Фæлхасгæнæджы æрвылбондæр бахъæуы цавæрдæр хæлцадон продукт кæнæ сæудæджерадон товар балхæнын. Афтæмæй сæмбæлы сæ уæйгæнæгимæ. Æлхæнæг æмæ уæйгæнæгæн та сæ ахастытæ алы хатт лæгъз нæ рауайынц. Æгæрыстæмæй сæ хъуыддаг æрхауы тæрхондонмæ дæр. Уымæн ирд æвдисæн у, цы тæрхондонон хъуыдда-джы тыххæй мæ радзурын фæнды, уый. Ацы хабар æрцыд иу афæдзы размæ. Нæ горæты магазинтæй сæ иуы фæлхасгæнæг, хъæуы йын чи цæры, уыцы хионæн балхæдта къаба чындзæхсæвмæ. Фæлæ йын нæ фæбæззыд  куыд æмбæлы, афтæ нæ бадт йæ уæнгтыл æмæ йæ чи балхæдта, уый цыппæрæм бон бафæлвæрдта фæстæмæ йæ магазинмæ радтыныл. Ам ын æй æндæрæй, кæмæн æй балхæдта, уымæн чи сбæззыдаид, ахæм къабайæ баивыны бæсты уæйгæнæг йæхи равдыста тызмæгæй, зæгъгæ, мæнмæ никæцы закъæттæ хауынц, магазин у мæхи æмæ мæ цы фæнды, уый аразын. Æлхæнæг ма ноджыдæр сфæлвæрдта йæ бартыл стох кæнын, фæлæ йын дзы ницы рауад. Магазингæс дзырдта, зæгъгæ, йæ чизоны скодта æмæ æхсад дæр æрцыд.

Фæлхасгæнæг йæ фæлхасадон бартæ бахъахъхъæныны тыххæй бахатыд махмæ, Комитетмæ æмæ йын баххуыс кодтам банысангонд магазинмæ претензи ныффыссынæн. Уымæн æмæ «Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ гæсгæ æлхæнæгæн бар ис æнææмбæлон гъæды æнæхæлцадон товар баива æнгæс товарæй, кæмæй йæ балхæдта, уыцы уæйгæнæгмæ. Баивæн та йын ис 14 бонмæ, æлхæнæн бон нæ нымайгæйæ, кæд æмæ товар æмбæлон нæу йæ формæ, габариттæ, фасон, хуыз, кæнæ комплекцимæ гæсгæ. Уыимæ товарæй ма хъуамæ спайда кæнай, бахъахъхъæд æрцæуой йæ товарон хуыз, фæлхасадон хиæдтæ, йæ рауадзæг фабрикæйы ярлыктæ.

Цы товары кой кæнæм, уым иууылдæр бахъахъхъæд æрцыдысты. Фæлæ магазингæс претензийæн дзуаппы куыд фыссы, афтæмæй йыл хъаст кæнынц, ома, сæм гуымир ахаст равдыстон, иу ныхас дæр нæ загъта фæлхасгæнæджы – нæ республикæйы æмбæстаджы бартæ кæй фехæлдта, уый тыххæй.

Хъуыддаг ахауд нæ горæты тæрхондонмæ. Æвзæрстой йæ… афæдзы дæргъы. Фыццаг тæрхондонон рабадты фæлхасгæнæг, йæ барæй спайда кæнгæйæ, бавдыста банысангонд къабайæн товарзонæг – эксперт, нæ Комитеты сæйраг специалисты товарзонадон экспертизæйы хатдзæг. Ам банысан кæнын хъæуы «Архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ гæсгæ экспертон архайд нæ хъæуы лицензи кæнын æмæ экспертизæ кæнын сæ бон у, специалон зонындзинæдтæ кæмæ ис, ахæм адæймæгтæн.

Экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы къабайы ничи дардта йæ нысаниуæгмæ гæсгæ æмæ æхсад дæр никуы æрцыд. Экспертизæйы хатдзæг бахынцыдта тæрхонгæнæг, фæлæ магазины хицау, цæмæй къабайы аргъ фæстæмæ ма райстаид, уый тыххæй æрымысыд, зæгъгæ, ярлыктæ йæ уæлæ нал сты, кæд уæйгæнæг басаст æнæ ярлыктæ йæ кæй ауæй кодта ууыл, уæддæр. Æмæ ма уæд магазингæс æрымысыд ноджыдæр иу верси, ома, къаба йæ магазины æлхæд не ‘рцыд.

Тæрхондон не сразы фæлхасгæнæджы хъастыл. Ахæм уынаффæ кæй райста, уый æмбарын кодта уымæй, зæгъгæ, хъастгæнæг тæрхондонмæ не ‘рбавдыста бæлвырдгæнæн, цы товар балхæдта, уымæн йæ аргъ раздахыны размæ магазинмæ кæй бахатыд æнгæс товарæй йын æй баивыны тыххæй. Фæлæ цы хъуамæ бавдыстаид, кæд æмæ сæ магазины товары цæстæй фенын дæр нæ бафæндыд?

Фæлхасгæнæг балæвæрдта кассацион хъаст. Уæлдæр тæрхондон хъаст алæвæрдта æркæсынмæ ногæй фыццаг инстанцимæ, фæлæ æндæр скондæй. Æмæ рамбылдта йæ хъаст – æртæ боны æмгъуыд-мæ, къабайы магазинмæ бахæсгæйæ, фæлхасгæ-нæгæн хъуамæ раздахой йе ‘хцатæ.

