Хуссар Ирыстоны тыхджын митуарды тыххæй рæстæгмæ урæд æрцыд фæранк Эльбрусы агурыны хъуыддаг. Фарон июлы мæйы цæгатирыстойнаг национ парк «Алани»-йæ уагъд æрцыд раззагазиаг фæранкты къай.

Эльбрус æмæ Волнайы хъуыртыл конд æрцыдысты хъуырдарæнтæ спутникон цæстдардимæ, кæцыты фæрцы, гæнæн ис, æмæ бæрæг уа сæ бынат. Ахуыргæндтæн зындгонд уыд сæ алы къахдзæф дæр. Эльбрус-иу арæх цуан кодта хъæддаг куыйтыл æмæ-иу хаттæй-хатт уыдон фæдыл цæугæйæ ахызт паддзахадон арæнтæй æмæ цуан кодта Хуссар Ирыстоны.

Фæлæ ног азы размæ фæранк фесæфт. Æгæрыстæмæй уый фæдыл пресс-конференци дæр уагъд æрцыд, цыран Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала загъта: «Мах æй зонæм, сырд кæй ахызт Бурсамдзелийы хохы ‘рдæм. Иу суткæйы бæрц ма цъус змæлыд, ома, цыдæр сырд амардта. Фæлæ ныр дæсæм бон сигнал цæуы иу бынатæй»

Бестауты фырт загъта, зæгъгæ, уавæрæн фæивæн ис дыууæ хуызы. Эльбрус ныр нал у удæгас кæнæ та йæ хъуырдарæн раппæрста, æмæ афтæ вæййы,  фæранктæ, куы сæххормаг вæййынц кæнæ та тынг куы ссонт вæййынц, уæд. Уавæр рафæлгъауæн нæ уыди карз зымæгон уавæрты аххосæй.

Февралы мæйы хæхты бирæ мит æруарыд. Кавказы раззагазиаг фæранчы мыггаг сæндидзын кæныны программæ уагъд цæуы Уæрæсейы æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрад, Сочæйаг национ парк, Кавказаг æвæрд хъæд, Хъæддаг æрдзы дунеон фонд (WWF), Кавказы æрдзы центр, Мæскуыйаг зоопаркы хайадистæй æмæ иукъорд фæсарæйнаг экологон организациты æххуысæй.

ИА РЕС

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.