Сырдтыл цуан кæнын алы рæстæджы дæр алкæцы адæммæ дæр уыдис. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у, сырды фыд сын сæ фынг дзадджын кодта, уыимæ йæ æрдз лæвæрдта лæварæй æмæ сæйраг уый уыд. Ирон адæм дæр хæхты цъассыты, карз зынвадат æрдзон уавæрты цæргæйæ, сæ цард бастой цуан кæнынимæ. Ныры дуджы бирæтæ сæ фырхъалæй цуан кæныны охыл æхсæнгарз сæ къухмæ куыд райсынц, уæд афтæ нæ уыд. Нæ фыдæлты-иу цуан кæнын бахъуыд сæ тыхст уавæрмæ гæсгæ æмæ-иу кæд сæ цардæн дæр тæссаг уыд, уæддæр ыл сæ къух нæ истой. Къоста æнæхъуаджы нæ фыста, зæгъгæ, цуанон лæг мæрдтæм хæстæгдæр цæры, йæ мард та уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны.

Ирон адæмы царды цуанонтæ æмæ цуанкæныны æгъдæуттæ стыр бынат кæй ахстой, уый ирдæй зыны ирон адæмон сфæлдыстады дæр. Дзырдæн, зæгъæм, нæ рагфыдæлтæм – скифтæм цуан кæныны куыст уыдис тынг бæрзонд æвæрд, уымæн æмæ уый уыд сæ царды фæрæз. Геродот куыд фыссы, уымæ гæсгæ, скифтæй цæугæ цард чи кодтой, уыдон цардысты фыдызгъæл æмæ æхсырæй, фæлæ нæ хордтой стуры æмæ хуыйы фыд дæр. Цардысты æрмæстдæр сырды фыдæй. Мингай азты размæ, суанг ма æрæджыйы онг дæр, фылдæр адæм цуан кодтой сæ фырмæгуырæй, уымæн æмæ сæ бинонты цæмæй фæдарой, уымæн сæйраг-дæр мадзал уыдис цуан кæнын, кæд зæххы куыст кæнын райдыдтой, уæддæр. Фæлæ мæгуыр адæмæн цуан кæныны бар нæ уыыд: зæххытæ, хъæдтæ, хæхтæ иууылдæр уыдысты паддзæхты, æлдæртты, бонджынты æмæ-иу мæгуыр лæджы цуан кæнгæ куы æрцахстой, уæд-иу æй карзæй бафхæрдтой. Цуанæтты цард, се ‘гъдæуттыл, сæ уаг æмæ куыстыл бирæ фæфыстой уырыссаг литературæйы классиктæ Тургенев, Пушкин, Некрасов, Лев Толстой, Гоголь, Пришвин æмæ æндæртæ. Ирон адæммæ незаманты фæзындис цуан кæнын æмæ арф, æнæмæлгæ фæд ныууагъта нæ адæмы царды, нæ историйы, нæ зонды æмæ удыхъæды, не ‘гъдæуттæ æмæ не ‘взаджы. Уымæн хорз æвдисæн у, дзыхæй дзургæ адæмон сфæлдыстад – цуаноны темæ дзы ахсы сæрмагонд бынат. Уый ма сæрмагонд бынат ахсы нарты эпосы дæр. Хъæддаг сырдтæ æмæ мæргътыл ирон адæм рагæй æмæ арæх кæй цуан кодтой, уый баст уыдис сæ царды хицæн миниуджытимæ. Зæгъæм нартæ кæнæ хъуамæ хæцгæ кодтаиккой, кæнæ хъуамæ цуаны цыдаиккой. Стæй уыцы рагзаманты нæ хæхбæсты тынг бирæ уыдис хъæддаг сырдтæ, суанг ма домбайтæ дæр…

Хæхбæсты зæхх уыдис тынг кадавар. Хуымзæххытæ, сæрвæттæ нæ фаг кодтой. Бинонты та дарын хъуыд æмæ сын цуан кæнын тынг æххуыс кодта уыцы хъуыддаджы. Зын æмæ тæссаг уыдис цуан кæнын, фæлæ хуыздæр фæрæз кæм уыди. Хæххон адæмæн сæ хъысмæт, сæ цардыуавæртæ афтæ уыдысты æмæ сын цуаны æнæцæугæ нæ уыдис.

Хæххон адæмтæй фос кæмæ уыд, уыдон дæр фыдызгъæл арæх нæ хордтой, уыйбæрц сæ сæ къух нæ амыдта. Кусарт кодтой æрмæст стыр бæрæгбонты, куывдты, чындзæхсæвты, зианы рæстæджы. Уымæ гæсгæ цуан кæнын афон (тынгдæр цыдысты фæззæджы æмæ зымæджы) нæлгоймæгтæй йæ бон кæмæн уыд, чи арæхст, уыдон цыдысты цуаны. Сырд-иу куы амардтой, уæд-иу бæрæгбон уыдис, куыд сæ бинонтæн, афтæ сыхæгтæн дæр. Цуан та кодтой дзæбидыртыл, сагтыл, сæгуыттыл, сычъитыл. Бирæгътæ æмæ рувæсты та мардтой сæ цармы тыххæй.

