Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Босни æмæ Герцеговинайы Президиумы Сæрдар Милорад Додикæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент,

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ сæрма-гондæй мæхи номæй зæрдиагæй арфæ кæнын де 60 азы юбилейы цытæн.

Дæ хъуыддагон æмæ адæймагон миниуджытæ, поли-тикон интуици, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад Сербаг Республикæйы æппæт адæммæ равзæрын кодтой стыр авторитет æмæ цыты æнкъарæнтæ.

Уадз æмæ дын уды хъæддыхдзинад, энерги æмæ оптимизм æххуыс кæнæт паддзахадон фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн, дæ зонындзинæдтæ, фæндвидардзинад æмæ нысанмæтырнындзинад та дын уæт æнтыстджын куыстæн фидар бындур адæмы хæрзиуæгæн æмæ республикæйы кæной ног æнтыстытæм.

Ныфс мæ ис, Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæйæн кæй бантысдзæн æмгуысткæнынадæй пайда кæнын æмæ дыууæварсон ахастытæ дарддæр рæзын кæнын дыууæ бæстæйы адæмы хæрзиуæгæн.

Дæ гуырæн боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ æнтыстытæ дæ бæрнон паддзахадон архайды.

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæйæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Беллæ Владимиры чызг!

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ юбилейы цытæн.

Банысан кæнын мæ фæнды, ды дæ ахæм сылгоймаг, кæцы хайджын у куырыхондзинад, зæрдæхæлардзинад, адæймагуарзондзинадæй, кæцы йæ  алыварс адæмæн кæны хъармдзинад.

Дæ коллегæтæ æмæ демæ чи куыста, уыдон стыр аргъ кæнынц дæ профессионалон æмæ адæймагон миниу-джытæн, дæ интересты уæрæхдзинадæн. Аккаг аргъ кæнынц дæ компетенцийы фадыджы бæрнон хæстæ скъуыддзаг кæныны дæ æвидигæ хъарутæн, уыдонмæ æцæг сфæлдыстадон, æнæ-вæлмас ахаст дарынæн.

Дæ алыварсон зонындзинæдтæ, стыр куыстхъомдзинад, æцæг паддзахадон ахаст хъуыддагмæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон системæйы куысты бирæазон фæлтæрддзинад здæхт сты æвзарæн процессæн æмбæлон хорз уавæртæ саразынмæ, кæцы дзуапп дæтты конституцион бартæ реализаци кæныны æмбæстæгты домындзинæдтæн.

Ныфс мæ ис, дæ куысты цы хъарутæ хардз кæныс, уый дарддæр дæр здæхт кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы эффективон куыстмæ.

Ацы зæрдылдарæн бон дын, цытджын Беллæ Владимиры чызг, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ паддзахаддзинады сæйрагдæр институттæй сæ иуы дарддæры  рæзты»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.