Цалдæр азы размæ нæ республикæйы фæзынд сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны комитет. Йæ сæргълæууæгæй нысан æрцыд Козаты Гульнарæ, кæцы бирæ азты фæкуыста ахуыры къабазы, сывæллæтты хъомылады йæм ис фæлтæрддзинад æмæ ныр практикæйæ пайда кæны йæ зонындзинæдтæ.

Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæйы хъæппæрисæй 17-æм апрелы нæ республикæйы скъоладзауты ‘хсæн расидт æрцыд конкурс ныв кæнын æмæ хуыздæр сочинени ныффыссынæй. Конкурсы хайад чи райста, уыдоны 5-æм июны йæхимæ фæхуыдта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый  раарфæ кодта сабитæн сæ аивгъуыйгæ бæрæгбоны цытæн. «Айсут мæ иууыл хуыздæр арфæтæ Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны сæраппонд. Махæн, хистæртæн, уæ разы стыр бæрндзинад ис. Махæн хъуамæ æппынæдзух нæ зæрдыл лæууа, куыд ахсджиаг у, цæмæй сывæллон рæза æнæниз æмæ амондджынæй. Уе ‘ппæтварсон рæзт, ахуыр æмæ сфæлдыстады хи реализацийæн уавæртæ аразын сæрмагонд бынат ахсы нæ республикæйы разамынады архайды. Сымахæн уæ бартæ бахъахъхъæныны сæраппондæн арæзт æрцыд нормативон-барадон бындур».

Козаты Гульнарæ та загъта, зæгъгæ, махæн, хистæр фæлтæрæн, нæ цард рæсугъдгæнджытæ стут сымах. Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн цы конкурс уагъд æрцыд, уый дæр æвдисæн у ацы цауæн. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй сымахæн уа рæсугъд æмæ бæллиццаг сомбон. Конкурсмæ лæвæрд цы темæтæ уыд, уыдонæй дæр мах бафæндыд рафæлгъауын, сабитæ цас зонгæ сты, цы бартæ сын лæвæрд ис, уыдонимæ. Сæ барадон культурæйы æмвæзад цæй бæрц у?! Конкурсы фæстиуджытимæ базонгæ уæвгæйæ, мах, къамисы уæнгтæ, банкъардтам, нæ сывæллæттæ хъахъхъæд кæй сты бинонты ‘хсæн. Уымæн æвдисæн у, сæ фылдæр конкурсы лæвæрд темæ «Мæ хъахъхъæнæг»-ы кæй нынныв кодтой сæ мæдтæ æмæ фыдты.

Сочиненийы темæ та уыд «Мæнæн бар ис». Уый тыххæй Козаты чызг афтæ загъта, зæгъгæ, æз тынг фæдис кодтон, нæ сывæллæттæ цæй бæрц хорз рæх-сынц интернет тыгъдады, ууыл. “Ацы темæйы уыдон спайда кодтой æппæтдунеон барадон документтæй. Уый та дзурæг у, нæ ахуыргæнинæгты цæй бæрц тынг бацымыдис кодта ацы темæ. Цы сочиненитæ нæм ис, уыдоны ‘хсæн ис нæ Президент æмæ Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лалийы кой дæр», – банысан кодта уый.

Конкурсæн фæстиуджытæ аразгæйæ, алы номинацийæ дæр рахицæн æрцыд æртыгай ахуыргæнинæгтæ.

Иууыл хуыздæр нывыл нымад æрцыд Тъотъоты Лолитæйы ныв. Уый президенты къухæй райста велосипед. Чысыл Лолитæ президентæн дæр бакодта лæвар – йæхи къухæй арæзт сувенир.

Дыккаг бынат бацахста Тыбылты Виктория. Уымæн та президент балæвар кодта планшет. Æртыккаг бынаты аккаг ссис Хаситы Богдан, кæцыйæн та лæвæрд æрцыд сертификат профессионалон фотоаппаратæн.

Иууыл хуыздæр сочинени ныффыста Козаты Анастасия – Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг. Уымæн президент балæвар кодта ноутбук. Дменисы скъолайы ахуыргæнинаг Дудайты Эрик та бацахста дыккаг бынат. Æртыккаг бынат та – Букуылты Линдæ – гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинаг.

Конкурсы иннæ хайадисджытæ дæр президенты къухæй райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Сабитæй сæ иу – Тыбылты Константин 1-æм июны нысан кодта йæ гуырæнбон æмæ йын уый цытæн президент бакодта сæрмагонд лæвар.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.