25-æм августы газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ фæуазæг сты Турчы цæрæг ирæттæ, Турчы Хуссар Ирыстоны минæвар Хоситы Бурхан æмæ Нарты эпос туркаг æвзагмæ ратæлмацгæнæг æмæ «Скифтæ æмæ Аланты рæстæгæй Ирыстоны истори»-йы чиныджы автор Хъусаты Хайри. Уыдоныл хъарм зæрдæйæ сæмбæлдысты газеты кусджыты коллектив.

Газеты сæйраг редактор Дамбегти Иринæ сын фыццаджыдæр радзырдта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сæ бæрæгбоныл куыд æмбæлынц, уый тыххæй, афтæ ма газеты куысты тыххæй дæр. Туркаг ирæттæ та сæ рады радзырдтой, Турчы бæстæйы цæрæг ирæтты ‘хсæн сæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл цы куыст кæнынц, уый тыххæй.

Газеты редактор сын зæрдылдарынæн балæвар кодта ирон фысджыты чингуытæ æмæ газет «Хурзæрин»-ы фæстаг номыртæй.

Кæронбæттæны газеты коллектив зæрдылдарынæн уазджытимæ иумæ систой сæ къамтæ дæр.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.