Республикæйы сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитет йæ коллегийы хыгъдон æмбырды æркаст аивгъуыйгæ азы куысты фæстиуджытæм. Комитет куыста йæ дæлведомствæйон сæудæджерадон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнын, бакусын æмæ сын анализ кæныныл. Йæ дæлбар цы куыстуæттæ ис, уыдон та, сæйраджыдæр сты, арæзтадон æмæ хæлцады къабæзтæм чи хауынц, ахæмтæ. Афтæ ма республикон паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» æмæ «Хуссар Ирыстоны автомобилон транспорты управлени».

Хыгъдон азы комитеты дæлбар куыстуæттæй финансон-хæдзарадон архайд æххæст кодтой паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Бæгъиаты суары завод», «Электровибромашинæ», «Арæзтадон æрмæджыты завод» æмæ «Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинат».

Афæдзы дæргъы цы продукци рауагъдæуыд, уыдонæн иууыл иумæ сæ аргъ уыдис 183961,2 мин сомы.

Дзулфыцæн комбинаты архайдыл дзургæйæ, Санахъоты Батрадз банысан кодта, зæгъгæ, куыстуат уагъта æмæ реализаци кодта продукцийы сæйраг ассортимент – дзулы, дзул-булкæйы æмæ кондитерон адджинæгты 56 хуызы. Хыгъдон рæстæджы йын бантыст кондитерон хæринæгтæ 195,5 тоннæйы рауадзын, уый та у 2017 азимæ абаргæйæ 8 проценты фылдæр. Дзул та рауагъдæуыд 2784,3 тоннæйы, ома, 3 проценты фылдæр уыйразмæ азимæ абаргæйæ.

Цы продукци среализаци кодта куыстуат, уымæн йæ иумæйаг аргъ уыдис 95191,9 мин сомы аргъ. Уый та у 6 проценты фылдæр уый-размæ азимæ абаргæйæ.

Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ фæфылдæр сты арæзтадон æрмæджыты заводы продукцийы рауадзгæ гуырахст дæр. Уый та баст уыдис, республикæйы территорийыл арæзтадон-æндидзынгæнæн процессмæ куыстуат активонæй баконд кæй æрцыд, уыимæ. Куыстуат уыдонæн цæттæ кодта гъæдджын арæзтадон æрмæджытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз куыстуат план кæны рауадзгæ продукцийы гъæд ноджы фæхуыздæр кæныны фæдыл мадзæлттæ сæххæст кæнын,  афтæ ма сæ продукцийæн ног æлхæнджытæ – куыд физикон, афтæ юридикон цæсгæмттæ дæр ссарын. Сæудæджерады кондадон гуырахсттæ рæзын кæнын, бынæттон æмæ уæрæсейаг базæртты йын йæ конкурентхъомдзинад бæрзонддæр кæныны нысанæн, Санахъоты Батрадзы ныхæстæм гæсгæ, комитеты кусджытæ сæ дæлведомствæйон куыстуæтты разамонджытимæ бацæттæ кодтой æмæ республикæйы разамынадмæ бавдыст æрцыд «Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты дæлведомствæйон сæудæджерадон куыстуæтты рæзты программæ». Ацы программæмæ гæсгæ хъуамæ модернизаци æрцæуой æмæ дарддæр рæзой паддзахадон унитарон куыстуæттæ Цхинвалы хъæдкуысты комбинат æмæ Бæ-гъиаты суары завод.

Цæрджытæн лæггæдтæ фæхуыздæр кæныны нысанæн комитеты транспортон хайады кусджытæ регуляронæй анализ арæзтой паддзахадон унитарон куыстуат «Хуссар Ирыстоны автомобилон управлени»-йы транспортон фæрæзты техникон уавæрæн, афтæ ма баконд æрцыдысты уæлæмхас мидреспубликон автобусон маршуттæ дæр.

Комитеты сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы æппæт районтæм дæр бæлццæттæ ласт цыдысты 12 маршруты. Аивгъуыйгæ азы бæлццæттæ ласынæй æфтиæгтæ уыдысты 34885,5 мин сомы, уый та у 3,4 проценты фылдæр 2017 азимæ абаргæйæ. Бæлццæттæ фылдæр кæй аластæуыд, уый баст уыдис 14 ног автотранспортон фæрæзтæ кæй райстой, уыимæ. Уыдонæй 3 сты «Форд» маркæйы комфортон автобустæ, кæцытæ цæуынц Цхинвал-Дзæуджыхъæу маршрутыл.

Электроэнергетикæйы къабазы аивгъуыйгæ азы цалцæггæнæн-эксплуатацион куыстытæ æххæст æрцыдысты электроадæттæн хаххыл, афтæ дæлстанцты дæр. Раивд æмæ æвæрд æрцыдысты 2240 хынцæн электронон приборы.

Уымæй дарддæр ма нысанмæздæхт куыст цыдис электроэнерги хынцын æмæ дзы пайда кæныны цухдзинæдтæ раргом кæныны фæдыл. Электроэнергийы технологион сæфтытæ фæкъаддæр кæнын, бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонтæ æмбырд кæныны бæрæггæнæнтæ хуыздæр кæныны фæдыл къамисы уæнгтæ, паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы кусджытимæ цыдысты бынæттæм æмæ уагътой мадзæлттæ.

Хыгъдон æмбырды хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг зкономикон рæзты министр Бекъойты Геннади æмæ æвæрццаг аргъ скодта комитеты куыстæн. Банысан кодта йæ ахсджиагдзинад паддзахады экономикон системæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты архайд æххæссы бирæ здæхтытыл. Ацы къабазæн, зæгъгæ, йæ нысан у алыгъуызон æхсæнадон æмæ индивидуалон домæнтæ ифтонг кæнын. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ ахсджиагыл банымадта, цæмæй комитеты куыст кæддæриддæр цæуа штатон режимы, Хицауад та, зæгъгæ, йæ рады æххуыс æмæ ахъаз кæндзæн, ацы къабазы цы фарстатæ æвзæра, уыдон скъуыддзаг кæнынæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.