РХИ-йы  Адæмон сфæлдыстады республикон центр хъусын кæны III-аг республикон фоторавдыст «Хуссар Ирыстон – 2017» уагъд кæй цæуы, уый тыххæй. Конкурсы организатортæ  сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад æмæ Адæмон сфæлдыстады республикон центр. Конкурсы нысан  у  Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды сфæлдыстадон курдиат æмæ активондзинад раргом кæнын.

Конкурсы хайад райсын йæ бон у алкæмæндæр. Конкурсы хайад райсдзысты, нывтæ исын чи уарзы, уыцы адæймæгтæ ахæм здæхтыты:  жанрон портрет, пейзаж, рагон дуджы цыртдзæвæнтæ, горæт абон, театралон æмæ концертон къамтæ, фотомонтаж, цæрæгойтæ, сывæллæттæ, студийы нывистытæ, архитектурæ æмæ «юмор бахъахъхъæндзæн дуне», ома, адæймаджы чи схудын кæна, ахæм къамтæ.

Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ нын куыд радзырдта, афтæмæй «конкурсы хайадисджыты къамты исдзысты 19-æм августмæ. Къамтæ бавдыст хъуамæ æрцæуой А4 форматы. Конкурсы хайадисджытæ сæ алы къамы бын дæр хъуамæ фæнысан кæной къамы ном, цы бон ист æрцыд, уый, афтæ ма хайадисæджы сæрмагонд бæрæггæнæнтæ, сæрмагондæй амынд цæуынц конкурсанты мыггаг æмæ райгуырæн бон. Спайдагæнæн нæй интернетæй ист къамтæй»,- банысан кодта Гуыцмæзты Эльзæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ 25-æм августы жюрийы уæнгæ сбæрæг кæндзысты 3 фотокуысты.

«Конкурсы уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ чи бацахсой, уыдон хорзæх-джын  æрцæудзысты зынаргъ лæвæрттæй. 1-аг бынат чи бацахса, уымæн лæвæрд æрцæудзæн 10 мин сомы, 2-аг бынатæн – 5 мин сомы æмæ 3-аг бынатæн – 3 мин сомы. Конкурс «Хуссар Ирыстон – 2017»-ы хайадисджытæ се ‘ппæт дæр хорзæхджын  æрцæудзысты дипломтæ æмæ зынаргъ лæвæрттæй.  Конкурсы уæлахиздзауты куыстыты равдыст уагъд æрцæудзæн нæ горæты 20 сентябры – Республикæйы боны», – банысан кодта Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ.

Уый фæнд кæны республикон политикон партитæм сидт саразын, цæмæй хайад райсой конкурсы. Партитæн сæ бон уыдзæн конкурсы хайадисджытæй сæ зæрдæмæ кæй ныв фæцæуа, уыдоны хисæрмагонд призтæй схорзæхджын кæнын. Афтæ ма хицæн адæймæгтæн дæр сæ бон суыдзæн конкурсы хайадисджытæн лæвæрттæ радтын.

Жюрийы уæнгтæ сты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, професионалон нывгæнæг-фотограф Алексей Ковалев, Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ æмæ йæ хæдивæг Вероника  Жуйкова.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, конкурсы хайад райсын кæй фæнды, уыдон сæ къамтæ æрбахæссæт Адæмон сфæлдыстады республикон центрмæ, кæцы ис Цхинвалы Сывæллæтты республикон библиотекæйы бæстыхайы – Исахъы уынг 51. Телефонтæ: 8-929-804-18-58; 8-929 807-34-25.

Кокайты Заринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.