20 ноябры нысан цæуы Сывæллæтты æппæтдунеон бон. Уый тыххæй фæндон рахастæуыд 1954 азы 14 декабры ИНО-йы рабадты. Фæстæдæр ИНО-йы организаци райста уынаффæ, цæмæй Сывæллæтты дунеон бæрæгбон нысан цæуа  20 ноябры. Ацы нымæцæн ма ис  иу символикон нысаниуæг, 1956 азы къух фыст æрцыд «Сывæллоны бартæ хъахъхъæныны» декларацийыл. Сывæллæтты дунеон бон нысан кæнынц æппæт дунейы бæстæтæ дæр. Бæрæгбоны цытæн уагъд фæцæуы бирæ хиирхæфсæн мадзæлт-тæ, кæцытæ комкоммæдæр баст вæййынц сывæллæтты царды уавæртæ хуыздæр кæныны уыдонæн сæ ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ.

Сывæллæтты дунеон бонмæ нæ Республикæйы Президенты цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ  фæндон бахаста, цæмæй нæ республикæйы ахуыргæнинæгты ‘хсæн уагъд æрцæуа конкурс «Сывæллæтты хуыздæр сочинени». Конкурс уагъд  цыд горæты æмæ  районты скъолаты  ахуыргæнинæгты ‘хсæн. Ацы конкурс ауадзыны фæндоны фарс рахæцыд  нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр æмæ йын бакодта финансон æххуыс. Конкурс уагъд цыд 10-13 -аздзыд ахуыргæнинæгты ‘хсæн. Æдæппæтæй фыст æрцыд 18 сочиненийы. Жюри конд уыд 3 уæнгæй – нæ Республикæйы Президенты цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ, йе ‘ххуысгæнæг Хъæцмæзты Алинæ, нæ республикæйы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг  Пухаты  Аллæ.

22 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд конкурсы хайадисджытимæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта конкурсы уæлахиздзаутæн. «Нæ сомбоны фæлтæры хъомыладмæ егъау хъусдард здахын хъæуы куыд ныййарджыты, ахуыргæнджыты, афтæ нæ хицауады ‘рдыгæй дæр. Сывæллоны йæ сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кæнын хъæуы царды хорз миниуджытыл. Чысылæй фæстæмæ сывæллон хъуамæ хъомыл цæуа хæрзæгъдау æмæ моралон æргъадтыл. Æмæ сывæллон æппæт уыцы хорз миниуджытыл хæст куы уа, уæд дзы сомбон рауайдзæн йæ паддзахадæн аккаг хъæбул. Мæнæн тынг æхсызгон у, ахæм конкурс уагъд кæй æрцыд æмæ дзы нæ республикæйы ахуыргæнинæгтæ хайад кæй райстой, уый.  Ахæм конкурстæ уадзын хъæуы арæхдæр æмæ сæ нымайын æнæмæнгхъæуæгыл, уымæн æмæ сты тынг ахсджиаг нæ кæстæртæн», –  банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Козаты Гульнарæ загъта, зæгъгæ, ацы конкурс равдыста нæ сывæллæтты миддунейы хъæздыгдзинад. Конкурсы хайадисджытæ тынг бæстон ахаст равдыстой конкурсы æппæт домæнтæм.

Фыццаг бынат бацахста нæ горæты дыккæгæм астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнинаг Мæргъиты Георги, дыккаг бынат лæвæрд æрцыд гимнази «Рухс»-ы æвдæм къласы ахуыргæнинаг Къуылыхты Стеллæйæн æмæ æртыккаг бынат та бацахста Гуфтайы астæуккаг скъолайы фæндзæм къласы ахуыргæнинаг Джиоты Максим.

Конкурсы уæлахиздзаутæн Президент Бибылты Анатоли бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Æнæ лæвæрттæ нæ баззадысты конкурсы иннæ хайадисджытæ дæр. Сочиненитæн сæ фылдæр хай фыст æрцыдысты уырыссаг æвзагыл, æрмæстдæр Знауыры районы Хъорнисы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Тедеты Сергей йæ куыст сæххæст кодта йæ мадæлон æвзагыл æмæ уый тыххæй райста грамотæ æмæ сувенир. Фембæлды официалон хайы фæстæ конкурсы хайадисджытæ зæрдылдарæн къам систой Президент Бибылты Анатолиимæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.