НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Азербайджаны президенттæ Владимир Путин æмæ Ильхам Алиев телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æмгуыстады æмæ алыгъуызон æмвæзадтыл контактты тыххæй.

БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн Мæскуыйы баныхæстæ уыд йæ колумбиаг коллегæ Карлос Ольмес Трухильоимæ. Лавров куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Колумбийы æхсæнхицауадон къамисы фæлгæтты арæзт æрцыд кусæгон къорд æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл.

ПАДДЗАХАДОН ДУМÆЙЫ ДЕЛЕГАЦИЙЫ БАЛЦ

Паддзахадон Думæйы делегаци Вячеслав Володины сæргълæудæй уыд Белграды. Ацы визит уагъд цæуы Балкантæн тынг æндыгъд рæстæджы, Сербийы гарзджын тыхтæ æххæст хæстон цæттæдзинадмæ конд куы æрцыдысты, уæд. Ивгъуыд къуыри Косовойы спецназ бабырста Косово æмæ Метохийы цæгатмæ, организацигонд фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæныны æфсон.  Александр Вучич фембæлд уæрæсейаг парламентаритимæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейæн йæ фарсхæцынады тыххæй. Президентон галуанæй Володин ацыд сербаг парламентмæ, цыран раныхас кодта депутатты раз æмæ ауагъта æмгуыстады фæдыл къамисы рабадт.

УРÆД ÆРЦЫД

Мæскуыйы Басманы тæрхондоны уы-наффæмæ гæсгæ Ивановы областы раздæры губернатор Павел Коньков урæд æрцыд 30 бонмæ, кæцымæ зæрдæ фехсайдта æхцатæ хибакæныныл. Коньков фехъусын кодта, йæхи аххосджыныл кæй нæ нымайы æмæ бахатыд тæрхондонмæ, цæмæй йын рахæссой хæдзарон ахсты тæрхон, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ. Фæдагурæг та нымайы зæгъгæ, йæ хъæуы æрцахсын, науæд, зæгъ, йæхи бааууон кæндзæн. Коньков æмæ гом акционерон æхсæнад «Ивановский бройлер»-ы директор Дмитрий Гришин урæд æцыдысты, бюджетон фæрæзтæй 700 милуан сомы сæхи кæй бакодтой, уымæ гæсгæ.

ФЫЦЦАГ ВИЗИТ

Украинæйы президент Владимир Зеленский йæ фыццаг фæсарæйнаг балцы уыд Брюсселы, цыран æй сæхимæ райстой Цæгататлантикон альянсы æмæ Еврокъамисы штаб-фатеры дæр. Еврокъамисы сæргълæуæг Жан-Клод Юнкер Зеленскийы схуыдта йæ ног хæлар, ныфс бавæрдта июлы мæйы иумиаг æфсæддон ахуыртæ ауадзынæй. Фæлæ уыдон Сау денджызы стабилондзинад куыд сифтонг кæндзысты, уый бæрæг нæу.

НЕ СРАЗЫ АССАНЖЫ ÆРЦАХСЫНЫЛ

Швецийы Уппсалы зылдон тæрхондон не сразы прокуратурæйы домæныл WikiLeaks-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанжы æрцахсыныл, кæцыйы Швецийы аххосджын кæнынц сексуалон характеры фыдракæнд-дзинады. Процесс чи уадзы, уыцы тæрхон-гæнæг фехъусын кодта, зæгъгæ, Ассанжы фæсаууонмæ æрцахст раст нæу.

АМАРД «СОБИБОР»-Ы ФÆСТАГ ХАЙАДИСÆГ

Израилы 96-аздзыдæй йæ цардæй ахи-цæн нацистон концлагерь «Собибор»-ы растады фæстаг хайадисæг Семен Розенфельд. Уый нацистты ныхмæ хæцыд легендарон Александр Печерскийимæ. Ацы немыцаг лагеры куынæг æрцыдысты 250 мин дзуттагæй фылдæр.

