафӕзминаг кæй сты, уымӕн ӕмӕ редакци хъуамӕ хынца кӕсӕджы хъуыды, куыд фӕхуыздӕр ӕмӕ цымыдисондӕр уа мыхуыры фӕрӕз, цӕмӕй фылдӕр кӕной йӕ рафысджытӕ дæр.

Фембӕлды кӕрон газеты редакцийы кусджытæ ныфс бавӕрдтой, кӕй бакусдзысты, кӕсджытӕ цы хъуыдытӕ рахастой рӕгъмӕ, уыдоныл.

КЪӔБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.