Уыцы райсом дæр Цхинвалы районы электрохызæджы кусджытæ сæ куыстмæ куы фæзындысты, уæд сæм æнхъæлмæ каст æнæаргъæвгæ хæстæ сæххæст кæнын. Цæвиттон, стыр митуард æмæ тыхдымгæ тынг быхъыгдардтой электроны хæххытæ цалдæр хъæумæ æмæ сæ хъуыд цалцæг кæнын. Уайтагъд кусджыты иу къорд – Джиоты Георги, Цхуырбаты Эдик, Дзукъаты Гурам, Бекъойты Вадим æмæ Сабанты Алан æвæстиатæй ацыдысты бынатмæ æмæ æрæвнæлдтой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Тъбеты хъæуы рухсы хахх кæм фæхицæн, уым йæ баиу кæнынмæ бавнæлдтой æмæ йæ цыбыр æмгъуыдмæ сцæттæ кодтой. Уый фæстæ ацыдысты Къостайыхъæумæ, ам хъæуы сæрмæ нуазыны бассейны цур дыууæ телцæджындзы афæлдæхтысты æмæ бахъыгдард сты йæ телтæ дæр. Зын уыд ногæй уыдон сæндидзын кæнын, уымæн æмæ сæ тынг хъыгдардта митуард æмæ зымæгон уазал. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уыцы ран фæфыдæбон кодтой суанг æхсæвæрафонмæ. Фæлæ уæддæр сæ къухты нæ бафтыд рухсы хæххытæ æрбæстон кæнын. Дыккаг бон дæр бакодтой хъæппæрисон куыст, фæлæ уæддæр не сбæрæг, иууыл тынгдæр авари цы бынаты æрцыд, уый.

Цæрджытæ бæргæ тыхстысты, цалдæр суткæйы æнæ рухсæй кæй базадысты, уый тыххæй. Фæлæ зæгъын хъæуы, ацы хъаруджын лæппутæ дæр къаддæр кæй нæ тыхстысты, сæ куыстæн кæройнаг æвæрццаг фæстиуæг кæй нæ уыд, уый тыххæй. Æппынфæстаг, ссардтой сæйраг аххосаг, бакуыстой йыл æмæ электроцырæгътæ ацы хъæуы дæр цæхæртæ скалдтой 8 февралы 7 сахатмæ æввахс. Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы, цасдæр рæстæджы дæргъы æвæллайгæ фыдæбон чи фæкодта, уыцы лæппутæн.

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.