ЦÆМÆЙ ФОС ХЫЗТ УОЙ ХÆЦГÆ НИЗТÆЙ

Ии ахæм низтæ, кæцытæ хæдзарон фосыл æмæ  хъæддаг цæрæгойтыл дæр  уæлдай тынгдæр сцырын вæййынц зымæджы æмбис æмæ уалдзæджы райдианы. Куыд адæймагæн, афтæ фосæн дæр зымæджы бонты сæ организм сцух вæййы витаминтæй. Уымæ гæсгæ сæм æмхиц вæййынц æндæр æмæ æндæр низтæ.

Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы, куыд хуыты африкæйаг емынæ. Уый аххосæй ныр цалдæр аз фæдфæдыл бирæ хуытæ фæмард вæййы. Ивгъуыд аз та Знауыры æмæ Цхинвалы районты ставдкъах фосыл бахæцыд нодулярон дерматит. Республикæйы къухдариуæгад афоныл самал кодта вакцинæтæ ацы тæссаг низы ныхмæ. Районы ветеринартæ вакцинаци ауагътой ставдкъах фосæн æмæ уый фæстиуæгæн низ фæстæмæ алæууыд. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæджы йæ фæзынды цаутæ нал уыд.

Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон хайады квалификациджын ветеринар Лолоты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй вакцинацийæ уæлдай афоныл æвæрд æрцыдысты карантинон постытæ. Цæрджыты ‘хсæн ветеринартæ ауагътой æмбарынгæнæн куыст æмæ, зæгъгæ, эпидеми æрнымæг ис».

Фæлæ ветеринар куыд амоны, афтæмæй уалдзæджы æрбалæудимæ æрдз куы райхъал вæййы, алыгъуызон уырынгонтæ æмæ æхсынчъытæ куы базмæлынц, фосыл хæцын куы райдайынц, уæд низ дæр фæактивондæр вæййы ногæй. Практикон æгъдауæй нодулярон дерматиты инфекци хæссæг сты æхсынчъытæ. Куыддæр æрдз хъарм кæнын райдайы, афтæ сфидар вæййы африкæйаг емынæйы вирус дæр. Уымæ гæсгæ уалдзæджы æрбалæудимæ Лолойы фырт куыд зæгъы, афтæмæйногæй бахъæудзæнис вакцинаци саразын ставдкъах фосæн.

Хуыты африкæйаг емынæйæ эффективон фæрæзтæ нырма нæй. Уымæ гæсгæ низ кæм фæзыны, уыцы территоримæ æввахс дыууын километры радиусыл куынæг цæуынц æппæт хуытæ дæр. Басудзынц сæ, йæ фæнык та сын уæрмы баныгæнынц чъыримæ хæццæйæ. Рынчын хуытæ кæм конд уыдысты, уыцы территори та дезинфекци скæнынц. Вирус хуыйы организммæ куы бахауы, уæд æмбæхст хуызы фæвæййы 2-5 боны. Африкæйаг емынæйæн ис дыууæ этапы. Фыццаг этап – æвиппайды амæлы, ницы йыл разыны, афтæмæй. Дыккаг карз формæйы та йæ температутæ 42 градусæй фæфылдæр вæййы, фæхуыфы, тыххæй фæулæфы, нал фæхæры, йæ фæстаг къæхтæ æндзыг кæнын райдайынц. Низ ахæссы 15-20 бон, стæй амæлы. Вирусæн йæ бон у æмæ мæры фæцæра 112 боны, хом дзидзайы 188 боны, фæздæгдзыд дзидзайы та 5 мæйы бæрц.

Специалист куыд зæгъы, афтæмæй вирус уазæлтты чысыл кæд æрнымæг вæййы, уæддæр нырма хи æрбасыр кæнынæн раджы у, хъуамæ хуыдарджытæ уой цырддзаст æмæ ситуаци та у контролы бын. Хъæуты цæрджытæ фæдзæхст æрцыдысты, цæмæй сæ хуыты уалдзæджы дæр хизынмæ ма уадзой, дарой сæ кондæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фосыл арæх бахæцы ахæм инфекцион низ, куыд æрраниз дæр. Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон хайад профилактикон куыстытæ ауагъта вакцинаци хъæддаг сырдтæн дæр, уымæн æмæ комкоммæ хъæддаг сырдтæ сты ацы тæссаг низы парахатгæнджытæ. Бирæгъ, рувас æмæ хъæддаг хуытæ арæх контакт кæнынц хæдзарон цæрæгойтимæ. Уый тыххæй сыл арæх цуан кæнынц адæм. Зымæджы хъæддаг хуытæ уæлдай уæндондæр вæййынц. Хъæдрæбын чи цæры, уыдонмæ бацæуынц суанг сæ кæртмæ. Хъомыл хъæддаг хуыйы уæз хæццæ кæны 100 килограммæ. Фæлæ, хъуамæ алчидæр зона, уæлдайдæр хъæдмæ ‘ввахс цы хъæутæ ис, уыдон цæрджытæ – хъæддаг хуы у фыдбылыз цæрæгой. Куы фæцæф уа, уæд тæссаг у адæймагмæ æрбалæбурынæй, знæтæй цæвы йæ сырæй. уыдон та йын афтæ фидар æмæ цыргъ вæййынц æмæ суанг бæласы хъæбæр цъар дæр иу цæфæн бахуынкъ кæны. Уæдæ хъæддаг хуытыл æмæ æндæр сырдтыл чи цуан кæны, уый хъуамæ зона хъæддаг сырдтæ канд знæт не сты, фæлæ ма гæнæн ис рынчын уой æрранизæй, кæнæ африкæйаг емынæйæ дæр.

Уымæ гæсгæ гæнæн ис йæ дзидза уа тæссаг.

«Хъæддаг сырды фыд цалынмæ лабораторион басгæрст не ‘рцæуа, уæдмæ хæрынæн нæ бæззы. Уымæн æмæ ничи зоны сырд цы низæй рынчын у. Цалынмæ ветеринары хатдзæг арæзт не ‘рцæуа, уæдмæ тæссаг у, уымæй хæрын», – зæгъы Лолоты Владимир.

Уый ма загъта, январы мæйы нæ Республикæйы 72 цæрæн пункттæм хæстæг вакцинæтæ æвæрд кæй æрцыд. Уыдон сты ахæм бынæтты хъæддаг сырдтæ арæхдæр кæдæм цæуынц. Сырд вакцинæ куы бахæра, уæд йæ иммунитет скусы хуыздæр. Вакцинæйыл хæццæ цæуы стуры сой, цæмæй йе смагмæ гæсгæ хуыздæр ссарой сырдтæ.

Лолоты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй сырдтæн вакцинæ æвæрд не ‘рцыд ахæм цæрæн пункттæ куыд Едыс, Ерман æмæ Синагуры. Уымæн æмæ уыцы хæххон бынæтты ныууарыд стыр мит æмæ куыддæр мит батайа, афтæ уыцы цæрæн пункттæ дæр вакинаци æрцæудзысты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.