Студенты боны цытӕн Президент Бибылты Анатоли фембӕлд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг студенттӕм ӕрсидт зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынмӕ, цӕмӕй сӕ къухы бафта ахӕм зонындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фӕахъаз уыдзысты, куыд гоймӕгтӕ, афтӕ ӕрмӕст  сӕхи рӕзтӕн нӕ, фӕлӕ иумийагӕй сисгӕйӕ ӕхсӕнады рӕзтӕн дӕр.

– Студенты рӕстӕг у иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ уый ӕмрӕстӕджы стыр бӕрндзинады рӕстӕг дӕр. Растӕндӕр уыцы рӕстӕджы адӕм свӕййынц хигъӕдӕй къахыл слӕууынхъом, свӕййынц сӕхицӕн ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссынхъом. Уыцы уынаффӕтӕй иу вӕййы дарддӕры профессионалон фӕндаджы равзӕрст. Ахуыр кӕныны рӕстӕджы цы зонындзинӕдтӕ райсат, уыдон уыдзысты нӕ паддзахады дарддӕры рӕзты ӕнтыстыты бындур, – загъта Бибылты Анатоли студенттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ.

Президент банысан кодта, Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты кусджыты фылдӕр хай кӕй сты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты рауагъдонтӕ, кӕцыйыл ацы аз ӕххӕст кӕны 90 азы. Паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы ахсджиаг цауы тыххӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн паддзахадон къамис, кӕцы бацӕттӕ кӕндзӕн юбилейон мадзӕлттӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны юбилей банысан кӕныны фӕдыл.

Уымӕй уӕлдай ма Бибылты Анатоли ӕрдзырдта социалон сферӕйы размӕцыдӕн ахъазгӕнӕг фарстатыл дӕр. Ныхас ӕрхауд республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон уавӕры тыххӕй дӕр, номхуындӕй президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл, ӕхсӕнады активон хъусдард кӕмӕ здӕхт цӕуы, уыцы проблемон фарстатыл. Президент бафидар кодта, кӕй у конструктивон критикӕйы фарсхӕцӕг, уый прогрессӕн йӕ сӕйраг змӕлынгӕнӕг тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.

– Æнӕмӕнгхъӕуӕг у зонындзинӕдты тых, фӕлтӕрд-дзинад ӕмӕ уавӕрӕн аргъ кӕнынмӕ арӕхстдзинад. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Президент ӕвзаргӕйӕ бындуриуӕг кӕнын хъӕуы кандидаттӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи реалон  къахдзӕфтыл.

Сом сымах кусдзыстут хицауиуӕгады алы ӕмӕ алы къабӕзты. Æмӕ уыцы къабӕзты хсӕн ӕмархайд ӕмӕ кӕрӕдзиӕмбарынад куынӕ уа, уӕд ӕхсӕнадӕн размӕ цӕуӕн нӕ уыдзӕн. Растӕндӕр сымахыл у баст, зынаргъ студенттӕ, нӕ паддзахады фидӕн. Сымахӕй ал-кӕмӕй дӕр ӕхсӕнады раз домдӕуы бӕрндзинад, – загъта Президент.

Се ‘хсӕн чи райтынг, уыцы беседӕйы рӕстӕджы студенттӕ паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ лӕвӕрдтой, чи сӕ цымыдис кодта, ахӕм фарстатӕ, кӕцытӕ хаудысты паддзахады сӕргълӕууӕджы архайды дарддӕры хӕстӕ ӕмӕ плӕнттӕм, хъӕуты царды уавӕртӕм, афтӕ ма ирон ӕвзаджы рӕзтмӕ.

Студенттӕ фӕндон бахастой, цӕмӕй Президентмӕ барвитой фӕсивӕдон хъӕу саразыны проект. Проект стыр цымыдисдзинад сӕвзӕрын кодта паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ ӕмӕ загъта лӕмбынӕг ӕм кӕй ӕркӕсдзӕн.

Бибылты Анатоли студенттимӕ бӕстондӕр ӕрдзырдта 2022 азы  социалон-экономикон ног программӕйы тыххӕй, кӕцыйы стыр хъусдард здӕхт цӕуы хъӕуон районты рӕзтмӕ.

Сымах тыххӕй у нӕ абон, сымах  стут нӕ сомбон!

Йӕ къухы ӕххӕстӕй среализаци кӕнын цы нӕ бафтыд, ахӕм фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ Перезидент сӕй-раг хъусдард аздӕхта экономикӕйы къабазмӕ:

– Абон республикӕйы къухдариуӕгады раз цы сӕйраг хӕс ис, уый у экономикӕйы рӕзт. Æмбӕрстгонд у, Уӕрӕсе нын кӕй рахицӕн кӕны фӕрӕзтӕ, фӕлӕ Хуссар Ирыстон хъуамӕ рӕзын кӕна йӕхи экономикӕ дӕр. Æмӕ уыцы нысанӕн мах бакуыстам экономикон рӕзты программӕ 2022 азӕн. Уымӕн ӕмӕ экономикӕйы рӕзт нысан кӕны бюджет фӕфылдӕр кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы та – стипендитӕ, алы ӕмӕ алы категориты ӕмбӕстӕгтӕн бафыстытӕ, пенситӕ. Экономикон рӕзтимӕ баст у республикӕйы ӕппӕт социалон къабӕзты рӕзт, – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Хуссар Ирыстонӕн кӕй у экономикон хӕдбардзинад райсыны афон.

– Ацы хъуыдыйы фарс сты нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕ дӕр, ӕмӕ йӕ принцип та у ахӕм, махӕн ӕхца нӕ, фӕлӕ радтынмӕ хъавынц ӕнгуыр. Æмӕ уыцы ӕнгуыры фӕрцы, кӕцы у ног программӕ, кӕцыйы ӕвӕрд ис хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ сӕудӕджерады рӕзт, махӕн нӕ къухы бафтдзӕн нӕ экономикон рӕзты серьезон рахӕцӕн, – бафиппайдта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.