Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы уæлдай хуыздæр йæхи чи равдыста, уыцы кусджыты.

Уыдонæн арфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта фæндаг аразджыты куысты ахсджиаг-дзинад.

«Уе ‘рвылбонон фæллойæ сымах ифтонг кæнут фæндагон хæдзарады æвæстиат куыст. Æнтыстджынæй реализаци цæуынц уæ разы лæууæг хæстæ. Æрмæст Къуайсамæ автомобилон фæндаджы арæзтад дæр у стыр кад æмæ номы аккаг. Сымах куыстат æхсæвæй бонæй, уыцы цыбыр æмгъуыдмæ бакодтат куысты стыр хай», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый фæндагаразджытæн бузныджы ныхæстæ загъта сæ профессионализм æмæ арæхсты тыххæй, йæ цæст сын бауарзта хорз æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Фæндаг аразыны фадыгмæ сæ хайбавæрды æмæ йæ бирæазон намысджын куысты тыххæй РХИ-йы Президент «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт аразæджы» кадджын номæй схайджын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы машинист Плиты Лерикы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыд Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкс-построй»-йы кусæг Танделаты Маирбег.

«Фыдыбæстæйон хæсты Хуссар Ирыстоны адæмы уæла-хизы 10 азы сæ-раппонд» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны 25 азы сæххæсты сæраппнод» паддзахады сæргълæууæджы къухæй майдантæ райстой Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы шофыртæ, машинисттæ æмæ оператортæ дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.