Ацы бонты нæ республикæмæ æрцыд  Уæрæсейы экологи æмæ хæххон территориты  институты хистæр зонадон кусæг Алим Пхитиков йæ экспедицион къордимæ.

Уыдон РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ, æрæвнæлдтой цалдæр мæйы размæ Хуссар Ирыстоны хъæдты цы фæранк фесæфт, уый агурынмæ. Сæ къухы цы бафтыд, уый фæдыл Мыхуыры хæдзары уагъд æрцыд пресс-конференци.

Пресс-конференцийы хайад райста РХИ-йы Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала дæр.

Алим Пхитиков журналисттæн лæмбынæг радзырдта, 2006 азы Уæрæсейы æрдзон ресурсты министрад Кавказы хъæдты фæранкы апарахат кæныны фæдыл кæй сфидар кодта сæрмагонд программæ. Программæйы инициатор уыд сæрмагондæй УФ-йы Президент Владимир Путин.

Фарон июлы мæйы цæгатирыстойнаг национ парк «Алани»-йæ уагъд æрцыд раззагазиаг фæранкты къай. Эльбрус æмæ Волнайы (сæ нæмттæ афтæ хуыйнынц) хъуыртыл конд æрцыдысты хъуырдарæнтæ спутникон цæстдардимæ, кæцыты фæрцы бæлвырд цæуы сæ бынат. Ахуыргæндтæн зындгонд уыд сæ алы къахдзæф дæр. «Эльбрус-иу арæх цуан кодта хъæддаг сырдтыл æмæ хаттæй-хатт уыдон фæдыл цæугæйæ ахызт паддзахадон арæнтæй. Мах зонæнтæм гæсгæ ног азы хæдразмæ Эльбрус ахызт хуссармæ Бурсамдзелы хохы ‘рдæм. Уым уый цуан кодта сырдтыл. Фæлæ стæй спутникон сигнал цыд æрмæстдæр иу бынатæй. Уавæрæн бамбарæн уыд дыууæ хуызы. Кæнæ Эльбрус амард, науæд та раппæрста йæ хъуырдарæн. Фæранк куы сæххормаг вæййы, кæнæ куы ссонт вæййы, уæд ис гæнæн æмæ раппара йæ хъуырдарæн. Уавæрæн рафæлгъауæн нæ уыд карз æрдзон уавæры аххосæй. Ацы аз Бурсамдзелы хохы алыварс бирæ мит æруарыд. Уымæ гæсгæ мах нæ экспедици рахастам майы мæймæ.

Хъыгагæн, ацы хатт дæр нæ къухты ницы бæрæггæнæнтæ бафтыд, нырма хæхтыл стыр мит кæй ис, уый аххосæй. Бæргæ бацыдыстæм уырдæм, фæлæ уыцы бынаты æрцыд стыр зæй æмæ нын дарддæр ацæуæн нал уыд. Немæ иумæ уыдысты бынæттон лæппутæ, Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд къорды кусджытæ, сæ сæргъ лæууыд Тедеты Тамерлан. Уыдон махæн стыр æххуыс бакодтой, сæ арæхстдзинадæй иттæг райгонд баззадтæн. Мах хъавæм августы мæйы райдианты ногæй уыцы бынатмæ бацæуын. Ныфс нæ ис, нæ хуссарирыстойнаг хæлæрттæ дæр та нын кæй баххуыс кæндзысты», – загъта Алим Пхитиков.

Журналистты цымыдис кодтой, проекты фæлгæтты фæранкы популяцийы тыххæй кæд хъавынц ногæй фæранктæ æрдзмæ рауадзын æмæ Хуссар Ирыстоны æрдзон климат уыдонæн цæй бæрц ахадгæ у.

Куыд зонæм, афтæмæй фæранк абон хаст у Сырх чиныгмæ. Кæддæр Кавказы ацы тугдзых сырд æмбæлд арæх, фæлæ фосдарджыты кæй хъыгдардта, уымæ гæсгæ сæ скуынæг кодтой. Фæстаг хатт ма фæранк амардтой 1952 азы Абхазы республикæйы территорийыл.

Фæлæ ма зонадон кусæг куыд загъта, афтæмæй æртæ азы размæ Джызæлдоны Гидроэлектростанцы видеокамерæты объективмæ бахаудта фæранк. Уым ногæй æвæрд æрцыд камерæ æмæ кæд уый сисын нæ къухы бафта, уæд уый уыдзæн стыр æнтыст.

Специалист журналисттæн   бамбарын кодта, нæ республикæйы кавказаг фæранкæн хорз цæрыны уавæртæ кæй ис. Проекты фæлгæтты, дам, Цæгат Кавказы иумæйаг ахуыргæнæндæтты уадзынц уроктæ, цæмæй фæсивæд сырды миниуджытимæ æмæ æрдзæн цы пайда у, уыдæттимæ зонгæ кæной.

Ногæй та æрдзмæ Кавказы хъæдтæм раззагазиаг фæранчы мыггаг сæндидзын кæныны программæйы фæлгæтты кæд рауадздзысты фæранкы къæйттæ, уый тыххæй та ахуыргонд афтæ зæгъы, зæгъгæ, ныртæккæ сочæйаг национ паркы хъомыл кæны æртæ фæранкы. Уæрæсейы æрдзон ресурсты æмæ экологийы, Хъæддаг æрдзон дунеон фонд æмæ Кавказы æрдзы центры специалисттæ уыдонмæ дарынц сæ хъус, цæмæй хъомыл кæной æрдзон уавæрты.

Журналисттæн æхсызгон уыд, йæ ныв нæ паддзахадон гербыл кæмæн ис, уыцы сырд æнæн-хъæлæджы Хуссар Ирыстоны территоримæ кæй рахызт. Уæрæсейæ æрцæугæ зонадон кусæг загъта, специалисттæ, дам, куыд амонынц, афтæмæй ацы хъæддаг сырдæн ис иттæг хорз генетикон зæрдылдарынад æмæ кæцыдæр рæтты кæд сæхæдæг никуы уыдысты, уæддæр сæ сæ сырды миниуджытæ бакæнынц уыцы бынатмæ. Чизоны æмæ ацы фæранкы раздæры фæлтæртæ дæр кæддæр цардысты Ирыстоны хæхты. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ гæнæн ис æмæ фæранк æрбахызт ногæй Цæгат Ирыстоны хæхтæм. Эльбрус ныртæккæ кæм ис æмæ цы уавæры ис, уый зын зæгъæн у. Камерæтæ æвæрд æрцыд куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны хъæдты дæр. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон фæ-дзæхст бынæтты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд Эльбрус удæгас разына, уæд æм æвналгæ ничи бакæндзæн, фæлæ йæм цæст дардзысты æмæ йæ хъахъ-хъæндзысты браконьертæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.