Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад æрæвнæлдтой республикон скъолайон олимпиадæтæ уадзынмæ.

Нæ республикæйы ахуыргæнинæгты иу хай ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц 12-æм февралмæ. Уыцы бон Цхинвалы уыдзæн предметон олимпиадæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Сæрмагонд къамис сывæллæтты зонындзинæдтæ бæрæг кæндзæнис сочинени фыссынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъоладзау фæсивæд цæуыл батыхсой, уый ис æмæ сæ алчидæр тырны олимпиадæйы уæлахиздзау суæвынмæ.

Цæмæй ахуыргæнинаг республикон олимпиадæмæ бахауа, уый тыххæй уал хъуамæ хайад райса, фыццаг скъолайон, æмæ уый фæстæ та районон олимпиадæ-йы. Республикон олимпиадæйы рæстæджы фæбæрæг уыдзæнис, æдæппæтæй цал ахуыргæнинаджы райсдзæн уым хайад, афтæ ма сæ зонындзинæдты æмвæзад дæр.

Æрвылаз нæ иумæйагахуырадон уагдæтты скъоладзауты ‘хсæн предметон олимпиадæтæ, фыццаджы фыццаг, райдайынц мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ.

Предметон олимпиадæтæн ис егъау нысаниуæг, сæ руаджы сывæллæттæ тынгдæр разæнгард кæнынц зонындзинæдтæ райсынмæ.

Ацы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууы Дзауы районы ахуырады хайад дæр. Ам развæлгъау бацæттæ кæнынц æмбæлон уагæвæрдтæ. Дзауы районы ахуырады хайады гæс Джиоты Алексей нын куыд радзырдта, афтæмæй районы ахуыргæнджытæ хæрзæрæджы ссæрибар сты сæ олимпиадæтæй. «Нæ районы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн фараст предметæй уыдис олимпиадæтæ æмæ дзы æмткæй хайад райстой 97 сывæллоны 5 скъолайæ; Дзауы астæуккаг скъола, скъола-интернат, Хуыцъе, Гуфта æмæ Къуайсайы скъолатæй. Фыццаг уал ахуыргæнæндоны æмвæзадыл фæлвæрдтой сæ зонындзинæдтæ, уый фæстæ та сын аргъ кодтам районон олимпиадæты. Хайад дзы райстой 9-æм къласæй 11-æм къласы онг ахуырдзаутæ.

Фыццаг олимпиадæ ауагътам ирон æвзаг æмæ литературæйæ, ахуыргæнинæгтæ сдзуапп кодтой тесты хуызы æмæ ныффыстой къаннæг сочинени ахæм темæйыл: «Дзау – диссаджы къуым». Ирон æвзаг æмæ литературæйы районон олимпиадæйы хайад райстой æртындæс сывæллоны. Уыдонæй республикон этапмæ ахызтысты фарастæй. Иууыл иумæ нæ районæй æндæр æмæ æндæр предметтæй республикон олимпиадæмæ ахызтис дыууын аст сывæллоны. 12-æм февралы та нæхи цæттæ кæнæм фыццаг республикон олимпиадæмæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæм ацы аз, иннæ азтимæ абаргæйæ, фылдæр сывæллоны кæй райстой хайад олимпиадæты. Уыимæ сæ зонындзинæдты æмвæзад уыд бæрзонддæр», – банысан кодта районы хайады гæс.

Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы фæлтæрдджын ахуыргæнæг Кокойты Галинæ  олимпиадæйы алкæцы этапы дæр уыд къамисы уæнг æмæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы скъолайæ олимпиадæйы хайадисджытæ бирæ нæ уыдысты – æдæппæтæй аст ахуыргæнинаджы. Уыдонæй æхсæзæй ахыз-тысты районон олимпиадæмæ. «Олимпиадæ у ахæм скъолайон мадзал, кæцыйы сбæрæг вæййынц ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ. Мах, ахуыргæнджытæ, афтæ бакодтам æмæ иунæг сывæллонæн дæр нæ баххуыс кодтам, уымæн æмæ сæ дарддæр та республикон олимпиадæйы фæлвардзысты. Уадз æмæ сæхи зондæй архайой. Мах скъолайæ республикон олимпиадæмæ ахызт 9-æм къласы ахуыргæнинаг Бежанты Сæрмæт. Иумиагæй сисгæйæ, сывæллæттæн æвзæр фæстиуджытæ нæ уыд, фæлæ уæддæр хуыздæрхъуаг сты. Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ бирæ рауагъдонтæ лимиттæм гæсгæ равзарынц Уæрæсейы ахуырад. Уый тынг хорз у, фæлæ, хъыгагæн, ацы хъуыддаг æндавы ирон æвзагыл. Зæгъæм, Уæрæсейы чи ахуыр кæндзæн, уый ирон æвзаджы олимпиадæ цæмæн хъæуы æмæ йæ æргом зæгъгæ дæр фæкæнынц. Уый хъуыды кæны, йæ равзаргæ профессийы æнæмæнгдæр цы предметтæ хъæуынц, уыдоныл. Иумæйагæй та не скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы предмет æвзæр нæ ахуыр кæнынц. Ам, æвæццæгæн, ахъуыды кæнын хъæуы лимитты нымæцыл, цæмæй нæхи университетмæ дæр цæуой, иттæг хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны, ахæм рауагъдонтæ. Мæнмæ гæсгæ, абон ирон æвзаг æмæ литературæйы олимпиадæйы хайадисджыты нымæц къаддæр кæй у, уымæн йæ аххосаг у ацы хъуыддагимæ баст. Уый мæхи сæрмагонд хъуыды у», – загъта Кокойты Галинæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй хъæуы уæлæмхас бакусын ирон æвзаджы райрæзты хъуыддагыл. Уый тыххæй та, зæгъгæ, æнæмæнг фылдæр хъæуы методикон литературæ, сæрмагонд программæйыл бакусын.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.