Афтæ, æмæ кæд зынтæй, уæддæр рæстдзинад фæуæлахиз. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ алы фæлхасгæнæг дæр хъуамæ зона йæ бартæ æмæ уыдонимæ зона сæ хъахъхъæнын дæр. Фæлхасгæнджыты бартæ гарантигонд цæуынц «Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны тыххæй» РХИ-йы Закъонæй, Товарты хицæн хуызтæ уæй кæныны фæткойтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æндæр дæлзакъонон акттæ. Растдæр уыдонæй сæ архайды разамынд кæнынц Фæлхасадон хъусдарды комитеты товары гъæды æмæ æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл хайады специалисттæ. Æмæ цасфæнды инстанциты ма рацæуой фæлхасадон бартæ халыны фæдыл хъуыддæгтæ, уæддæр мах тырн-дзыстæм уыдон бахъахъхъæнын æмæ сæндидзын кæнынмæ. Алы æлхæнæг дæр хъуамæ зона, йæ фæлхасадон бартæ ма йын кæй хъахъхъæныны нæ республикæйы территорийыл архайæг Æмбæстагон Кодекс дæр: цахæмфæнды товар ма æлхæна, уæддæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæлхасгæнджытæн сæ бартæ хæлд кæй цæуынц, уымæ гæсгæ нæм сæ хъæстытимæ арæх æрбацæуынц. Фæлæ уыдон  куыд фæтк, афтæ скъуыддзаг æрцæуынц, тæрхондонмæ нæ ахаугæйæ. Хайады специалисттæ æмбарынгæнæн куыст кæнынц, не ‘мбæстæгты фæлхасадон бартæ чи фехалынц, уыцы амалиуæггæнджытимæ. Уæлдæр цы тæрхондонон хъуыддаджы кой æркодтон, уым, хъыгагæн, амалиуæггæнæгыл ахæм æмбарынгæ-нæн куыст нæ бандæвта.

Фæлхасгæнджыты бартæ арæх хæлд кæй цæуынц, уымæ гæсгæ нæ республикæйы æппæт æлхæнджытæй, фæлхасгæнджытæй курæг стæм, цæмæй иу кæнæ иннæ товар куы æлхæной, уæд базонгæ уой, йæ уæлæ цы информаци ис, уыимæ: продукцийы ном; цы бæстæйы уагъд æрцыд, уый ном; чи йæ рауагъта æмæ æрвиты, уый юридикон адрес; йæ хомысы сконд; паддзахадты базары продукцийы æрзылды иууон нысан (ЕАС), кæнæ æмбæлондзинады нысан (РСТ); гарантион хæстæ.  Къахдарæс уæлæмхас ифтонг цæуы ахæм информацийæ: дзаумайы модель кæнæ артикул; йæ уæфсы æрмæджы хуыз; куыд æм зилын хъæуы, уый фæдыл инструкци. Уымæй дарддæр ма товар уæй кæнгæйæ, уæйгæнæг хæсджын у, цæмæй йæм товарæн уа æмбæлон документтæ, цыран амынд уой сертификацийы æмæ æмбæлондзинады декларацийы тыххæй зонæнтæ æмæ ахæм зонæнтæ цы товарæн нæ уа, уыдоны фæлхасгæнджыты размæ ма хæссой.

Банысангонд фæткойтæ хъахъхъæнын æнæмæнгхъæуæг у алы уæйгæнæг  организацийæн дæр, йæ организацион-барадон формæ цахæм у, уымæ нæ кæсгæйæ, афтæ ма бадзырдмæ гæсгæ розницæйы товартæ æлхæнын  уæй кæнын чи æххæст кæнынц, уыцы индивидуалон амалиуæг-гæнджытæн дæр.

Дарддæр лæмбынæг æркæсын хъæуы товармæ æмæ йыл кæд чысыл дефекттæ дæр ис,  уæд сæ уæйгæнæгæн фенын кæнут, уымæн æмæ уын фæстæмæ здахинаг куы фæуа, уæд уæйгæ-нæг кæнæ магазины хицау, уыдоны фенгæйæ, гæнæн ис уæхи уын фæазымджын кæна æмæ уæд уæ рæстдзинад сбæрæг кæнын уыдзæн бирæ зындæр. Магазины дарæс, дзабыртæ уæхиуыл куы барат, уæд гæнæн ис уæ ныв телефонмæ сисат, цæмæй уым æлхæд кæй æрцыд, уый бæлвырд кæнын мауал хъæуа. Зынаргъ товар æлхæнгæйæ, магазинмæ цæут æвдисæнтимæ, кæнæ та æрдомут, цæмæй уын радтой товарон чек.

Фæлæ уæддæр кæд уæ фæлхасадон бартæ хæлд æрцыдысты, уæд уæ курæг стæм, цæмæй æрбацæуат РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитетмæ ахæм адресыл: г. Цхинвал, Горькийы уынг, 39, кæнæ та æрбадзурут ахæм телефонмæ:

8-929-806-50-30

САНАХЪОТЫ Жаннæ,

РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ

æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны

къабазы хъусдарды фæдыл комитеты

товарты гъæды æмæ фæлхасгæнджыты бартæ

хъахъхъæныны фæдыл хайады хистæр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.