ÆВЗÆРСТЫТÆ ХАСТ ÆРЦЫДЫСТЫ ФÆСТÆДÆР ÆМГЪУЫДМÆ

Алжирæн йæ бон не суыдзæн 4-æм июлы президентон æвзæрстытæ ауадзын, кан-дидадаттæ дзы кæй нæй, уымæ гæсгæ. Кандидаттæ регистраци кæныны тыххæй дзуаппдæттæг Алжиры конституцион совет документтæ райста æрмæстдæр дыууæ кандидатæй, кæцыты æцæгыл нæ банымадтой фæстæдæр. Афтæ ма сæ къухты нæ бафтыд æвзæрстыты бон снысан кæнын дæр. Ныртæккæ бæстæйы сæргъ лæууы рæстæгмæйон президент Абдель Азиз Бутефлика.

РАЗДÆХТА ЙÆ КОНТАКТОН КЪОРДЫ СКОНДМÆ

Украинæйы ног президент Владимир Зеленский Леонид Кучмайы раздæхта Минскы æртæварсон контактон къорды скондмæ. Кучма нысан æрцыд Донбассы кризис æрбæстон кæныны фæдыл Украинæйы контактон къорды минæварæй. Зеленский фехъусын кодта, зæгъгæ, махмæ ис конкретон фæндæттæ æмæ ног уынаффæтæ Донбассы фæдыл, фæлæ «Украинæйы территоритæ æмæ суверенитетæй базар ничи кæндзæн».

ПАДДЗАХАДОН ВИЗИТ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фыццаг хатт æрцыд Стырбританимæ æртæбо-нон паддзахадон визитимæ Елизавета II фæхуындмæ гæсгæ. Урс хæдзары хицау Стырбританийы бабæрæг кодта ныр дыккаг хатт, фæлæ паддзахадон визитимæ æрцыд фыццаг хатт. Трампæн дыууæварсон баныхæстæ уыд премьер-министр Тереза Мэйимæ, афтæ ма фембæлд дыууæ бæстæйы хъуыддагон зылдты минæвæрттимæ. Фембæлды рæстæджы Трамп æмæ Мэй уынаффæ кодтой сæрибар базары тыххæй бадзырд саразыныл, кæцыйы дыууæ бæстæ сараздзысты брекзиты фæстæ.

ДЗЫЛЛОН ПРОТЕСТТÆ

Албанийы столицæ Тираны оппозицийы фарсхæцæг мин адæймаджы рахызтысты уынгтæм, премьер-министр Эдди Рамайы отставкæ æмæ æмгъуыдæй раздæр æвæрстытæ ауадзын домгæйæ. Ныхмæ-лæудтыты рæстæджы фæцæфтæ сты барадхъахъхъæнæг органты 10 кусæджы æмæ æртæ демонстранты. Демонстранттæ хъæр кодтой «Рама, уходи» æмæ дуртæ, петардатæ æхстой полицийæгтыл. Цауты рæстæжы Тираны визитимæ уыд НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг.

НЫХКЪУЫРД РАДТА ÆРБАБЫРСТÆН

Маршал Халифа Хафтары Ливиаг национ æфсад ныхкъуырд радта Триполы аэропортмæ национ сразыдзинады хицауады тыхты æрбабырстæн. Æрбабырсты рæстæ-джы фæмард сты 15 боевикы. Уый размæ æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы ливиаг дæлхæйтты фехъусын кодтой, зæгъгæ, Триполы хæстон архайдтыты рæстæджы фæмард сты 443 адæймаджы.

   ФÆНДАГОН-ТРАНСПОРТОН ЦАУ

Пакистаны провинци Белуджистаны уæзласæн машинæ æмæ микроавтобус кæрæдзийыл кæй сæмбæлдысты, уый фæстиуæгæн фæмард сты 14 адæймаджы, авдæй та фесты цæфтæ. 20 адæймаджы чи ласта, уыцы автобус нал фæцарæхст æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг уæзласæн машинæйыл.

Теракт

Сирйы цæгат хайы горæт Азазы минæтæй йедзаг машинæ кæй спырх, уый фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фæцæфтæ сты. Срæмыгъд арæзт æцыд полицийы управленийы бæстыхаймæ æввахс, бирæ адæм кæм змæлы, горæты уыцы центры. Уый размæ та ахæм теракт арæзт æрцыд Раккайы 2-æм июны, фæмард сты 10 адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.