1956 азы 20-æм ноябры ИНО-йы Генералон Ассамблей райста Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл Деклараци æмæ 1959 азы та – Конвенци сывæллæтты барты тыххæй. Уый фæдыл æрвылаз дæр ацы бæрæгбон нысан цæуы æппæт дунейы сывæллæтты æмбарындзинад æмæ  хæлардзинады бонæй, кæцы комкоммæ дæр баст у æппæт дунейы сывæллæтты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Дунейы алы паддзахад дæр ацы бæрæгбонмæ бацæттæ кæнынц сæрмагонд хиирхæфсæн мадзæлттæ æмæ паддзахады æмвæзадыл проекттæ, кæцытæ комкоммæ дæр баст вæййынц сывæллæтты бартæ хъахъхъæнынимæ.

Уæдæ куыд æппæт дунейы бæстæты, афтæ нæ республикæйы дæр ацы бæрæгбонмæ Президенты цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæйы хъæппæрисæй расидт æрцыд нæ республикæйы сы-вæллæтты ‘хсæн конкурс «Сывæллон æмæ йæ бартæ».

Куыд зонæм, афтæмæй, ацы бон нысан кæнынц æппæт дунейы. Цы мадзæлттæ бацæттæ кæнынц, уыдон иууылдæр баст  вæййынц сывæллæтты бартæ бахъахъхъæныныл.

«Ацы нысаниуæгджын бон нæ республикæйы банысан кæныны хъуыды мæнмæ дæр æрцыд, цæмæй мах дæр нæ сывæллæтты ‘хсæн ауадзæм конкурс ахæм темæйыл иууыл хуыздæр ныв «Сывæллон æмæ йæ бартæ». Ацы конкурсæн йæ сæйраг темæ у, цæмæй сывæллæттæ нывы руаджы хуыздæр базоной сæ бартæ.  Ацы темæйы фæдыл сывæллæттæ сæ куыст кæндзысты чингуыты фæрцы, уымæн æмæ уыдон афтæмæй хуыздæр базонгæ уыдзысты сæ куысты темæйы æмæ сын фылдæр фадат уыдзæн сæ барты тыххæй базонынæн. Уый у конкурсы иууыл ахсджиагдæр хæс, цæмæй сывæллон базона, цы сты йæ бартæ, уый. Конкурсы хайадисæг сывæллæттæ сæ нывтæ хъуамæ саразой ахорæнтæй кæнæ та – кърандастæй. Сæ нывты хъуамæ равдисой, сæхæдæг сæ бартæ куыд уынынц, зонынц сæ барты æви нæ, æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Сывæллæтты омбудсмен нын куыд загъта, афтæмæй ахæм конкурс нæ республикæйы уагъд цæуы фыццаг хатт, фæлæ æппæтдæр сараздзæн, цæмæй нысан цæуа æрвылаз дæр.

«Уæлдæр ма куыд загътон, афтæмæй ацы конкурс нæ республикæйы уагъд цæуы фыццаг хатт. Фæлæ æнгæс практикæ ис æппæт дунейы. Æмæ нын кæд фадат уа, уæд нæ фæнд у, цæмæй уагъд цæуа æрвылаз дæр. Конкурс уагъд цæуы 20-æм ноябрмæ, фæлæ нæ республикæйы æндыгъд уавæр уыд, ахуыргæнæндæттæ ка-рантины тыххæй æхгæд уыдысты. Æмæ кæд ныридæгæн ахуыры процесс сæнди-дзыдта нæ республикæйы, уæддæр сывæллæттæ  кæронмæ нæ бацæттæ кодтой сæхи ацы конкурсмæ. Уый тыххæй  конкурсы хайад райсыны хъуыддаг адарддæр ацы  мæйы кæронмæ. Конкурсы хайад райсæн ис куыд скъолайы ахуырдзаутæн, афтæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн дæр. Уыдон сæ куыстытæ хъуамæ бадæттой ахуыргæнæндæтты организатортæм æмæ банысан кæной сæ бæрæггæнæнтæ. Конкурсы хуыздæр куыст кæмæн уа, уыдон хорзæхджын цæудзысты зæрдылдарæн лæвæрттæй æмæ хуыздæр куыстытæ та  мыхуыр цæудзысты.

Уыцы бон ма мæ фæнды ауадзын гом урок, цыран сывæллæтты базонгæ кæндзыстæм ацы бæрæгбоны историимæ. Ныридæгæн дæр нæм æрбавдыстæуыд конкурсы фæдыл нывтæ», – загъта сывæллæтты омбудсмен.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.