Уæдæ, цымыдисон у дзырд «цуанон»-ы равзæрд ирон æвзаджы. Абайты Васо куыд амоны, уымæ гæсгæ ацы дзырд равзæрд «цæуын»-æй. Æмæ уæд куыдзы та цæмæн хонынц «цуанон». Адæймаг сырды фæд ссарынмæ, йе ‘рцахсынмæ, кæнæ марынмæ йæ куыдзы кæнын кæй райдыдта, уый дæр йемæ æмдзу кæй кодта, уымæ гæсгæ йыл чи зоны, цуанонтæ сæхæдæг сæхи æвзагыл ахæм ном сæвæрдтой æмæ уый дæр хонын райдыдтой «цуанон».

Нарты кадджыты дæр бæрæгæй зыны, сæ уарзон куыстытæй иу цуан кæнын кæй уыдис, уый. Сырдты бардуаг Æфсатийы сурæт æвдыст цæуы бирæ кадджыты. Нартæн сырдтæй куыд райдыдта хай кæнын, уый зыны Сосланимæ йæ ныхасы: «Бахай кæндзынæн æз Нартæн мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ.  Цуаны куы цæуа, уæд-иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ-иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд, стæй-иу Сау хохы сырд куы амара, уæд-иу ын йæ рахиз сгуы радтæд, фыццаг ыл чи сæмбæла,  уымæн æмбæл-лæггаг», загъта Æфсати Сосланæн.

Уæдæй фæстæмæ нарт пара-хатæй пайда кодтой Æфсатийы фосæй. Сæ уарзон куыстытæй иу уыдис цуан кæнын.

Цуан кæнын ирон адæммæ ссис традицион, хистæр фæлтæртæ йæ фарны тырысайау лæвæрдтой кæстæр фæлтæртæм æнусæй æнусмæ æмæ æрхæццæ абоны онг. Сæ уды скондмæ дæр сæм æввахс лæууыд уымæн æмæ сын фадат уыд лæгдзинад, сгуыхтдзинад, хъæбатырдзинад равдисынæн.

Цуанонæн сырды мард æрмæст фыдызгъæл нæ уыд, фæлæ ма йын йæ цармæй хуыдтой уæлæдарæс, къахыдарæс. Ирон адæм цуанкæныныл тынг æнувыд кæй уыдысты, уымæн ма ноджыдæр иу æвдисæн у, сырдты бардуаг Æфсати, Ирыстоны нымад æмæ кадджын бардуаг кæй у. Уымæн ыл скодтой зарджытæ дæр.

Рагæй фæстæмæ ирон адæмæй йæ сæрмæ ничи хаста сырдтыл цуан кæнын. Цуан кодтой дзæбидыртыл, сычъитыл, сæгуыттыл, хъæддаг хуытыл, рувæстыл, бирæгътыл. Фæлæ сæм раздæр æппæты кадджындæр сырд уыдис саг: уæд Ирыстоны хæхты бирæ уыд ацы сырд.

Цуанон аккаг бынат кæй ахсы ирон адæмы царды, уый зыны æмбисæндты дæр.

Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу цуанкæнгæйæ цавæрдæр бынат цуаноны зæрдæмæ куы фæцыд æмæ-иу æй цæрынæн куы рав-зæрста. Уымæн æвдисæн Дзауы районы Сыгъдты хъæуы бындурæвæрæг дæр кæй уыд хорз цуанон Къæбыс. Къæбысты мыггаджы рагфыдæл Къæбыс хорз цуанон уыд. Иу хатт хъæды цуаны цæугæйæ бафтыд, дон кæм уыд, ахæм ранмæ. Уырдæм-иу сагтæ æрцыдысты æмæ ривæд кодтой. Къæбыс-иу саг амардта æмæ-иу æй Хуыцъемæ æрхаста. Стæй дзы ссардта мæнæуы æфсиртæ. Бæстæ йæ зæ-рдæмæ тынг фæцыд æмæ ныллæууыд хъæд цæгъдыныл æмæ судзыныл. Стæй дзы хæдзар сарæзта, афтæмæй цадæггай сырæзт хъæу æмæ йæ рахуыдтой Сыгъдтæ, хъæды сыгъдмæ гæсгæ. Ирыстоны бирæ дæсны цуанæттæ уыдис æмæ-иу сыл скодтой зарджытæ дæр. Ахæмтæ Уыдысты Дзудты Кудзи, Хетæгкаты Гуыйман, Зораты Дзоццæ æмæ æндæртæ дæр. Уæдæ, цуан кæныны æгъдау нæ фыдæлты царды ахста ахсджиаг бынат.

Æрмæгыл бакуыста

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.